Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ цы иунæг фæндаг бæтты – Транскам, уый тæссагыл нымад цæуы афæдзы алы афон дæр. Ам æрмæст зæйцæуæн бынæттæ ис    80-ы бæрц. Бирæ бæлццæттæ бабын ацы фæндагыл цæугæйæ. Фæлæ, цалдæр азы размæ Транскавказы автомагистралы æдасдзинад æмæ уавæрмæ сæ хъус æрдардтой æмбæлон службæтæ.

Транскамыл зæйтæ æрцæуыны тæссагдзинад сæвзæры ноябры мæйы æмæ ахæссы суанг апрелмæ. Фæндагмæ сæ хъус цы службæтæ дарынц, уыдон цыбыр æмгъуыдмæ хъуамæ экстремалон уавæрты сæндидзын кæной автомобилон змæлд. Æмбæрстгонд у, Транскавказы магистраль Ирыстоны цæрджытæн хуымæтæг фæндаг кæй нæу, уый у иунæг фæндаг, кæцы сæ иу кæны æддагон дунеимæ. Экономикон æмæ нæ æрвылбоны цардуагон фарстатæ дæр комкоммæ баст сты ацы трассæимæ.

Мах цымыдис кодтам фæндагон службæтæ зымæгон карз бонтæм фæндаг цæттæ кæнынц, æви нæ, уымæ.

Куыд рабæрæг, афтæмæй фæндаджы уавæрыл хуссайраг фарс канд зымæгон бонты нæ, фæлæ афæдзы алы афон дæр цæуы æмбæлон куыст. Цæгатварс та Транскамыл ныртæккæ дæр цæуынц капиталон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ.

Тæссаг сезоны агъоммæ Транскамыл уагъд æрцæуы иумæйаг ахуыртæ. Уым хайад райсынц, трассæйыл цы структурæтæ   кусынц, уыдон иууылдæр. Ацы ахуыртæ уагъд æрцæуынц æрвылаз дæр, зæйтæй тæссаг рæстæджыты агъоммæ. Сæ сæйраг нысан – стратегион æгъдауæй нысаниуæгджын автомагистралыл змæлды æдасдзинад сифтонг кæнын.

«Росавтодор»-ы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Цæгат Ирыстоны фарс фæндагыл цы цалцæггæнæн куыстытæ цæуы, уыдон комкоммæ дæр баст сты фæндаг уæрæхдæр кæнынимæ .

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.