Зындгонд куыд у, афтæмæй Цхинвалы районы Ирыхъæуы арæзт æрцыд ног бронкалæн полигон.  Ардæм цардуагон брæттæ ласт цæудзысты Цхинвалæй æмæ йæ алыварс цы хъæутæ ис, уырдыгæй. Полигон нырма нæ кусы, фæлæ дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Ацы бонты та йæ фарсмæ арæзт цæуы хъæбæр коммуналон хауæддзæгтæ кæм æвзардзысты æмæ хицæн кæндзысты, ахæм фæзуат.

Ивгъуыд аз, ацы хъæуы ног полигонæн рахицæн æрцыд æмæ уæрм скъахтæуыд 3,5 гектары фæзуатыл. Арæзт ма дзы æрцыдис модулон конструкцитæй лæггадгæнæг персоналæн административон цардуагон комплекс, афтæ ма объектмæ  арæзт æрцыд фæндæгтæ дæр. Сæмбонд ын кодтой йæ алыварс иууылдæр, сæвæрдтой дзы трансформатор. Арæзтадон куыстытæ æххæст кодта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Цхинвалы арæзтадон компани». Объект арæзт цыдис 2018-2019 азтæн РХИ-йы социалон экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицон программæйы фæлгæтты æмæ йын рахицæн æрцыд 155 милуан сомы.

Фæлæ полигон кусын райдайдзæнис йæ фарсмæ брæттæ пресс кæнын æмæ æвзарынæн фæзуат арæзт куы æрцæуа, уæд, цæмæй экологийæн зиан ма хæсса. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ам цы технологитæй пайда кæной, уыдон фадат ратдзысты, цæмæй брæттæн ссудзынæй тас ма уа æмæ алфæмблай дунейæн зиан ма хæсса. Ацы фæзуат саразынæн та, ныры архайæг Инвестпрограммæйы рахицæн æрцыд 52 милуан сомы.

Генералон подрядон организаци у Цхинвалы хæдзарадон управлени, уымæн æмæ горæты администрацийы ацы структурон дæлхай йæхæдæг эксплуатаци кæндзæн объекттæ. Ныртæккæ ам зæхх къахынц ангары бындурæн. Арæзт цæудзæн цæттæ конструкцитæй. Æдæппæт фæзуат уыдзæнис 1500 квадратон метры. Æвæрд дзы уыдзысты сæрмагонд ифтонггæрзтæ. Арæзтады прораб Æрсойты Инал куыд зæгъы, афтæмæй брæтты пресс кæндзысты æмæ сæ араздзысты сæ уæз тоннæйы бæрц кæмæн уыдзæн, ахæм тюктæ. Афтæмæй сæ ныгæндзысты цы стыр уæрм скъахтой, уым.

Æппæт куыстытæ дæр ам хъуамæ фæуой фидæн азмæ. Уымæн æмæ йæ арæзтадæн проектмæ гæсгæ лæвæрд цæуы афæдзы бæрц.

Брондонæн йæ эксплуатацийы æмгъуыд у 25 азы. Фæлæ брæтты кæй æвзардзысты æмæ пресс кæндзысты, уымæ гæсгæ уыцы æмгъуыд зынгæ фæфылдæр уыдзæн.

Ныр арæзтцæуæг объект аскъуыддзаг кæндзæнис республикæйы кондадон æмæ цардуагон брæттæ утилизаци кæныны хъæуæг домæнтæн дзуапп чи дæтдзæнис., ахæм бронкалæны, проблемæ. Нырмæ горæты алыварс æндæр æмæ æндæр бынæтты æнæ контролæй арæзт цыдысты бронкалæнтæ. Фæстаг дæс азы дæргъы та горæтæй брæттæ ласт цæуынц йæ цæгатварсы ‘рдæм. Йæ хъус æм ничи дары æмæ дзы сырæзт брæтты хох. Рæстæгæй-рæстæгмæ уый ссудзы æмæ зынгæ зиан ракæны экологийæн. Ацы аз дæр дзы уыд зынгсирвæзт. Горæты сæрмæ цыдис сау фæздæг æмæ хъæстæ кодта алцыдæр. Йæ тæф ын æнкъардтой горæты центры дæр. Зынгхуыссынгæнджыты хъаруджын архайы руаджы цалдæр боны фæстæ, уый бантыст аххуыссын кæнын. БАМ æмæ Мæскуыйаг микрорайонты цæрджытæ арæх хъаст кæнынц ацы брондонæй сæм тæф кæй хæццæ кæны, уый тыххæй.

Ног бронкалæн полигон аразын кæй хъуыд, ууыл æхсæнады арæх дзырдтой, уынаффæ йыл цыдис, Хицауады æмвæзадыл дæр. Алыгъуызон фæндæттæ хаст цыдис кæм арæзт æрцæуа, уый фæдыл. Фæлæ кæм фæзуат нæ фаг кодта, цæмæй дзы бирæ рæстæджы дæргъы пайда цыдаид, кæм та цæугæдонмæ хæстæг къулран уыдис æмæ дзуапп нæ лæвæрдта санитарон нормæтæ æмæ фæткойтæн. Ирыхъæумæ хæстæг цы зæххы фадыг æвзæрст æрцыд, уый специалистты хъуыдымæ гæсгæ дзуапп дæтты æнæмæнгхъæуæг домæнтæн. Присы хъæуæй у 2,5 километры æддæдæр, Цхинвал æмæ Дменисы хъæумæ та у цыппар километры дæрддзæгæн. Афтæмæй хъахъхъæд цæуы санитарон хъахъхъæнæн зонæйæ цæрæн хæдзæртты онг. 4-5 къласы тасдзинады брæттæ утилизаци кæнынæн æппынкъаддæр хъуамæ уа 500 метры. Ахæм брæттæ та ныгæд цæудзысты ацы брондоны. Ахсджиаг ма у уый дæр æмæ ацы бронкалæн тынг дард кæй нæ у горæтмæ. Бронкалæн машинæтæ йæм цæудзысты арæх æмæ дард ран куы уыдаид, уæд æртаг-сæрдæн æрмæджыты æмæ кусæг персоналы ласыны хæрдзтæ дæр сырæзтаиккой. Уымæй та фæфылдæр уыдаиккой брæттæ ласыны тыххæй тарифтæ.

Ирыхъæуы бранкалæн полигоны арæзтады тыххæй уынаффæ ист æрцыд 2018 азы. Уый уæд катайдзинад сæвзæрын кодта ардæм хæстæгдæр хъæуты цæрджытæм. Уыдон тарстысты, зæгъгæ, ацы бронкалæн дæр уыдзæн уый размæйы бронкалæнты хуызæн. Фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй æппæт мадзæлттæ дæр ист æрцыдысты, цæмæй брæттæ экологион æгъдауæй æдасæй утилизаци цæуой. Сæ пресс кæнын æмæ æвзарыны метод фадат мауал хъуамæ радта зынгсирвæзт æруадзынæн æмæ æнуд тæф парахат кæнынæн. Æмæ афтæ дæр хъуамæ уа. Ахæм проектыл цæуы арæзт æмæ уымæй горæты цæрджытæ дæр æппынфæстаг райсдзысты, санитарон æмæ экологион домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм бронкалæн полигон.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.