Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади æмæ Уæрæсейы Федерацийы Куысты  æмæ социалон хъахъхъæды министр Антон Котяков Мæскуыйы сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æхсæнхицауадон сразыдзинадыл Уæрæсейы Федерацийы фæрæзты  хыгъдæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон управленийы органты кусджыты куыстмыздты æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны фæтк æмæ æмфинанскæнынады уавæрты тыххæй.

Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой, зæгъгæ, дыууæфарсон æмкуысткæнынады фарстатæ размæ цæуынц æмбæлон динамикон темптæй, кæцытæн дарддæр дæр хъæуы се ‘нцой балæууын, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæйы институты арæзтад та цæуы сфидаргонд планмæ гæсгæ.

«Куысты министрад кæндзæн методикон æххуыс, ахъаз кæндзæн сразыдзинады фарстатæ реализаци кæнынæн æмæ æмтгæй цæттæ у конструктивон диалогмæ, стæй социалон æмæ фæллойадон ахастыты фарстаты фæдыл æмгуысткæнынмæ», – банысан кодта Антон Котяков.

Йæ рады Бекъойты Геннади бузныджы ныхæстæ загъта уæрæсейаг коллегæтæн фарсхæцынад æмæ æнтыстджын æмгуысткæнынады тыххæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны райстæуыд Закъон «Паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй», Закъоны развæлгъау бацæттæгонд æрцыдысты Президенты барамындты проекттæ, дæлзакъонон акттæ æмæ æнæхъæнæй дæр административон реформæты æмæ паддзахадон управленийы системæ фæхуыздæр кæныны фæлгæтты хъæуы серьезон куыст бакæнын», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Кусæгон фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд, 2021 азы 25 майы къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмыздты æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны фæтк æмæ æмфинанскæнынады тыххæй сразыдзинады суагъæйы реализацийы фарстатыл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.