Æрдз йæ кæнон кæны æмæ та æрхæццæ кæнынц уазæлттæ. Тагъд райдайдзæн хъармгæнæн сезон. Хуссар Ирыстон йæхи куыд бацæттæ кодта зымæгон сезонмæ, уыцы фарстæн горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео сдзуапп кодта афтæ: «Горæты администрацийы парчы фонды сæрмагонд техникæ зымæгон куыстытæм практикон æгъдауæй цæттæ у. Фондз митсыгъдæггæнæн æмæ дыууадæс самосвалы, куыддæр митуардтытæ райдайой, афтæ кæндзысты сæ куыст. Куы бахъæуа, уæд нæм фæкæсдзысты «Комавтодор»-ы кусджытæ дæр».

Хъармгæнæн сезонмæ хъармгæнæн системæтæ кæм нæй республикæйы, уыцы административон бæстыхæйтты  сугæй ифтонг æрцæуынц. Уый фæдыл та нын Хъæды хæдзарады хистæры хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Владислав зæгъы: «Мах райстам  куырдиæттæ Сырх Дзуары æхсæнадон комитеты миссийæ. Уыдон курынц 500 кубометры суг æххуысхъуаг бинонтæн. Иу уыйас та бацæттæ кæндзыстæм районты административон бæстыхæйттæй хъармгæнæн ситемæтæ кæмæ нæй, уыдонæн».

 

Зымæгмæ хъуамæ цæттæ уой фæндагон службæтæ дæр

Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ иугæнæг Транскам нымад цæуы афæдзы алы афоны дæр тæссагыл. Ам æрмæст зæйдзæ-уæн бынæттæ ис 80 бæрц. Бирæ бæлццæттæ бабын ацы фæндагыл цæугæйæ. Фæлæ фæстаг азты Транскавказы автомагистралыл транспорты цæуыны æдасдзинадмæ æмæ фæндаджы æмбæлон уавæр сифтонг кæнынмæ сæ хъус æрдардтой æмбæлон органтæ. Транскамыл зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинад сæвзæры ноябры мæйы æмæ ахæссы суанг апрелмæ. Зымæджы æрбалæудмæ хъуамæ цæттæ уой канд фæндагон службæтæ нæ, фæлæ бæлццæттæ сæхæдæг дæр. Æмбæрстгонд у Транскавказы магистраль Ирыстоны цæрджытæн хуымæтæг фæндаг кæй нæу. Экономикон æмæ æрвылбонон цардуагон фарстатæ дæр комкоммæ баст сты ацы сосæвæндагимæ. О, фæлæ бирæ хатт карз зымæгон бонты фæгæдзæ  кæнын  хатгай хуыздæр вæййы, цæмæй æнамонд цаутæй хи бахизæм æмæ уый рох макæмæй хъуамæ уа.

Мах бацымыдис кодтам фæндагон службæтæ фæззæджы къæвда æмæ мит бонтæм куыд цæттæ сты, уымæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Транскамы уавæрыл нæхи ‘рдыгæй фарс канд фæззæджы бонты нæ, фæлæ афæдзы алы афон дæр цæуы æмбæлон куыст. Цæгатварс та Транскамы ныртæккæ дæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Росавтодоры ведомствæйы информацимæ гæсгæ та Транскамыл кусы æрвылазон кусæг къорд, йæхи сæрмагонд техникæимæ. Уыдон зымæгмæ æрцæттæ кæнынц змис, цæмæй йæ пырх кæной фæндаджы салд уæлцъарыл зæйтæ æрцæуынæй тæссаг кæм у, уым. Стæй ма фæархайынц, цæмæй рагацау зæйтæ æрцæуын кæной, ууыл дæр.

Тæссаг сезоны агъоммæ Транскамыл ауадзынц иумæйаг ахуыртæ. Фæархайынц дзы трассæйыл цы структурæтæ кусынц, уыдон иууылдæр: ирвæзынгæндджытæ, медицинон службæтæ, фæндагон æмæ зæйты ныхмæ ведомствоты кусджытæ. Ацы ахуыртæ вæййынц æрвылаз, зæйтæй тæссаг рæстæджыты агъоммæ. Сæ сæйраг нысан стратегион æгъдауæй у нысаниуæгджын автомагистралыл змæлды æдасдзинад фæбæрзонддæр кæнын. Уыдон хъуамæ кусой, куыд иу механизм æнæ рæдыдтытæй æмæ къуылымпытæй. Æрмæстдæр ахæм куысты фæрцы Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ цы иунæг фæндаг иу кæны, уымæн фадат уыдзæн æнæрлæугæйæ æдас фæндагон змæлдæй сифтонг кæнын æмæ трагеди ма æруадзынæн.

 УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.