Къуайсайы æрæвнæлдтой Джоджорайы цæугæдоны донвæд сыгъдæг кæнынмæ. Куыстытæ æххæст цæуынц цæрæн бынæтты донивылдтытæй бахизыны нысæнттæн. Уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын кодта горæты мэр Хуыгаты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ донвæд сыгъдæг цæудзæн цæугæдоны иууыл тæссагдæр бынæтты – Фæзы хъæуæй Гулианты хъæуы онг.

«Цæугæдоны донвæд сыгъдæг кæнын у æнæмæнгхъæуæг. Ивгъуыд азты донивылдтыты фæстиуджытæ хынцгæйæ, ныр хъуамæ иуварс æрцæуа ахæм тасдзинад. Фæстаг хатт ахæм куыстытæ æххæст цыдысты 2018 азы», – банысан кодта Хуыгайы фырт.

Горæты мэр ма куыд загъта, афтæмæй ацы куыстытæ кæнынц дыууæ экскаваторы.

«Куыстытæ хъуамæ райдыдтаиккой февралы райдианы, фæлæ зымæгон фæндагыл спецтехникæйы бынатмæ æрбакæныны фадат кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæ аргъæвтам. План кæнæм ацы куыстытæ мæйы дæргъы фæуын», – загъта Хуыгаты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.