Нæ дуджы электроэнергийы ахадындзинад уыйбæрц егъау у, æмæ хатт цыбыр рæстæгмæ электрон рухс цыдæр аххосæгтæм гæсгæ куы фæхицæн вæййы, уæд адæмы катайæн кæрон нал вæййы.

Ныртæккæ нæ республикæ электроэнерги исы Зæрæмæджы ГЭС-æй. Бæрæг куыд у, афтæмæй газ та нæ республикæ исы «Газпром трансгаз Ставрополь»-æй, кæцыйы акциты 100 проценты сты акционерон æхсæнад  УФ-йы «Газпром»-мæ.

Абон нæ республикæйы паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы сæргъ лæууы Гæбæраты Алан. Бæрæгбоны хæд размæ мах фембæл-дыстæм йемæ æмæ нын куыд радзырдта, афтæмæй нæ энергетиктæ æнæкъуылымпыйæ кусынц æмæ лæггад кæнынц республикæйы цæрджытæн æмæ куыстуæттæн. Афæдзы алы афон дæр цæттæ сты аварийы аххосæгтæ аиуварс кæнынмæ.

Фиддонтæ куыд фыст цæуынц

Нæ адæм  хорз æмбарынц, æнæэлектроэнерги цæрæн кæй нæй, фæлæ иуæй-иуты нæ фæнды, цы электроэнерги хардз кæнынц, уымæн йæ аргъ бафидын. Ахæм бæстæ нæй æмæ йæ кæм нæ фидынц. Республикæйы сæйраг энергетик куыд зæгъы, афтæмæй ивгъуыд азимæ абаргæйæ фиддонты фидыны уавæр фæхуыздæр. Иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ ис горæтæн, уый фæстæ та Ленингоры районæн. Иууыл мæгуырау та фиды Знауыры район. Уый та æвзæрæрдæм æндавы нæ республикæйы экономикæйыл. «Уавæр рараст кæныны тыххæй мах аразæм рейдтæ, хыгъдтæ. Бæрæг кæнæм нымайæнты куыст. Кæмæн нæ нымайы, уый фæивар кæнæм æмæ сын сæ электрохæххытæ ахицæн кæнæм. Сæ гæххæттытæ æрвыст æрцæуынц тæрхондонмæ дæр. Хуыздæр уавæры не сты паддзахадон уагдæттæ дæр. Уыдонæй бирæтæн сæ хæстæ ахызтысты милуан сомæй. Дæнцæгæн æрхæссæн ис минералон доны завод «Осетинская»-йы. Уыдон сæхгæдтой сæ куыстуат, энергоресурсы фиддонтæ нæбафидгæйæ, æмæ канд уый нæ, ахæм куыстуæттæ дзæвгар ис нæ республикæйы», – зæгъы Гæбæрайы фырт.

Хъармгæнæн системæты куыст

Гæбæраты Алан куыд зæгъы, афтæмæй нæ горæты хъармгæнæн сезон райдайы ноябры мæйæ æмæ аххæссы суанг апрелы мæйы æмбистæм. Горæты æмткæй ис 49 артгæнæны, кæцытæ хъарм кæнынц бюджетон уагдæтты. Ис ахæм куыстуаттæ, кæцыты хъармгæнæн системæйы куыст октябры мæйы дæр райдайы. Уыдон сты медицинон уагдæттæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ æмæ ма культурон объекттæ дæр. Иумиаг хъармгæнæн системæ ивгъуыд аз арæзт æрцыд «Хурзæрин»-ы микрорайоны цæрджытæн. Хъармгæнæн системæйы куыстмæ уым йæ хъус дары горæты администраци. Мæскуыйы микрорайоны цы артгæнæн ис, уый та лæггад кæны скъола, дыууæ сабидон æмæ ма спортивон комплексæн дæр. Горæты цæрджытæ та фылдæр пайда кæнынц æрдзон газæй. Республикæйы районты цæрджытæ архайынц электроэнергийæ, газ сæм кæй нæма ис, уымæ гæсгæ.

Цы куыстытæ бакæнын бантыст 2019 азы?

Инвестпрограммæйы фæлгæтты ацы аз нæ горæты цы аст уынг  хæр-зарæзт цыд уыдоны бакодтой  электрохахх æмæ газы хæтæлтæ ауадзыны куыстытæ. Ацы уынгты хæдзæрттæй æд-дæмæ хаст æрцыдысты нымайæнтæ. Гæбæраты Алан куыд хъуыды кæны, афтæ-мæй раст уый фæахъаз, фиддонтæ æмбырд кæныны нымæц кæй фæфылдæр, уымæн. Ныр цæрджытæй иуæй-иутæн фадат нал ис, газ æмæ рухс давынæн. Уымæй дард-дæр ма куыст цыд районты, цыран зæронд электроцæджындзтæ ивд цыдысты ногтæй.

Сæйраджыдæр, ахæм куыстытæ бакодтой Цхинвалы районы хъæутæ Сатихъар, Наниаури, Хелцуа æмæ Ленингоры районы хъæуты.

Кæд сырæздзæн фæсауæрцон ног электроадæттæн хахх?

Кæд раздæрау арæх нæ, уæддæр зымæ-гон бонты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ кæддæрты аззайынц æнæ электроэнергийæ. Ивгъуыд аз та электрохахх хæхты зынвадат бацæуæны кæй фехæлд, уый аххосæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æнæ рухсæй  баззадысты  æртæ  суткæ.

Ацы авари аиуварс кæныны фæстæ Уæрæсейы Федерацийы минæвæрттæ æруынаффæ кодтой сæ Хуссар Ирыстоны коллегæтимæ æмæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ уагъд æрцæуа уæлæмхас электрохахх, кæцы цæудзæн тъунелыл æмæ зымæгон бонты уыдзæн æдас.

Уыцы фарсты фæдыл Гæбæраты Алан загъта, зæгъгæ, Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ куыстой æхсæз проектыл, уыдонæй иууыл æнцонвадатдæр у тъунелы кабель ауадзын, кæцыйыл не ‘ндавдзæн æвзæр боныгъæд. Проектмæ гæсгæ электроэнергийы хахх Цæгат порталæй Ручъы тъунелмæ куы рацæуа, уæд йæ дæргъ уыдзæн 4 километры бæрц. Хуссар порталы та иугонд æрцæудзæнис сæйраг хаххмæ.

Уыцы куыстытæм бавналдзысты 2020 азы æмæ иннæ зымæгмæ хъуамæ цæттæ уа. Ам цы æхцайы фæрæзтæ бахардз уыдзæн, уыдон бамбæрздзæн Уæрæсейы Федерацийы энергетикæйы министрад.

Республикæйы хъæуты газификаци

 «Газпром – Хуссар Ирыстон»-ы куыд зæгъынц, афтæмæй проектмæ гæсгæ 2025 азмæ 192 цæрæн пункты газификаци æрцæудзысты. Практикон æгъдауæй проект цæттæ у. Газпром архайы куыстыты график сфидар кæныныл. Нормативон-барадон акттæ дæр цæттæ сты.. Æрмæстдæр ма баззад куыстытæм æрæвналыны мадзæлттæ снысан кæныны бон бацамонын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.