Цхинвалы районы администрацийы ахуырады хайад (йæ сæргълæууæг Лолоты Барис) æмæ скъолаты ахуыргæнджыты коллективтæн сæ тыхтæ здæхт сты ахуыр-хъомыладон куыст фæхуыздæр кæнынмæ æмæ сын цасдæрбæрцæй æнтысгæ дæр кæны. Фæлæ сæ, хъыгагæн, тынг бакъуылымпы кодта, æппæт дунейы дæр цы коронавирусы инфекци апарахат, уый. Уымæ гæсгæ сæ сæ уавæртæ æмæ фадæттæ куыд амыдтой, афтæ архайдтой ахуыры процесс ма бакъуылымпы кæныныл.

Низы фæзынынæй тæссаг куы уыд, уæд 10 боны карантины уыдысты Дменис, Сатихъар æмæ Къостайыхъæуы астæуккаг скъолатæ, афтæ ма Дменис æмæ Къостайыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæттæ дæр. Хъыгагæн, уавæр уæззаудæр кæй кодта æндæр скъолаты дæр, уымæ гæсгæ бахъуыд дистанцион ахуырмæ рахизын. Уый тыххæй арæзт æрцыдысты алы предметæй дæр тесттæ æмæ сæ ахуырады кусджытæ арвыстой иумæйагахуырадон уагдæттæм. Ахуыры ацы ног амалæй спайда кодтой ахуыргæнджытæ, архайдтой, цæмæй сæ ахуыргæнинæгтæ  скъолайон программæйæ ма фæиппæрд уой æмæ сын уый æнтысгæ дæр бакодта цасдæрбæрцæй. Иугæр эпидемиологон уавæр куы фæхуыздæр, уæд хайады кусджытæ æмæ скъолаты директортæ бæрæг куыст бакодтой ахуыргæнæн уагдæтты, уагътой контролон басгæрстытæ ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ рабæрæг кæныны фæдыл. Бацæттæ кодтой тесттæ предметон олимпиадæтæ ауадзын, стæй ма республикон олимпиадæмæ кандидаттæ равзарыны тыххæй.

Ахуыры аз фæци бæрæгбонон мадзæлттæ ауадзынæй рауагъдонты цытæн. Цытджын уавæры сын лæвæрд æрцыд арфæйы буклеттæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ног ахуыры аз куы æрбалæууыд, уæд ахуырады хайады методисттæ бабæрæг кодтой скъолаты æмæ бынаты ахуыргæнджытæн баххуыс кодтой тематикон плæнттæ æмæ ахуыргæнæн программæтæ бацæттæ кæныны. Ахуыргæнинæгтæ активон хайад райстой къласæн æмæ скъолайæн æддейæ алыгъуызон мадзæлтты. Уыцы мадзæлттæ ауадзыны тыххæй та развæлгъау алы ахуыргæнæг дæр бакуыста æмбæлон плæнттыл. Уыцы мадзæлттæ та уыдысты Зонындзинæдты бон, Рес-публикæйы бон, Хетæгкаты Къостайы райгуырды бон. Хъыгагæн, пандеми СОVID-19 куыд æппæт дунейы, афтæ нæ республикæйы иувæрсты дæр нæ ахызт. Уымæ гæсгæ  республикæйы разамынады бахъуыд ногæй 21 октябрæй 15 декабрмæ карантин бакæнын æмæ та уæд ахуыргæнæн уагдæттæ рахызтысты дистанцион ахуырмæ. Ныфс бавæрæн ис, ног, 2021 азы эпидеми кæй нал уыдзæн æмæ ахуыртæ районы æппæт скъолаты кæй цæудзысты æнæкъуылымпыйæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.