Ацы бонты киноконцертон зал «Чермен»-ы йæ 65 азы юбилей нысан кодта Цхинвалы  Сывæллæты сфæлдыстады галуан. Ардæм æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, сывæллæтты ныййарджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы райдианы æрæмбырдуæвджытæ равдыстой Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаныл ист документалон киноныв.

Уый фæстæ сывæллæтæ инсценировкæты хуызы дзырдтой Галуаны сæ архайдыл, се ‘нтыстытыл, сфæлдыстадон программæтимæ хайад кæй истой алыгъуызон мадзæлтты горæттæ Мæскуы,  Приднестровьейы Ярославл, Челябинск, Орел, Дзæуджыхъæу æмæ æндæр горæтты. Се ‘нтыстыты тыххæй арфæйы ныхæстæ дзырдтой сæ ахуыргæнджытæ Джыгкайты Риммæ, Маргаритадзе Циала, Гæззаты Фатимæ, Бабаты Аллæ, Джиоты Венерæ æмæ æндæртæ. Уыдон ма цины æнкъарæнтимæ æрымысыдысты, Сывæллæты сфæлдыстадон галуанæн чи разамынд кодта, уыцы Багаты Иракъли, Абайты Михаил, Джмухадзе Гульнара, Басишвили Венера æмæ æндæрты нæмттæ.

Инсценировкæты фæстæ сывæллæттæ «Аланты балц» æвдисын куы райдыдтой, уæд залы уæвджытæй бирæтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, сæ бон нæ бауыдзæнис, ахæм историон факты, куыд æмбæлы, афтæ сæххæст кæнын. Фæлæ сæ ралæуды фæстæ аивтой сæ хъуыды. Æнтыст та, сæйраджыдæр, сæ къухы бафтыд æвæрæг режисер Челæхсаты Георгийы фæрцы. Архайджыты алы фæзылд, се сныхас иууылдæр æххæстæй дзуапп лæвæрдтой Аланты дуг æмæ архайдæн. Се ‘нтыстæн ма сын хорз фæахъаз сценæйы фæлындзыд æмæ сæ дарæс.

Дарддæр сценæмæ фæхуыдтой æмæ раныхас кодта ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 65 азы нæдæр цъус рæстæг у æмæ нæдæр бирæ, фæлæ сфæлдыстадон галуан уыцы рæстæджы цыд, куыд лæгъз, афтæ зын фæндæгтыл дæр. Йæ тых æмæ хъару никуы саст æмæ абон дæр йæ куыст кæны, царды хорз æмæ тæхудиаг фæндæгтыл нæ кæстæрты цайдагъ кæнгæйæ. Дарддæр Натали банысан кодта, зæгъгæ, абоны æнтыстытæ, ахуыргæнджытæн куысты уавæртæ æмæ ахуыргæнинæгтæн та ахуыры фадæттæ  бирæбæрцæй аразы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны абоны разамонæг Джиоты Арианæ. Уый фæстæ Натали Сывæллæтты сфæлдыстадон галуанæн ба-лæвар кодта ноутбук.

Йæ раныхасы Бибылты Анатоли та банысан кодта, зæгъгæ, æз дæр дæн Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны кæддæры саби. Æмæ мæ бон зæгъын у, ардæм кæй цыдтæн, уый мын мæ дарддæры царды стыр кæй фæахъаз.    Галуаны къæсæрæй, зæгъгæ, цъус кæстæртæ не рбахызт, дарддæр дæр уæм цæудзысты æмæ мæ уырны, се ‘ппæт дæр уæ райгондæй кæй здæхдзысты, уый. Уымæн æмæ нæ хæлæг кæнут уæ зонындзинæдтæ, ис уæм куыстуарзондзинад, хæлар æмæ æмуддзинад æмæ уын æз дæр арфæ кæнын уæ бæрæгбоны тыххæй. Бæрæгбонмæ, зæгъгæ, та æнæ лæвар ничи фæцæуы æмæ тагъд райсдзыстут мæ лæвар «Рояль».

  Гæззаты Иван

Республикæ Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны коллектив!

65 азы, мыдыбындзытау, æрвылбонон æвæллайгæ куысты стут æмæ уын ацы стыр бæрæгбоны сæраппонд арфæ кæнын.

Дугтæ ивтой дугты, фæлæ нæ адæмы иууыл хъизæмайрагдæр рæстæджы иууылдæр уыдыстут уæ куысты уæлхъус. Уыцы зын, æвадат уавæрты уæ архайдæй уæхимæ æлвæстат фæсивæды, хъомыл сæ кодтат гоймæгтæ, æмæ уын æнтысгæ дæр бакодта, кæны уын абон дæр.

Зынаргъ мын стут уæ аудгæ ахастæй, уæ æвæллайгæ архайдæй æппæт дæсныйæдты бацамонынмæ, уæлдайдæр ирондзинадæй.

«Зонды къуыбар» æмæ чысыл Академи саразынæй Хуссар Иры дзыллæйы райхъал кодтат сæ тар фынæйæ, сæ национ хиæмбарынад банкъарынмæ. Тырнут, цæмæй сын сæ мадæлон æвзаг мыдау адджын уа æмæ ирон дзырды мидисæй, ирон фарны хъуыдыйæ не ‘взæнгты, аланты фæдонтæй, бахъомыл кæнат.

Æнæниздзинад æмæ уын стыр сфæлдыстадон æнтыстытæ уæнт ноджыдæр уæ æвæллайгæ æмæ зын куысты. Ацы стыр бæрæгбоны сæраппонд уын хай кæнын мæ сæрмагонд библиотекæйы ирондзинадыл фыст литературæ.

Адæмы фарнæй, бæстæйы фарнæй хайджын ут.

Уе стыр æнтыстытæ уынæг, æнкъарæг æмæ сын егъау аргъгæнæг, уæ зонадон консультант, уæ хæлар профессор БИТАРТИ Зойæ.  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.