Кæд нæ республикæйы нырма  коронавирусæй рынчынтæ не сбæрæг, уæддæр нæ бæстæйы сæргълæууæг æдасдзинады нысанæн расидт карантин. Арæнтæ дæр æхгæд уыдзысты 1-æм майы онг.

Ныртæккæ кусынц æрмæст хæлцадон магазинтæ æмæ аптекæтæ. Паддзахадон уагдæттæ дæр кусынц, фæлæ сæ куыстытæй ссæрибар кодтой 65 азы карæй уæлæмæ кæуыл цæуы æмæ 10 азы кары сывæллæттæ кæмæн ис, ахæм мæдты. Куыстуæтты цæмæй къаддæр адæм уа, уый тыххæй рахызтысты режиммæ. Фæлæ горæты иуæй-иу рæтты цæуы арæзтадон куыстытæ, Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт чи хъуамæ æрцыдаид, ахæм объектты. Уыдон урæд не ‘рцыдысты, цæмæй рæстæгыл эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуой æмæ ма бандавой, уыдон фæстæ ма цы мадзæлттæ арæзт цæудзæн, уыдоны куыстыл.

Архитектурæ æмæ арæзтады министрады минæвар Къадзты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй «куыстытæ уагъд цæуынц къалендарон нывæстмæ гæсгæ. Карантин нæ бандавдзæн объекттæ эксплуатацимæ афоныл радтыны æмгъуыдыл дæр. Ам, бынæттон арæзтадон фирмæтæн сæхимæ цы æрмæджытæ уыд, уыдонæй уал архайынц, зæгъæм, траншейтæ къахынц, Дзауы поселочы цы дыууæ бирæуæладзыгон хæдзар рæзы, уыдоны бынæтты. Пырх æмæ сыгъдæг æрцыд, Хъайтарты уынджы кæрон цы аварион бирæуæладзыгон хæдзар уыд, уый дæр. Тагъд бавналдзысты уым дæр ног хæдзары бындуры бынат траншейы бындуры бынат къахынмæ. Нæ горæты Вокзалгæрон цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдоны кæрттæ дæр цæуынц хæрзарæзт. Къуайсайы горæты дæр æххæст цæуынц хицæн арæзтадон куыстытæ».

 Фæлæ Арæзтады министрады бæрнон минæвар куыд загъта, афтæмæй фæкъаддæр кодтой кусджыты нымæц. Чи кусы, уыдоныл та вæййы хъахъхъæнæн маскæтæ æмæ æххæст кæнынц вирусæй хи бахизыны фæткойтæ. Министрад иудадзыг йæ хъус дары аразджыты æнæниздзинады уавæрмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.