Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæн сæ фылдæр сты Уæрæсейы Федерацийы  æмбæстæгтæ. Пандемийы рæстæджы УФ президент Владимир Путины сæрмагонд барамындмæ гæсгæ 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæн фиддонты хуызы лæвæрд цыд 10-гай мин сомы. Уый тыххæй ныййарджытæй сæ иу куырдиат хъуамæ балæвæрдтаид социалон лæггæдты фондмæ. Ацы процедурæйæн саразæн уыд дистанцион хуызы дæр. Уый тыххæй бахизын хъуыд «Госуслуги»-ты сайтмæ. Уый тыххæй та хъуыд «Мир» картæ бакæнын, уый та нысан кодта уæлдай хæрдзтæ. Уыцы фадæттæ алкæмæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ бирæтæ æнхъæлмæ кастысты арæны ба-кондмæ.

Ныййарджытæй куырдиæттæ чи нæма ныффыста, уыдоны хъæуы фæтагъддæр кæнын. Уымæн æмæ Цæгат Ирыстоны МФЦ – куыд хъусын кæны, афтæмæй уыдон куырдиæттæ исдзысты æрмæстдæр 30-æм сентябрмæ.

Цы гæххæттытæ бацæттæ кæнат, уыдонимæ хъуамæ æнæмæнгдæр уа картæ «Мир»-ы реквизиттæ дæр. Куырдиат лæвæрд цæуы «Госуслуги»-йы порталмæ æрмæстдæр иу хатт, уый фæстæ мæйты фиддонтæ автоматикон æгъдауæй цæудзысты сæхæдæг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.