Донивылдтыты рæстæг кæй æрхæццæ кæны, уымæ гæсгæ Ленингоры районы администраци æрæвнæлдта Чысаны цæугæдоны былгæрæттæ фидар кæнынмæ. Кусы дзы сæрмагонд техникæ. Ныр цалдæр бон донвæд сыгъдæг кæнынц брæттæй, егъау дуртæй æмæ бæлæсты къалиутæй. Ахæм куыстытæ-иу раздæр кæй нæ бакодтой, уый аххосæй 2022 азы майы мæйы ацы цæугæдон йæ донбылтæй акалд æмæ разиан кодта дæс хъæуæй фылдæрæн. 15 хъæумæ нал уыд фæндагон бастдзинад.  Дон акалд йæ былтæй поселокы дæр æмæ  фехæлдта, цы уынгтыл аивылд, уыдоны. Фæласта цалдæр ран хидтæ. Коммуналон службæтæ бæргæ архайдтой сæхи тыхтæй æрдзы бæллæхы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл, фæлæ техникæ фылдæр бæрцæй уыд хæлд. Районы сæргълæууæгæй Гæджиты Иларионы куы райдыдта кусын, уæд фыццаг рады æрæвнæлдта техникæ æмбæлон уагмæ æркæ-нынмæ. Бантыст ын хъæутæм фæндæгтæ сцалцæг кæнын.

«Ацы куыстытæ ахсджиаг уымæн сты æмæ цæрджыты бахиздзыстæм донивылдтытæй. Ацы куыстытæм раздæр хъуамæ æрæвналд-таиккой цæрæнуатон-коммуналон кусджы-тæ, фæлæ техникæйæ ифтонг нæ уыдыстæм.  Ацы аз Ленингоры районы хæхтыл бирæ мит ныууарыд  æмæ хъæутæм хæстæг дæр донбылтæ куы нæ сфидар кæнæм, уæд ивгъуыд азы куыд уыд, афтæ  рауайдзæн. Фа-рон Ленингоры районы бирæ цæрджытæн фесæфтысты сæ хуымзæххытæ æмæ цæ-хæрадæттæ. Раздæхæны хъæуы цы дурцъæлгæнæн куыстуат уыд, уый фæдæлдон, Ларгвис æмæ Куртайы хъæуты фистæгæй-цæуæн хидтæ фаласта, бæгæныфыцæн за-водмæ фæндаг нал уыд. Уыдæттæ цадæггай бæргæ аиуварс кодтам, фæлæ та нæ ацы аз дæр æдзæттæйæ куы ‘рыййафой донивылд-тытæ, уæд тæссаг у бæллæхтæй», – зæгъы районы сæргълæууæг.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй цæугæдон раивылд 2012 азы дæр.

Районы цæрæн-коммуналон хайады автопарк 2008 азæй фæстæмæ никуы сног кодтой æмæ арæх хæлы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.