УРÆД ÆРЦЫД БЫНÆТТОН ГАЗЕТТЫ ÆМÆ ЖУРНАЛТЫ КУЫСТ

Республикæйы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты бардзырдмæ гæсгæ урæд æрцыд бынæтон газетты æмæ журналты куыст. Уыдонмæ нæ хауынц газеттæ «Северная Осетия» æмæ «Рæстдзинад». Иннæтæ кусдзысты дæрддзæфмæ гæсгæ. Сæ æрмæджытæ мыхуыргонд цæудзысты сæ официалон сайтты. Ахæм уагæвæрд бахъуыд, эпидемиологон уавæр хынцгæйæ. Ног домæнтæм гæсгæ куыст никæй бахъыгдардзæн, зæгъынц специалисттæ. Куыддæр гæнæн фæзына, афтæ та  æппæт дзыллон информацион фæрæзтæ скусдзысты æрвылбоны фæткмæ гæсгæ.

БÆРÆГ  КÆНЫНЦ СÆРМАГОНД ФÆТКХАЛДЖЫТЫ

Мидхъуыддæгты министрады, фæлхасадон цæдисы, Иры Стыр ныхасы, Дзæуджыхъæуы æмбырды минæварады, Парламенты депутаттæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты уæнгтæ радон хатт рацыдысты горæты уынгтæм, цæмæй сбæрæг кæной сæрмагонд фæткхалджыты.

Ведомствæты минæвæрттæ сбæрæг кодтой сæйраг уынгты, Терчы былгæрæтты æмæ фæлладуадзæн бынæтты чи тезгъо кодта, уыцы адæммæ сæрмагонд бардæттæг гæххæтт ис æви нæ, уый. Боныхъæд кæй аивта, уый бирæты разæнгард кæны уынгмæ рацæуын, фæлæ уыимæ хæлынц коронавирусы ныхмæ сæйраг уавæр. Кæй зæгъын æй хъæуы хæдзары бадын зын у, фæлæ рацæуæн ис дукани æмæ афтекмæ, стæй хæдзары цæрæгойтимæ атезгъо кæнынмæ.

Ацы рейды кæй баурæдтой, уыдонимæ акодтой профилактикон ныхас. Кæмæндæрты ма байуæрстой маскæтæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.