Нæ горæты Пушкины уынджы Галаты Барисы хæдзар-музейы уагъд цæуы чингуыты æмæ æрмæджыты равдыст зынгæ ирон ахуыргонд Гæбæраты Никъала Ясоны фырты райгуырæн боны цытæн. Галайы-фырты номыл ирон культурæйы æхсæнады сæрдар, «Центр содействия»-йы фонды президент Гаглойты Лианæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы равдыстмæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Гæбæраты Никъала у зынгæ гоймаг. Ирыстоны рæзгæ фæлтæр скъолаты ахуыр кодтой йæ ахуыргæнæн чингуытæй. Равдысты сты чингуытæ, уыцы нымæцы ахуыргæнæн чингуытæ, уацты къухæйфыстытæ, афтæ ма газетты, журналты ахуыргонды ныммыхуыргонд уацтæ æмæ фыстæджытæ. Гаглойты чызг загъта, зæгъгæ, «дыууæ азы фæстæ Никъалайыл сæххæст уыдзæн 100 азы æмæ нæ бахъæудзæн стыр куыст бакæнын йæ бынтæ æрæмбырд кæныны æмæ йæ куыстыты æмбырдгонд рауадзыны тыххæй». Равдыст байгом кæныны церемонийы хайад райстой ахуыргæндтæ Дзаттиаты Руслан, Дзиццойты Юри, кæцыты зынгæ ахуыргондимæ бæтты иумиаг куыст, йæ коллегæтæ Абайты Зарæ, Къæбысты Дзерассæ, Тыбылты Ингæ æмæ бирæ æндæртæ.

Равдысты организатор куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йын мадзал сорганизаци кæнынæн баххуыс кодтой Президент Бибылты Анатоли, Гаглойты Азæ, Чехойты Анатоли, Никъалайы чызг Гæбæраты Наталья, йæ хæрæфырт Козаты Маир æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ. Дыууæ къуырийы дæргъы равдыстмæ æрбацыд æмæ ахуыргонды зонадон сфæлдыстадимæ зонгæ кодтой  интеллигенцийы минæвæрттæ. Гæбæраты Никъалайæн йæ радтæг ирон адæмы ‘хсæн стыр кад кæй уыд, уый зыны æрмæст уымæй дæр æмæ абоны онг дæр равдыстмæ кæй æрбацæуынц нæ горæты цæрджытæ.

«Никъала Ясоны фыртыл паспортмæ гæсгæ 100 азы сæххæст ацы аз, фæлæ фактон æгъдауæй та йæ сæдæ азы юбилей уыдзæн дыууæ азы фæстæ, ома, 2024 азы. 1941 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Никъаламæ æрсидтысты пас-портмæ гæсгæ æмæ рацыд æнæхъæн хæст. Хорзæхджын æрцыд ордентæ æмæ майдантæй. Ацы аз равдыст уымæн сорганизаци кодтам, цæмæй уый суа 2024 азы йæ 100 азы юбилейы цытæн стыр мадзæлтты бындур.  Ардæм æрбацæуын йæ бон у æрмæст йæ коллегæтæ æмæ ахуыргæндтæн нæ, фæлæ стыр ахуыргонды бынтæ кæй цымыдис кæнынц, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр», – радзырдта Гаглойты Лианæ.

Равдысты æвæрд æрцыдысты бинонты архивæй æрмæджытæ, нывтæ æмæ, æгæрыстæмæй, Никъалайы хæстон сæракын хызын дæр, афтæ ма хатæны ауыгъдæй лæууы ахуыргонд бирæ цы хæдон (сорочка) уарзта, уый дæр.

Гæбæраты Никъала у филологон зондæты доктор, ХИПУ æмæ ЦИПУ-йы профессор. Уый уыд Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ирон æвзаджы хайады сæргълæууæг, уыд Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры хуссайраг ирæтты культурон антропологийы хайады сæйраг зонадон кусæг. Уый у Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг æмæ «Кады ордены» кавалер.

Ацы бонты та Галаты Барисы хæдзар-музеймæ æрбамбырд сты ахуыргонды стыр бынтæн табугæнджытæ æмæ йын базонгæ сты йæ чингуытæ æмæ фыстæджытимæ, кæцытæ йæм алы æмæ алы азты æрæрвыстой куыд зынгæ ирон ахуыргæндтæ Абайты Васойæ райдайгæйæ, афтæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ дæр ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты æмæ æндæр зонадон куыстыты фæдыл.

Зынгæ чехаг иранист Ладислав Згуста ирон æвзагмæ æрмæст цымыдис нæ кодта, фæлæ хайад райста «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат» рауадзыны, рецензи йын ныффысгæйæ. Чехаг ахуыргонды дæргъвæтин азты дæргъы ирон коллегæтимæ баста хъарм хисæрмагонд æмæ кусæгон ахастытæ. Хæлар уыд Гæбæраты Никъалаимæ дæр. 1965 азы йæм æрæрвыста фыстæг, цыран лæмбынæг йæ хъуыдытæ загъта ацы дзырдуаты тыххæй. Фыстæджытæ-иу æм æрæрвыстой фæсарæйнаг æндæр ахуыргæндтæ дæр, куыд зæгъæм, Фридрик Тордарсон. Уый у ирайнаг лингвист, классикон филологи ахуыр кодта Ослойы. Классикон æвзæгтæй дарддæр ма уый ссис Кавказаг, уыцы нымæцы ирон æвзаджы æвзæгты эксперт дæр. Ныммыхуыр кодта ирон æвзаджы грамматикæ. Уый Гæбæраты Никъаламæ фыстæджытæ æрвыста ирон æвзагыл. Фыстæджытæй сæ иуы стыр цымыдисæй бакастысты фембæлды хайадисджытæ, кæцыйы æрæрвыста 1970 азы июны мæйы. Алкæмæ дæр диссаг фæкаст фæсарæйнаг ахуыргонд ирон æвзаг афтæ хорз кæй сахуыр кодта æмæ фыстæджытæ ирон æвзагыл кæй æрвыста, уый.

Фыццаг хатт «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат» саразыны фарст сæвзæрд зонад-иртасæн институты ивгъуыд æнусы 1960 азты райдианы. Ахæм ахсджиаг фарсты идеяйы инициатор уыд Гæбæраты Никъала. Æмбарынгæнæн дзырдуаты проектæн стыр аргъ скодта Абайты Васо. Абоны онг дæр æвæрд сты Васо Никъаламæ къухæйфыстæй цы фыстæджытæ æрæрвыста, уыдон. Гæбæраты Никъала цы куыст бакодта, уымæн саргъгæнæн дæр нæй. Фæлæ уыцы азты дзырдуат рухс цæмæннæ федта, уымæн ныр дзуапп ничиуал ратдзæн. «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-ы фыццаг том мыхуыры рацыд 2007 азы декабры мæйы. Дыууæ азы фæстæ та Мæскуыйы рауагъдад «Наука»-йы рацыд дзырдуаты дыккаг том. «Уый у нæ адæмы культурæйы егъау фæзынд. Уыйбæрц ныхæстæ дзырдуаты кæй сты, уый æцæг стыр цау у. Дзырдуат саразыны фарст рагæй лæууыд. Программæ йын сарæзта Гæбæраты Никъала. Уый у сæрмагондæй йе сгуыхтдзинад. Гуырахстджын куыст у. Æгæрыстæмæй, нысæнтты равæрд дæр у сфæлдыстадон процесс», – нымайы профессор Гуриты Тамерлан. Уымæн дæр йæ фыстæджытæ сты равдысты æвæрд.

Æрбамбырдуæвджытæ ма бакастысты Гæбæраты Никъалайы уац «Что говорит профессор Бейли «О нартских сказаниях», кæцы мыхуыры рацыд 1986 азы 22-æм майы газет «Советская Осетия»-йы. Экранæй райхъуыст Гæбæраты Никъалайы хъæлæс. Уый лæмбынæг æрдзырдта иуæй-иу  ирон дзырдты нысаниуæджы тыххæй. Зæгъæм, æввонгхор дзырд «ед» æмæ «цæуын» бирæнысанон дзырдтæ кæй сты, уый тыххæй. Ацы видеоныффыст уымæн сарæзта йæ фырт Андрей Екатеринбурджы сæм цалдæр азы размæ уазæгуаты куы уыд, уæд. Стыр зæрдæрайæ байхъуыстой ахуыргондмæ, адæймагмæ афтæ фæкаст цыма сæ цуры уыд æмæ афтæмæй ныхас кодта семæ. Равдысты ис аст экспозицийы.

Гаглойты Лианæйы ныхæстæм гæсгæ равдыст уагъд цæудзæн дарддæр дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.