Нæ горæты БАМ-ы микрорайоны уынгтæ фæстаг хатт цалцæг æмæ асфальт æрцыдысты 50 азы размæ. Уæдæй нырмæ нæ республикæйы æрцыд бирæ ивддзинæдтæ, кæцытæ бирæбæрцæй бандæвтой куыд республикæйы алы фадгуыты размæцыдыл, афтæ йе ‘ддаг хуызыл дæр. Уыцы ивддзинæдты дуджы æдзæллаг уавæрмæ æрцыд ацы микрорайоны уынгты уавæр дæр. Ссисты цъыфбадæнтæ, уæлдайдæр та сæ къæвдабонты нæ уыд ахизæнтæ, æмæ цæрджытæ æййæфтой зындзинæдтæ.

Фæлæ ныр, ивгъуыд аз декабры мæйы Инвестицион программæйы фæлгæтты, микрорайонмæ бацæуæн уынгтæ æрцыдысты асфальт. Ам ма кæд ныртæккæ аразинаг бирæ ис, уæддæр сæйраг уынгты хæрзарæзтадæй рухс кæны зæрдæ. Уый тыххæй цæрджытæ бузныг зæгъынц, чидæриддæр бакуыста уынгты хæрзарæзтадыл, уыдонæн. Фæлæ ныр та сæ разы цæхгæрмæ слæууыд дыккаг проблемæ. Æрвылрайсом дæр хъазæн фæзæй суанг Плиты Ароны уынджы фæзилæны онг, ам, фæндаджы дыууæ фарс ныррæгъ вæййынц 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджыты машинæтæ, такситæ, хисæрмагонд машинæтæ. Кæд фæндаджы фæтæн арæзт у нормæтæм гæсгæ, уæддæр æй машинæтæ афтæ æрбакъуындæг кæнынц, æмæ дзы фистæгæй ахизынæн дæр æдас нал вæййы. Дыууæрдæм цы машинæтæ фæцæуы, уыдонæй иу иннæмæн бар куынæ радта, уæд гæнæн ис, æрцæуа фыдбылыз. Паддзахадон бæлцæттæласæн автобусæн дæр кæд йе ‘рлæууæн бынат ис фæзуаты тæккæ раз, уæддæр уыцы уавæры æмбæлон бынатмæ хъæбысы бахæсгæйæ дæр нæ бахиздзæнис, æрлæууы нысангонд бынатæй 200 метры æддæдæр. Ацы уавæрæй цæрджытæ зындзинæдтæ кæй æййафынц, уый у цæстуынгæ, фæлæ ма сæйраджыдæр та банысан кæнын хъæуы, кæй у тæссаг фыдбылыз æрцæуынæй. Нæй дзы ницахæм фæндæгтыл цæуыны нысæнттæ, хъахъхъæд нæ цæуынц æдасдзинады нормæтæ æмæ шофыртæй та алчи дæр йæ машинæ фескъæры æзфæраз-дæруонæй.

Машинæтæй дарддæр ма ауылты фæцæуынц фистæгæй цæуджытæ дæр, фæлæ сосæвæндаджы иу фарс цы тротуартæ ис, æгæрыстæмæй сын ууылтыл дæр нæ вæййы æдасæй ахизæнтæ. Уавæр проблемон æмæ тæссаг кæй у, уый тыххæй цæрджытæ загътой: «Райсомæй сывæллæттæ скъолæмæ куы фæцæуынц, уæд сыл нæ феууæндын иунæгæй фæндаджы ацы фадыджы. Иурайсом, семæ рацæугæйæ, ам банымадтон 300-йæ фылдæр машинæйы. Уыдон фæндаджы дыууæ фарс цæхгæрмæ рæгърæгъы кæй лæууыдысты, уымæ гæсæ ма æндæр машинæтæ рахызтаиккой, уый бынат сын нал уыд æмæ чи куыд рæхстис, афтæ хызтысты кæрæдзи æхсæнты. Махæн тротуартыл ацæуæн кæй нал уыд, уымæ гæсгæ ацыдыстæм верт-тæхæджы иувæрсты. Уым та уыд цъыф», – радзырдта микрорайоны цæрæг.

Ногарæзт фæндаг нысангонд нæу автоæрлæууæн хæххытæй, уымæн æмæ ам планмæ гæсгæ, ма хъуамæ уа ахæм бынат. Йæ фæтæн дæр бар нæ дæтты, цæмæй ам ныххæрх уой  уыйбæрц машинæтæ. Уæдæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджыдæр ацы машинæты хицæуттæ хъуамæ ахъуыды кæниккой, аварион уавæр кæй æвзæрын кæнынц, сæ машинæтæ æнæмбæлон бынаты бауромгæйæ. Вæййы ма фадыгон инспектортæ дæр, кæцытæ хъуамæ дариккой сæ хъус ахæм уавæртæм.

Æвзæры фарст: Кæдмæ хъуамæ уа ахæм уавæр ацы микрорайоны, чи йæм æрдардзæнис йæ хъус? Æви цалынмæ фыдбылыз не ‘рцæуа, уæдмæ йын нæй аскъуыддзаг кæнæн?

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.