2020 азы 30 апрелы къухтæ æрфыстæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты материалон-техникон ифтонгады,  Республикæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты кусджыты мыздтæ æмæ социалон гарантитæ этапгай фæбæрзонддæр кæныны хæрдзты финанскæнынады тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Сразыдзинадмæ хауæг Суагъæйыл.

Документ, кæцы йæ тыхы бацæудзæн дыууæ фарсы мидпаддзахадон процессты фæуды фæстæ,  домы 2017 азы дыууæфарсон Сразыдзинады уынаффæты архайд адардддæр кæнын Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органтæн æххуысы сæйраг параметртæм гæсгæ.

Суагъæйыл сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ Уæрæсейы Федерацийы Статс-секретарь – Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубов.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.