Мæскуыйы уагъд æрцыд 2016 азы 5-æм декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызд Уæрæсейы Федерацийы финансон фæрæзты хыгъдæй фæфылдæр кæнын финансон фæрæзтæ радтыны фæтк æмæ уавæрты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Сразыдзинадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй Суагъæ æмæ 2016 азы 5-æм декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджытæн сæ куыстмызд фæфылдæр кæнын Уæрæсейы Федерацийы финансон фæрæзты хыгъдæй финансон фæрæзтæ радтыны фæтк æмæ уавæрты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Сразыдзинады Суагъæйыл къухтæ æрфыссын.

Документ бæлвырд кæны 2016 азы 5-æм декабры Сразыдзинад адарддæр кæнын, кæцы бæрæг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæнын.

Суагъæйыл сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Антон Котяков.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.