Цыппурсæй къуыри фæстæдæр, ирæттæ фæкæнынц Ногбон. Бæрæгбоны размæ ома,  13 январы æхсæв вæййы уæлдай уæлфæдзæхстондæр. Уæдмæ æфсинтæ дзуллаг ссады хыссæйæ скæнынц адæймаджы, цæрæгойты æмæ хæдзарон дзаумæтты сурæттæ. Æппæты стырдæр фæхуыйны деда, иннæтæ – лæппынтæ, сæ иуæй-иуты та фæхонынц зæхгуысты алы кусæнгæрзты нæмттæй. Уыдон раттынц, хуым чи фæкæны, уыдонæн. Скæнынц ма цыхтджын гуылтæ æмæ сæ фæхонынц басылтæ æмæ стыр гуыдын æртхурон. Бахæрынц æй æрмæстдæр хи хæдзары бинонтæ. Æртхурон комкоммæ тæлмацæй нысан кæны “хуры зынг – хуры хъæбул”

Цымыдисаг у, фыцинаг гуыдыны цы алы-алцытæ æвæрдтой, уый: парахатæй йын-иу æрцæттæ кодтой, сой, æйчытæ, дзæрнафых нæмгуытæ. Бинонтæй дзы-иу алкæмæ дæр æрхаудта стыр карст æмæ-иу йæ æнæмæнг хъуамæ бахордтаид. Æртхуронмæ магион тых уыди,  æмæ-иу йæ хай чи бахордта, ууыл йæ ног аз хорзæй кæй ацæудзæн, уый сæ уырныдта. Уый тыххæй-иу чъирийы цыхтимæ бавæрдтой фидæны амонды фæсномыг нысантæ – æвзист æхца, къуымбилы бындзыг, хъуымацы гæбаз. Æмæ æууæндыдысты: гуыдыны хайимæ цы лæвар æрхауа, ног аз уымæй уыдзæн хайджын. Бон æрбацъæх, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ размæ арт скодта. Фæсивæд сæхи фæцæттæ кæнынц арт кæнынмæ. Уæдæ кæй арт стырдæр уыдзæн? Хъæу-иу ныррухс дæсгай æмæ дæсгай æртытæ сæхи арвы хъæбысмæ ивæзтой. Хистæрæй кæстæрмæ-иу арты алыварс нытымбыл сты.

Хæдзæртты дуæрттæм-иу æртытæ куы ахуыссыдысты, уæд-иу къонайы кæнæ пецы бавæрдтой ногбоны къодах, ома, фидæн аз хæдзар сугхъуаг нæ уыдзæн, сæ къона сæ тавдзæн, сæ хæдзар уыдзæн рухс. Куы баизæр, уæд-иу бинонтæ фынджы алыварс æрæмбырд сты. Лæгтæ-иу фынгты уæлхъус рабадтысты. Хистæр-иу фæткмæ гæсгæ бирæ фæкуывта,  ног аз уын бирæ хорздзинæдтæ æрхæссæд, зæгъгæ сын-иу фæарфæтæ кодта.

Ногбон æхсæв хъæлдзæг бæрæгбон у. Фæсивæд-иу сæ уæлæ, куыд ничи сæ базыдтаид, афтæ алыгъуызон дарæс скодтой æмæ-иу хæдзæрттыл зылдысты заргæйæ.

Бинонтæ-иу Ногбон бирæ фæбадтысты, райсомæй-иу сæ раздæр чи ахызт æддæмæ, уый-иу æрбацыд лыстытæ, хъæмп кæнæ хоры нæмгуытимæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты бапырх кодта, уал æмæ уал хорзы хæдзарыл æрцæуæд. Ног азы бон нæлгоймæгтæ фæцæуынц кæрæдзимæ арфæтæ кæнынмæ. Уымæй сæ уырны, ног азы дæ къæсæрæй фыццаг чи æрбахиза, уымæн кæд амондджын къах ис, уæд амонд æрбахæсдзæн, иннæйы æрбацыд та фыдбылызы хос фæуыдзæн. Ахæм хуызы аргъ кодтой дыккаг боны архайдтытæн дæр. Уæвгæ ныхас боныл нæ цæуы фæлæ ирæттæ, Фыссæн æхсæв (ома, хъысмæт нывгæнæн) кæй хуыдтой, ууыл. Уыцы æхсæв чызджытæ сагъæс кодтой сæ фидæны амондыл. Скодтой-иу цæхджын гултæ. Гуылтæ хъуамæ æнæдзургæйæ бахордтаиккой æмæ-иу уый фæстæ бафынæй кодтаиккой. Чызг-иу тынг сдойны æмæ-иу фыны уыдта йæ фидæны царды нывтæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æдзух дæр-иу уыди амондджын.

Диссаджы хорз æгъдæуттæ уыд ирон адæммæ æмæ нæ зæрдиагæй фæнды, цæмæй сæ ма рох кæнæм æмæ сæ æххæст кæнæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.