Президент Гаглойты Алан Цхинвалы районы администрацийы коллективæн базонгæ кодта ног къухдариуæггæнæг – Бæззаты Иналы.

Бæззаты Иналы снысан кæныны тыххæй Барамындыл пад-захады сæргълæууæг йæ къух æрфыста 28 июны.

Президент радзырдта Бæззаты Иналы профессионалон архайды тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстджын куыст.

«Курæг уæ дæн, цæмæй йæ фарсмæ балæууат æмæ æнгомæй кусат. Уæлдай курæг дæн дæуæй, Инал Ермакы фырт, адæмимæ иумæйаг æвзаг ссарын, кæцытæ хатдзысты дæумæ сæ проблемон фарстытимæ.

Сымахæй алчи дæр йæ бынаты хъуамæ архайа бæрнонæй йæ функционалон хæстæ æххæст кæныны, цæмæй Президентмæ бахатын сæ фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй ма уа фæстаг ныфс. Кæд æмæ фарст аскъуыддзаг кæныны æнæмæнгхъæуæг уа мæ хайадист, уæд мæ дуæрттæ алы хатт дæр гом сты æмгуыстадæн», – загъта Гаглойты Алан.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, хъæутæм хъуамæ уа лæмбынæг хъусдард, цæмæй хъæуы цæрджытæ сæхи ма хатой æнæ хъусдардæй.

Уымæй уæлдай ма Президент бузныджы ныхæстæ загъта Цхинвалы районы администрацийы раздæры сæргълæууæг Мамытаты Вахтангæн районы хæрзиуæгæн йæ куысты тыххæй.

Йæ рады, Бæззаты Инал бузныг загъта ахæм æууæнкдзинады тыххæй.

«Æппæт тыхтæ дæр ратдзынæн, цæмæй уыцы æууæнкдзинад ма фæсайон. Хъæуы хъуыды кæнын, ацы бынæттæ рæстæгмæ кæй сты, немæ баззайынц æрмæстдæр хорздзинæдтæ, кæцытæ мах сарæзтам нæ куыстыты бынæтты», – загъта уый.

Бæззаты Инал банысан кодта, зæгъгæ, зонгæ у хъæуы цæрæг адæмы проблемæтимæ.

«Куыстæй æз никуы тарстæн. Архайдзыстæм уыдон фадæттæм гæсгæ скъуыддзаг кæныныл», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.