Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ афæдзы алы афоны дæр æгуыст никуы вæййынц. Æрвылбон дæр сæ хайбавæрд хæссынц горæты сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадмæ. Фæлæ сæ куыстытæ уæлдай тынгдæр фæфылдæр вæййынц уалдзæджы æрбалæудимæ, уымæн æмæ зымæджы фæудимæ горæты уынгты фæхъæуы æмбæлон уагмæ æркæнын, ногæй та сæ срæсугъд кæнын. 

13-æм марты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ ландшафт-дизайнер Пæррæстаты Иринæйы сæргълæудæй куыстой Хъайтарты уынджы удæгас æмбонд кæй хонынц, ома декоративон къутæрты мæр схæмпус кæныныл, афтæ ма сын сæ уæлдай къалиуты сæлвыныныл. Пæррæстаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ Хъайтарты уынг æмбæлон уагмæ куы æркæной, уæд та ахиздзысты Джиоты Аланы проспектмæ æмæ уым дæр бакæндзысты ахæм куыстытæ. Уый фæстæ та æрæвналдзысты куыд иуазон, афтæ ма æндæр декоративон  къутæртæ æмæ бæлæстæ садзынмæ дæр.

«Нæ сæйраг хæс у, цæмæй та зымæджы фæстæ нæ горæты уынгтæ афтæ срæсугъд кæнæм æмæ цæрджытæ æхцондзинад исой сæ уындæй. Æмæ нын æнтысгæ дæр бакæны. Цæмæй нын фылдæр бакусын бантыса, уый тыххæй фæкусæм райсомы авд сахатæй изæрдалынгтæм, бакусæм улæфтбонты дæр. Æмæ афтæмæй æмбæлон хуызмæ æркæнæм нæ горæты уынгтæ æмæ сквертæ. Уæлдай фылдæр куыст нын вæййы уалдзæджы æрбалæудимæ», – загъта Пæррæстаты Иринæ.

Æмæ æцæгæйдæр хæрзарæзтады комбинаты кусджытæн, æгæрыстæмæй, улæфт бонты дæр уыйбæрц куыст ис æмæ сыл æхæсгæ дæр нæ фæкæнынц. Æгæрыстæмæй, бæрæгбонты дæр кусгæ фæкæнынц. Иу дзырдæй, цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæн  сæ куыст нæ къаддæр кæны. Горæты уынгтæй бирæты ныссагътой уардитæ, самшит, декоративон бæлæстæ сумахтæ æмæ тынг рафидыдтой.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.