РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли уыд Дзауы районы Къуайсайы горæты, цыран фембæлд бынæттон цæрджытимæ æмæ æруынаффæ кодта къорд ахсджиаг проблемæйыл.

Къуайсæйæгты номæй раныхас кодта республикон политикон парти «Иууон Ирыстон»-æй депутат Бæззаты Вадим.

«Бынæттон цæрджытимæ æмбæлгæйæ, мах рахицæн кодтам сæйрагдæр проблемон фарстытæ, кæцытимæ нæ фæндыд Президенты базонгæ кæнын, цæмæй базонæм баххуыс нын чындæуыдзæн сæ аскъуыддзаг кæныны дыууæ азы æмгъуыдмæ, уый», – загъта Бæззайы фырт.

Проблемæтæй фыццаг Бæззайы фырт рахуыдта æмбæстæгты домæн Гуфта-Къуайсайы фæндагарæзтады тыххæй. Бынæттон цæрджытæн хæрзвадатдзинады нысанæн уый фæндон бахаста, цæмæй цалцæггæнæн куыстытæ райдайой Гуфтайы хъæуæй нæ, фæлæ Къуайсайæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарстмæ ныридæгæн æркастæуыд æмæ æмбæлон бацамындтытæ лæвæрд æрцыдысты республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-æн.

Депутаты ныхæстæм гæсгæ, æмбæстæгтæн актуалон у нуазыны доны проблемæ дæр. Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй цы донæй пайда кæнынц, уый къæвда рæстæджы схæццæ вæййы змисимæ æмæ пайда кæнынæн нал фæбæззы. Президент ныфс бавæрдта, фидæн азы резервон доны проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн.

Къаддæр ахсджиаг нæу Джоджорайы цæугæдоны былгæрæтты донивылдтыты ныхмæ фидаргæнæн арæзтæдты фарст. Зындгонд куыд у, афтæмæй къæвда рæстæджы ацы цæугæдон арæх раивылы.

«Тæрккъæвдаты рæстæджы Джоджорайы цæугæдоны æмвæзад сбæрзонд вæййы æмæ нæ фæнды бахатын, цæмæй нын баххуысчындæуа донбылтæ сфидар кæныны хъуыддаджы», – загъта Бæззаты Вадим.

Фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы разамынад рахицæн кодта æмбæлон финансон фæрæзтæ ацы нысæнттæн æмæ ацы аз донбылтæ сфидар кæныны фæдыл сæйрагдæр куыстытæ æххæст æрцæудзысты.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыдис куыстæй ифтонг кæныны фæдыл проблемæйыл. Президентмæ лæвæрд æрцыд фарст Къуайсайы горæты хуыйæн фабрикæ «БТК-4»-йы цех саразыны тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы фарстыл куыст цæуы,  ууыл уынаффæ цыдис Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы дæр.

«Цхинвалы хуыйæн фабрикæ «БТК-4»-йы фæллой кæнынц 500 адæймаджы бæрц. Нæ горæтæн уый цъус нæу. Цæмæй хуыйæн цехтæ районты баконд æрцæуой, уый тыххæй хъуамæ уа заказтæ, æнæ уый уыдон нæ кусдзысты. Æмæ абон дзырд цæуы ууыл, цæмæй уæвæг заказтæ фæфылдæр уой æмæ 250 адæймаджы бæрцæн сæ бон уа куыст райсын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы 250 адæймаджы скондмæ бахаудзысты Къуайсайы цæрджытæ дæр», – загъта уый.

Куыстæй ифтонг кæныны темæ дарддæр кæнгæйæ, Бæззаты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, кондадон акционерон æхсæнад «Газпром» райдайдзæн ног газуадзæны арæзтад æмæ бахатыд, цæмæй æркастæуа Къуайсайы газификацийы фарстмæ. Афтæ ма йæ арæзтадон куыстыты бынæттон цæрджыты хайадистмæ дæр.

Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, ныртæккæ «Газпром»-ы къухдариуæгадимæ уагъд цæуынц консультацитæ æмæ тагъд рæстæджы къухтæ æрфысдзыстæм æмбæлон сразыдзинæдтыл. Газуадзæны арæзтады бынæттон цæрджыты хайадистыл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд «Газпром», куыд сæйраг инвестор, афтæ йæхæдæг фидар кæны подрядон организацитæ æмæ кусджыты, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, бынæттон цæр-джыты куыстæй ифтонг кæнын проблемæ ма хъуамæ уа.

Бæззаты Вадим ма загъта трактор самал кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй, йæ сæр уæлдай тынгдæр фæхъæуы стыр митуардтыты рæстæджы, уæд бирæ хъæутæм нал вæййы фæндаг æмæ сæ митæй асыгъдæг кæныны фадат нал вæййы.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, техникæйы хъуагдзинад ныртæккæ ис республикæйы æппæт районты дæр æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ног техникæ самал кæныны тыххæй фарстмæ æркастæуыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыст-кæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадты рæстæджы. Уый ма   ныфс бавæрдта, зæгъгæ, æппæт хъæутæм дæр фæндæгтæ сыгъдæг цæудзысты, трактор самалчындæуа æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ.

Уыдонæй дарддæр ма сæвзæрыд фарст Дзауы районæй Къуайсайы горæты ахицæн кæныны тыххæй. Президент банысан кодта, зæгъгæ, мæхæдæг дæр дæн ацы инициативæйы æвварс, фæлæ Дзауы районæй Къуайсайы ахицæн кæныны механизмтыл хъæуы уæлæм-хас куыст бакæнын.

«Цæмæй ацы фарст, куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр скъуыддзаг æрцæуа, уый тыххæй мах хъуамæ ивындзинæдтæ бахæссæм Конституцимæ æмæ уæдæ Къуайсайы район саразыныл дзурын нырма у раджы. Æппæт дæр хъуамæ арæзт æрцæуа документалон æгъдауæй. Æндæргъуызон гæнæн нæй, алы архайдæн дæр хъуамæ уа бындур, æнæ уый дзы ницы рауайдзæн», – загъта уый.

Проблемон фарстытыл æруынаффæ кæн-гæйæ æмæ æмбæлон бацамындтытæ ратгæйæ, Президент ныфс бавæрдта, алкæйы фæдыл дæр дзы райст кæй æрцæудзысты уынаффæтæ. Йæхирдыгæй та уый æрдзырдта, электроэнергийæ пайда кæныны тыххæй фиддонтæ фыст кæй нæ цæуынц, уый фæдыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Къуайсайы электроэнергийы тыххæй фиддонтæ æмбырд цæуынц æрмæстдæр 6 проценты æмæ æрсидт æмбæстæгтæм, цæмæй ацы фарстмæ бæрнондæр ахаст равдисой æмæ сын цы хæстæ ис, уыдон бафидой.

Къуайсайæгтæ ма Бибылты Анатолимæ бахатыдысты хисæрмагонд фарстыты фæдыл дæр, кæцытæй иууыл карздæр уыдис цæрæнуатон фарст.

Паддзахады сæргълæууæг Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг æмæ Къуайсайы горæты администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Робертæн бахæс кодта, цæмæй арæзт æрцæуа цæрæнуатон фарстытæм æркæсыны фæдыл сæрмагонд районон къамис, цыран индивидуалон æгъ-дауæй æвзæрст цæудзæн алы куырдиат дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президенты официалон сайт

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.