Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-4 1-æм августы банысан кодта йæ 10 азы юбилей. Цытджын мадзалы хайад райстой РХИ-йы Хицауады сæрдар Джуссойты Константин æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.
Нæ республикæйы царды ахсджиаг цау уыдис, хуыйæн фабрикæ 10 азы размæ йæ дуæрттæ кæй байгом кодта, ногæй та продукци уадзын кæй райдыдта. Ацы фабрикæ, куыд зонæм, афтæмæй байгом зынгæ ирон амалиуæггæнæг Боллоты Таймуразы æххуысы руаджы. Уый ныр ифтонг у нырыккон хуыйæн ифтонггæрзтæй æмæ дзы сæхицæн куыст ссардтой 500 адæймаджы бæрц.
Куыстуат банысан кодта йæ 10 азы юбилей

Абон БТК-4 нымад цæуы социалон проектыл, у РХИ-йы сæудæджерады сæйраг флагман. Не ‘мзæххон амалиуæггæнæг Боллоты Таймураз архайы, цæмæй нæ республикæйы районты дæр бакæной фабрикæйы филиалтæ. Уый тыххæй районты администрациты сæргълæуджытæн хæсгонд æрцыд, цæмæй ссарой æмбæлон бæстыхæйттæ. Куысты уавæртæ аразын æмæ фæллойадон архайд æрбæстон кæныны мадзæлттæ та исынц сæхимæ.

Куыстуат банысан кодта йæ 10 азы юбилей

Бæрæгбонон мадзалы раныхас кодта æмæ фабрикæйы кусджытæн президент Гаглойты Аланы номæй арфæйы ныхæстæ загъта хицауады сæрдар. Уый ма куыд дзырдта, афтæмæй инвестор æрбакæнын нæ республикæмæ вазыгджын процесс у. Фæлæ Боллоты Таймураз сразы Хуссар Ирыстоны кондад бакæныныл. Уый æрмæст курдиатджын организатор нæу, фæлæ ма у Ирыстоны æцæг патриот дæр. Йæхи цæвиттонæй фенын кодта, Хуссар Ирыстоны гæнæн кæй ис æмæ куса инвестор. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианæй цы куыстуат «амард», уый «раудæгас» кæныныл зæрдæбынæй бакусгæйæ ныр БТК-4 нымад у нырыккон куыстуатыл. Ам хуыйынц сæрмагонд дарæс. Исы УФ-йы алы регионтæй заказтæ. Ныр дæс азы дæргъы уый зынгæ фæрæзтæ хæссы нæ паддзахадон бюджетмæ, йæ кусджытæ цы мыздтæ исынц, уымæй сæрибарæй дарынц сæ бинонты.

Уый фæстæ хицауады сæрдар президент Гаглойты Аланы номæй Цытджын грамотæтæ радта фабрикæйы кусджытæй цалдæрæн.

УФ-йы президент Владимир Путины цытджын арфæйы фыстæджытæй æмæ ведомствæйон хæрзæхтæй хорзæхджын æрцыдысты, кусджытæй иууыл хуыздæр æнтыстытæ кæмæн ис, ахæмтæ. Хæлардзинады орденæй та хорзæхджын æрцыд БТК-4 ныры генералон директор Цакойты Артур. Уый бузныджы ныхæстæ зæгъыны фæстæ æр-дзырдта фабрикæйы архайды тыххæй. «Ныртæккæ нæм кусы æртæ хуыйæн æмæ иу та – кæрдæн цехтæ. Фабрикæйы территорийыл ис ныккæндтæ, цыран æфснайд сты, хуыйæн цехтæ цы хъуымац æмæ фурнитурæйæ кусынц, уыдон. Фидæны мах хъавæм кондад рауæрæхдæр кæнын. Абон фабрикæйы цы кусджытæ кусынц, уыдонæн сæрибарæй сæ бон у гъæдджын заказтæ æххæст кæнын. Фабрикæ рæстæгæй-рæстæгмæ райсы ахуыргæнинæгтæ, цæмæй кæдфæндыдæр ифтонг уæм резервон кусджытæй. Цехтæ се ‘ппæт дæр ифтонг сты япойнаг нырыккон хуыйæн машинæтæй. Кусджытæн та сæ бон у фæтых уой цыфæнды стыр заказтыл дæр. Æрæджы æфсæддон формæ бахуыдтам, Сæрмагонд æфсæддон операцийы цы лæппутæ хайад исынц, уыдонæн дæр. Кусджытæн сæ астæуккаг мызд у 35-40 мин сомы, сæрибарæй дарынц сæ бинонты», – дзырдта БТК-4 генералон директор.

Цакойты Артур ма сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ дзырдта, ныртæккæ дæр сæм кæй кусы ахæмтæ, кæцытæ советон дуджы дæр куыстой фабрикæйы. Сæрмагондæй стыр бузныг загъта уыдонæн. «Ахæм кусджытæ махæн сты сæрмагонд бынаты. Сæ фæлтæрддзинад нын рæдауæй дæттынц», – загъта уый.

Бæрæгбонон мадзалы ныхасы рацыдысты фабрикæйы кусджытæ сæхæдæг дæр. Бузныджы ныхæстæ дзырдтой канд фабрикæйы къухдариуæггæнджытæн нæ, фæлæ ма республикæйы разамынадæн дæр, уавæртæ сын кæй сарæзтой, цæмæй сын фадат уа кусынæн æмæ сæ бинонтæ дарынæн.

Бæрæгбонон мадзал адарддæр концертон программæйæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.