2004 азы райдианы Михаил Саакашвили æвзæрст æрцыд Гуырдзыстоны президентæй æмæ уайтагъд гуырдзиаг националисттæ сæ архайд фæактивондæр кодтой. Райдыдтой æртхъирæнтæ кæнын Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ, æгæрыстæмæй ма Уæрæсемæ дæр, ома нæ фæндыл алчидæр хъуамæ сразы уа. Саакашвилийы саразгæ къахдзæфтæм лæмбынæг куы æркæсæм, уæд бамбардзыстæм, Гуырдзыстон кæй бавнæлдта йæхи цæттæ кæнынмæ Уæрæсеимæ схæцынмæ. Сыхаг паддзахад ныгуылæн бæстæты пъланмæ гæсгæ халын райдыдта Уæрæсеимæ алыгъуызон бастдзинæдтæ æмæ уыимæ иумæ тыхджын кæнын райдыдтой сæ хъахъхъæнынады министрады.
Куыд цæттæ кодта Гуырдзыстон йæхи хæстмæ

Саакашвили уал фыццаджы банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон тырндзæн Евроцæдис æмæ НАТО-йы скондтæм бахизынмæ. Фæлæ йæ ацы хъуыддаджы тынг къуылымпы кодтой Гуырдзыстоны территориалон фарстатæ æмæ райдыдтой сæхи цæттæ кæнын тыхæй спайда кæнынмæ. 2004 азы уал майы мæйы Ачъарайы автономон республикæйы сарæзтой «революци» æмæ йæ сæргълæууæг Аслан Абашидзе лидзинаг фæцис Гуырдзыстонæй.

Уый фæстæ сæ ных сарæзтой Хуссар Ирыстонмæ – фæндыд сæ æнтыстджын æфсæддон операци саразын, фæлæ сын нæ рауад. Ачъарайы куыд лæгъз ацыдысты сæ хъуыддæгтæ, ууыл сæ зæрдæ даргæйæ, нæ бамбæрстой, ирæттæ сæ райгуырæн зæхх дæттынмæ кæй нæ хъавынц. 20 августы 2004 азы Саакашвили йе ‘фсад акодта Ирыстоны арæнтæй, фæлæ йæ маргæйдзаг фæндтæ нæ фæивта.

Украинæ, Израиль, НАТО – Хæсты сæйраг спонсортæ

Хуссар Ирыстонмæ æрбабырст æнтыстджын кæй нæ рауад, уый фæдыл хатдзæгтæ сарæзтой æмæ райдыдтой ногæй цæттæ кæнын сæ гарзджын тыхтæ. Ома,  æгæр æдзæттæ кæй разындыстæм, уый тыххæй не схæццæ стæм Ручъы тоннелмæ. АИШ æмæ йæ сателиттæ та райдыдтой æхсæнгарзæй ифтонг кæнын Гуырдзыстоны. Сæ хæстонты сын сæхимæ кæнын райдыдтой æфсæддон ахуыртæм. Сæхимæ дæр сын нырвыстой æфсæддон инструктортæ. Ӕрмæст америкæйаг цæттæгæнæн программæйы фæлгæтты æфсæддон ахуырты хайад райстой 8 мин гуырдзиаг хæстоны. Эксперттæ куыд банымадтой, афтæмæй уыцы рæстæджы АИШ хæстон æххуыс бакодта Гуырдзыстонæн 1,5 миллиард доллары бæрц. Алкæмæндæр æмбæрстгонд уыд, фидæны сæ ногæй кæй «сардаудзысты» Хуссар Ирыстон æмæ Абхазыл.

Гуырдзыстоны ма тынг хъыгдæрдтой уæрæсейаг æфсæддон базæтæ дæр. Уыдон  баззадысты советон дугæй дыууæ бæстæйы ‘хсæн бадзырдмæ гæсгæ. 2005 азы марты мæйы Гуырдзыстоны парламент райста резолюци, кæцымæ гæсгæ уæрæсейаг æфсæддонтæ 2006 азы радайæнмæ хъуамæ ныууагътаиккой Гуырдзыстоны территори. Ацы хъуыддаг афтæ æнцон саразæн нæ уыд, æфсæддон техникæ æмæ сæ фæлындæнтæ æгæр бирæ уыдысты æмæ процесс адаргъ 2007 азы 15 ноябрмæ. Юридикон æгъдауæй ма Гуырдзыстоны территорийыл баззадысты уæрæсейаг æфсæддонтæ æрмæстдæр Хуссар Ирыс-тоны æмæ Абхазы, ома, фидауынгæнæг тыхтæ.

Гуырдзыстоны æфсæддон бюджет Саакашвилийы рæстæджы фæфылдæр цалдæр хатты. Сæ гарзджын тыхты рахизын кодтой контрактон системæмæ, фæсарæнты райдыдтой æлхæнын бæрзондтехнологон æхсæнгæрзтæ. Иууыл егъаудæр партнертæ сын уыцы хъуыддаджы уыдысты Украинæ æмæ Израиль. Ӕхцайы фæрæзтæй та сæ ифтонг кодтой АИШ æмæ Европæйы хъомысджын бæстæтæ. Ӕниу сын АИШ æхсæнгарз дæр дзæвгар радта – æфсæддон бастдзинады фæрæзтæ, верттæхджытæ,  алыгъуызон хотыхтæ æмæ æхсæнгæрзтæ. Израиль ма сын радта фондз æнæпилотон бæрзондтехнологон хæдтæхæджы «Hermes-450», – уыдонæй дыууæйы æрæппæрстой уæрæсейаг æфсæддонтæ хæстон архайдтыты рæстæджы.

Хуссар Ирыстонмæ æрбабырсыны хæдразмæ Гуырдзыстон уæлдай тынгдæр бацæттæ кодта йæ уæлдæфон тыхтæ. Фыццаг уал фæфылдæр кодтой уыцы æфсæддонты нымæц – 1813 хæстоны онг. Сцалцæг кодтой 12 хæдтæхæджы «СУ-25» – цалдæр дзы балхæдтой Украинæйæ, иннæтæ сын баззадысты Советон Цæдисæй. Чехтæ дæр сын балæвар кодтой 12 хæдтæхæджы «L-39» æмæ «L-29». Советон дугæй сæм баззад цалдæр транспортон хæдтæхæджы дæр. Верттæхджытæ дæр сæм уыд дзæвгар – иу «МИ-35», 2 «МИ-14», 16 «МИ-8», 2 «МИ-2», 6 америкæйаг «Bell-212» æмæ иу ахæм та «UH-1H». Уыдис ма сæм 6 иттæг хорз хæстон верттæхæджы  «МИ-24», кæцыты фылдæр хай сын радта Украинæ.

Ӕдæппæт НАТО-йы бæстæтæ Гуырдзыстонæн радтой 175 танчы, 126 згъæр-варс транспорты, 67 сармадзаны, 8 хæстон науы æмæ афтæ дарддæр. Хъавыдысты ма ноджы фылдæр техникæ радтынмæ, фæлæ хæст æгæр тагъд фæцис æмæ сын, Хуыцау хорз, нæ бантыст. Уымæй уæлдай ма сарæзтой хицæн зенитон-ракетон дивизион дæр.  Уымæн йе сконды уыдысты æртæ комплексы «Бук-М1» – радта сын сæ Украи-нæ. Дыккаг дивизион дæр бæргæ цæттæ кодтой, фæлæ сын нæ бантыст æмæ хæстон архæйдтыты рæстæджы бафтыдысты уæрæсейаг æфсæддонты къухтæм. Стæй ма сæм уыд 12 комплексы та «Оса-АК» æмæ «Оса-АКМ».

«Бук-М1» у тынг тæссаг æмæ бæрзондтехнологон æхсæнгарз, æмæ цæмæй хæстонты хорз бацæттæ кæнай, уымæн бирæ рæстæг хъæуы. Уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны «Бук-М1»-ты бадтысты украинæйаг хæстонтæ æмæ активон, æнтыстджын хайад райстой хæстон архæйдтыты.

Ныфсытæ æмæ æрвонггæнæг æцæгдзинад

Саакашвилийæн йæ куратортæ ныфс бавæрдтой, ома Уæрæсе чысылнымæц ирæтты сæрыл не схæцдзæнис уемæ, нæ фехалдзæнис хурныгуылæйнаг бæстæтимæ йæ ахастытæ. Ома, иууыл фылдæр, кæд сараза дипломатон протест æмæ рахæсса экономикон санкцитæ. Фæлæ фæсайды сты. Хæсты фыццаг бонæй фæстæмæ уæрæсейаг «МиГ-29» хæдтæхджытæ «æлдариуæг» кæнын райдыдтой Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны сæрмæ. Кæд æмæ украинаг хæстонтæн бантыст «Бук-М1»-ы фæрцы 6 хæдтæхæджы æрæппарын, уæддæр иумæйагæй сисгæйæ ницæуыл бандæвта. Гуырдзиæгтæ сæхæдæг сæ зиæнттæ нæ рахъæр кодтой, афтæмæй та уæрæсейаг бомбæзгъалджытæ æппынæдзух зилдух кодтой гуырдзиаг хæстон дæлхæйтты сæрмæ æмæ сæ куынæг кодтой.

Уæрæсейаг хæстон пилоттæ стыр хайбавæрд бахастой гуырдзиаг гарзджын тыхты скуынæг кæныны хъуыддагмæ. 8 августы Гур-Цхинвалы фæндагыл ныппырх кодтой гуырдзиаг гарзджын тыхты 4-æм бригадæйы автоколоннæ, нымад уыд гуырдзиаг æфсады элитæйыл. Ифтонг уыдысты æрмæстдæр америкæйаг æхсæнгæрзтæй æмæ йæ хæстонтæ та ахуыртæ рацыдысты америкæйаг инструкторты хъусдардæй. Егъау зиæнттæ баййафыны фæстиуæгæн ацы æфсæддон дæлхай нал уыд хæстхъом. Иумæйагæй сисгæйæ, Уæрæсейы авиаци куы нæ уыдаид, уæд, æвæццæгæн, афтæ тагъд «лидзынмæ» нæ фæуыдаиккой гуырдзиаг хæстонтæ. Цъиувæдис кæй апарахат се’фсæддон дæлхæйтты ‘хсæн, уый фæс-тиуæгæн уæрæсейаг 58-æм æфсады къухты бафтыд Гуырдзыстоны гарзджын тыхты техникæйы 60 проценты бæрц. Куынæг ма æрцыдысты радиолокацион станцтæ, управленийы пункттæ, хæцæнгæрзты скълæдтæ. Гуырдзиаг æфсæддонтæй æмæ ма æххуырст хæстонтæй æдæппæт фæмард ис 3 минмæ ‘ввахс, фæлæ сæ официалонæй нæ рахъæр кодтой.

Зиæнттæ баййæфтой уæрæсейаг æфсæддонтæ дæр – фæмард сты 67 хæстоны, скуынæг сын кодтой 3 танчы, 20 згъæрварс транспорты æмæ ма æндæр техникæ. Хæст хæст у æмæ зиæнттæ æййафынц дыууæ ‘рдыгæй дæр.

 

***

Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй ныгуылæн бæстæты дзыллон информацийы фæрæзты æппынæдзух гæды ныхæстæ кæй дзурынц, уый ныр алкæмæ дæр диссаг кæсы. Фæлæ ацы хъуыддаг фыццаг мах бавзæрстам нæхиуыл – нæ фæдисы хъæр нын ничи хъуыста бирæ азты дæргъы ныгуылæн бæстæтæй. 2008 азы хæст куы райдыдта, уæд та фæсарæйнаг политиктæ æмæ сæ дзыллон информацийы фæрæзтæ сæхи афтæ дардтой, цыма никуы ницы æрцыдис. Сæ информацион блокты иу дзырд нæ уыд, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ кæй бабырста, уый тыххæй. Стæй уæрæсейаг æфсад æххуысмæ куы æрцыдысты, уæд иууылдæр «райхъал» сты æмæ дзурын райдыдтой, ома Уæрæсе Гуырдзыстонмæ ныббырста.

Абоны бон æй ирдæй уынæм, Уæрæсе, раздæримæ абаргæйæ, йæ политикæ кæй фæивта Фæскавказы. Кæд æмæ 2008 азы онг Уæрæсе нымадта Гуырдзыстоны тер-риториалон æнæхъæндзинад, уæд ныр та йе ‘ддагон политикæйы концепци æндæр у.  Ныры дуджы дунеон политикæйы цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдонмæ кæсгæйæ Уæрæсе бирæ проблемон фарстатæм кæсын райдыдта æндæр цæстæнгасæй.

Махæн сæйраг у, Уæрæсе нæ кæй банымадта хæдбар паддзахадыл æмæ нæ кæй хъахъхъæны. Уæдæ мæнмæ гæсгæ, нæ хъæуы катай кæнын, бирæ бæстæтæ нæ кæй нæ нымайынц хæдбарыл, ууыл. Цæгат Кипры Турк йеддæмæ ничи нымайы хæдбар паддзахадыл, фæлæ 1983 азæй фæстæмæ тынг хорз цæрынц. Ӕмæ ахæм цæвиттонтæ бирæ æрхæссæн ис. Сæйраг уый нæу æмæ дæ цал паддзахады банымайой хæдбарыл. Сæйраг у, цавæр паддзахад дæм фæдаргъ кæна йе ‘ххуысы къух.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.