Куыстуарзаг сты Ленингоры районы хъæууон фæллойгæнджытæ, уыдон фылдæр арха-йынц зæхкуысты къабазы. Кæд раздæры азтау зæрдæйы фæндиаг нал сты зæхкусæджы авналæнтæ, уæддæр архайынц æмæ æрвылаз дæр сæ зæххыты æгуыстæй нæ ныууадзынц. Уыдон хорз æмбарынц, зæхмæ куыд базилай, афтæ дæ уый дæр нæ фæхъыг кæндзæн æмæ дæ фæхайджын кæндзæн йæ хæрзиуджытæй. Тракторон бригадæйы бригадир Габеты Хвичайы механизаторты ‘хсæн хорз æвæрд у куысты дисциплинæ æмæ кæддæриддæр хуым кæнын æмæ тауыны куыстытæ сæххæст кæнынц рæстæгыл. Бригадир Габейы-фырт архайы йæ кусджыты хъæуæг ифтонггæрзтæ æмæ æртагæй сифтонг кæныныл, уымæ гæсгæ сæ бæрныуæвæг трактортæ алы хатт дæр вæййынц куыстæввонг.

Кусынæн бæзгæ боныгъæдтæй фæззыгон-уалдзыгон бонты механизатортæ Хуриты Зураб, Дриаты Звиад æмæ Гусойты Валери спайда кодтой хæдзардзин æгъдауæй æмæ уый фæстиуæгæн хицæн зæхкусджыты æмæ фермерон хæдзарадты зæххы фадгуыты тыд æрцыдысты фæззыгæнд мæнæу æмæ хъæбæрхоры культурæтæ. Æдæппæт сын байтауын бантыст 1400 гектармæ æввахс. Хицæнтæй сисгæйæ, Орчъосаны хъæуы Елойты Сосойæн тыд æрцыд 35 гектары, Цъинагары зæххы та Хуыбылты Ильяйæн байтыдтой 25 га æмæ афтæ дарддæр. Хъæздыг тыллæгæрзадæн æнæмæнг фæхъæуы байтыдтæм алыхуызон хостæй фæкæсын æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддаг дæр рох нæ уыд зæхкусджытæй. Сæ фадæттæм гæсгæ самал кодтой дыууæ хуызы хостæ æмæ ныр дызæрдыггаг нæу, кæй сæ райсдзысты зæрдæйы фæндиаг тыллæг.

Æрæвнæлдтой холлæгтæ æфснайыны куыстмæ дæр, лæвæрд сын æрцыд иу холлагкæрдæн агрегат æмæ куыд кæрдынц, афтæ йæ кæнынц пресс дæр. Рæхджы æрбалæудзæн хуымгæрдæн дæр æмæ куыстытæ æххæст кæндзысты дыууæ комбайны. Раст у, комбайнтæй иу цух у фæсауæрцон хайæ, фæлæ сын баныфсæвæрдтой, куыддæр бынатмæ фæхæццæ уа, афтæ йæ срæвдз кæндзысты æмæ райдайдзысты сæ афæдзы бæркад æфснайын.

                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.