Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ иугæнæг фæндаг Транскам нымад цæуы афæдзы алы афон дæр тæссагыл. Ам æрмæст зæйдзæуæн бынæттæ ис 80-ы бæрц. Бирæ бæлццæттæ бабын ацы фæндагыл цæугæйæ. Фæлæ, фæстаг азты Транскавказы автомагистралыл транспорты цæуыны æдасдзинадмæ æмæ фæндаджы æмбæлон уавæр сифтонг кæнынмæ, сæ хъус æрдардтой æмбæлон органтæ. Транскамыл зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинад сæвзæры ноябры мæйы æмæ аххæссы суанг апрелмæ. Зымæджы æрбалæудмæ хъуамæ цæттæ уой канд фæндагон службæтæ нæ фæлæ бæлцæттæ сæхæдæг дæр. Æмбæрстгонд у Транскавказы магистраль Ирыстоны цæрджытæн хуымæтæг фæндаг кæй нæу. Экономикон æмæ æрвылбонон цардуагон фарстатæ дæр комкоммæ баст сты, ацы сосæвæндагимæ. О, фæлæ бирæ хатт карз зымæгон бонты фæгæдзæ кæнын   хъæуы, цæмæй æнамонд цаутæй хи бахизæм, уый рох макæй хъуамæ уа.

Мах бацымыдис кодтам фæндагон службæтæ зымæгон карз бонтæм куыд цæттæ сты, уымæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй фæндаджы уавæрыл нæхи ‘рдыгæй фарс канд зымæгон бонты нæ, фæлæ афæдзы алы афон дæр цæуы æмбæлон куыст. Цæгатварс та Транскамыл ныртæккæ дæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ Росавтодоры ведомствойы информацимæ гæсгæ та Траскамыл кусы æрвылазон кусæг базæ йæ техникæимæ. Уыдон зымæгмæ æрцæттæ кæнынц змис, цæмæй йæ пырх кæной фæндаджы салд уæлцъарыл зæйты æрцæуæнтæй тæссаг кæм у, уым рагацау зæйтæ æрцæуын кæнынц, фæндаг сыгъдæг æрцæуы.

Тæссаг сезоны агъоммæ Транскамыл уагъд æрцæуы иумиаг ахуыртæ. Уым хайад райсынц трассæйыл цы структурæтæ кусынц, уыдон иууылдæр: ирвæзынгæнджытæ, æнамонд цауты медицинæйы службæ, фæндагон æмæ зæйты ныхмæ ведомствæты кусджытæ. Ацы ахуыртæ уагъд æрцæуынц æрвылаз дæр, зæйтæй тæссаг рæстæджыты агъоммæ. Сæ сæйраг нысан  стратегион æгъдауæй нысаниуæгджын автомагистралыл змæлды æдасдзинад фæбæр-зонддæр кæнын. Уыдон хъуамæ кусой, куыд иу механизм, æнæ рæдыдтытæй æмæ къуылымпытæй. Æрмæстдæр ахæм куысты фæрцы, Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ цы иунæг фæндаг иу кæны, уымæн фадат уыдзæн æнæрлæугæ æдас фæндагон змæлдæй сифтонг кæнын æмæ трагеди ма æруадзынæн.

«Фæстаг бонты мит æруарыд  хæхтыл æмæ та бирæ машинæты шофыртæ цæттæ нæ разындысты зымæгмæ. Сæ машинæты цæлхытæ сæрдыгонтæй зымæгонтæм ивын кæй хъæуы, уый та сæ æрбайрох. Уый фæстиуæгæн, 15 ноябры Уæллаг Рукъы фæндагыл цалдæр дæсгай машинæтæн азмæлæн нал уыд. Уыдис дзы аваритæ дæр. Ихцъар фæндаг кæд сыгъдæг кæнынц фæндагон службæтæ, уæддæр машинæты цæлхытæ лæгъз кæй сты, уый аххосæй фæсфæндагмæ абырыд цалдæр машинæйы. Хуылыдз митыл сæ бон схизын нæ уыд уæзласæн машинæтæн дæр», – загътой нын Паддзахадон автоинспекцийы.

Уыдон сидынц шофыртæм, цæмæй сæ машинæтæ бацæттæ кæной зымæгон режиммæ.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.