Нæ республикæйы коронавирусы инфекцийы аххосæй  скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ æхгæд кæй æрцыдысты, уый тыххæй бирæ ныййарджытæ  цалдæр мæйы дæргъы нæ куыстой. Фæлæ рæстæг куыд амыдта, афтæмæй цалдæр мæйы карантины фæстæ скуыстой нæ республикæйы сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ уый æмрæнхъ республикæйы къухдариуæгад сфæнд кодта нæ горæты скъола интернаты базæйыл сæрдыгон лагерь бакæнын. Кæй зæгъынæй хъæуы, ацы хъуыддаг хорз æнкъарæнтимæ райстой нæ горæты цæрджытæ. Уый хорз ахъаз фæцис сывæллæттæн сæхицæн дæр. Лагермæ ист цыдысты 7 азæй 11 азмæ кары сывæллæттæ. Кæд фыццаг къорды 140 сывæллоны бæрц улæфыд,  æмæ дих æрцыдысты 7 дæлхайыл, уæд дыккаг къорды сывæллæтты  нымæц та фæфылдæр ис. Алкæцы къорды дæр улæфæн рæстæг уыд дыууæ къуырийы. Сæрдыгон лагеры арæзт æрцыдис æппæт уавæртæ дæр  сывæллæттæн, цæмæй  хъомылгæнинæгтæ сæ рæстæг æрвитой хъæлдзæгæй.

Ныййарджытæ-иу сывæллæтты лагермæ æрбакодтой райсом 9 сахатмæ æмæ-иу изæры 6 сахатмæ сæ рæстæг æрвыстой уым. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ, иннæ азтимæ абаргæйæ, ацы аз лагерь йæ куыст адарддæр кодта изæры 6 сахатмæ, цæмæй ныййарджытæн сæ куыстыты фæстæ фадат уыдаит сæ сывæллæтты лагерæй ракæнын.

Ацы къуырийы кæрон  скъола-интернаты базæйыл уæвæг сæрдыгон лагерь «Солнышко»-йы куыст кæронмæ бахæццæ. Лагерь æхгæд хъуамæ æрцыдаид ацы къуыри майрæмбоны, фæлæ 2008  азы хæстон архайдтытимæ баст фыдохы мадзæлтты тыххæй æмæ нæ республикæйы æхсæнад   РХИ-йы адæмон нывгæнæг,  нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг, Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы директор Кæсойты Лавренты йæ фæстаг фæндагыл кæй фæндараст кодта, уый тыххæй цыппæрæмы  ауагътой лагеры куыст сæхгæныны фæдыл хиирхæфсæн мадзал.

Хиирхæфсæн мадзалы райдианы нæ республикæйы  Зонад æмæ ахуырады министрады уæлæмхас æмæ хъомылады  хайады сæргълæууæг Джиоты Эльзæ банысан кодта, лагеры хъомылгæнинæгтæ сæхи кæй равдыстой æвæрццагæй, æмæ бузныг загъта ныййарджытæн, ахæм хорз хъомылад кæй дæттынц сæ кæстæртæн, уый тыххæй. Загъта, зæгъгæ, лагеры сывæллæттимæ куыстой, йæ куыст хорз чи зоны, ахæм ахуыргæнджытæ, уыдонæй алчи дæр тырныдта йæ куысты рæстæджы, цæмæй сывæллæттæ райсой хорз зонындзинæдтæ æмæ зæрдæйы уаг. Тырныдтой, цæмæй сывæллæттæ cæ рæстæг æрвитой æрмæсттæр нысанмæздæхтæй.

Лагеры хистæр раздзог Харебаты Маринæ дæр хъарм ныхæстимæ сæмбæлд лагермæ æрбацæуæг ныййарджытыл. Уый раарфæ кодта сывæллæттæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, лагеры архайæг ахуыргæнджытæ æмæ кусджытæ æппæт дæр арæзтой, цæмæй сывæллæттæ сæ улæфт бонтæ æрвитой хорз æмæ хъæлдзæгæй.  Лагеры ахуыргæнджытæй алчи дæр стыр хайбавæрд бахаста хиирхæфсæн мадзалы конкурстæм. Къордты раздзогтæ  сæ хъомылгæнинæгтимæ æх-хæст кодтой цыбыр театралон равдыстытæ, уагътой сын алыгъуызон конкурстæ, кæцыты фæстæ-иу хуыздæрты схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Мадзалы райдианы сывæллæттæ сæххæст кодтой ирон националон кафт «Симд», мадæлон æвзагыл дзырдтой æмдзæвгæтæ, æххæст кодтой  патриотикон зарджытæ. Лагеры хъомылгæнинæгтæй алкæцы дæр стыр бæрндзинад равдыста йæ  ролтæм, уыдонæй алчи дæр æнæрхъæцæй æххæст кодтой сæ разы æрæвæргæ хæстæ. Æмæ сыл æмдзæгъд æмæ хъæлдзæг зæрдæйы уагимæ æмбæлдысты мадзалмæ æрбацæуæг ныййарджытæ.

ТАНДЕЛАТЫ Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.