Цхинвалы районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады управлени йӕ хистӕр Хъотайты Барисы разамындæй фӕстаг рӕстӕджы фылдӕр хъусдард здахы хъӕууон цӕрджыты проблемæтæ скъуыддзаг кӕнынмӕ ӕмӕ йын ӕнтысгӕ дӕр кӕны. Йӕ фадӕттӕ ӕмӕ уавӕртӕ йӕ куыд амонынц, афтӕ архайы хъӕуты нуазыны донӕй сифтонг кӕныныл, стӕй хъӕуӕй хъӕумӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ бынаты мидӕг та уынгтӕ схӕрзарӕзт ӕмӕ сцалцӕг кӕныныл. Уымӕй дарддӕр ма районы цӕрӕн бынӕтты ис культурон-рухсадон ӕмӕ ӕндӕр объекттӕ, уыдоны иу хай рӕстӕджы цыдимӕ ӕрцӕуынц мӕгуырау уавӕрмӕ ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн фӕтыхсынц куыд кусӕг персонал, афтӕ ӕмбӕстӕгтӕ дӕр. Бакусынц уыдоны дæр æмбæлон уагмæ æркæныныл.

Управленийы архайды фæстиуджытæ сӕхиуыл ӕвзарынц Къостайыхъӕуы цӕрджытӕ дӕр. Цӕвиттон, цалдӕр азы размӕ дӕр ма хъæуы уынгтӕ уыдысты ӕдзӕллаг уавӕры ӕмӕ сыл ӕдӕрсгӕ ацæуæн нал уыд, куыд автотранспорт, афтӕ фистӕгӕй цӕуджытӕн дӕр. Фӕлӕ ацы згъуыдтӕ азӕй азмӕ цӕуынц иуварсгонд ӕмӕ уымӕй хӕрзвадатдӕр кӕнынц цӕрджыты уавӕртӕ.

Ивгъуыд аз аразынмӕ бавнӕлдтой Аланты уынгмӕ, ныккалдтой йыл ставд хуырдур, фӕлӕ стӕй куыстытӕ кӕронмӕ нал ахæццæ сты бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уынджы уавӕр фӕхуыздӕр, мӕгуырау боныгъӕдты йыл ӕнцондӕрӕй уыд цӕуӕн. Фӕлӕ уӕддӕр адæм тыхстысты, уымӕн ӕмӕ йыл зын цӕуӕн уыд куыд машинӕтӕн, афтӕ ӕмбӕстӕгтӕн дӕр. Ныр уыцы цухдзинад иуварсгонд ӕрцыд, ныккалд-той йыл лыстӕг хуырдур. Уымӕй дарддӕр ма цалдӕр боны размӕ бавнӕлдтой Хетӕгкаты Къостайы уынджы схӕр-зарӕзт кæнынмæ дӕр. Районы администрацийы сӕргълӕууӕджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери бынаты федта уынджы мӕгуырау уавӕр ӕмӕ бахаста фӕндон, цӕмӕй уынджы арӕзтад скъуыддзаг ӕрцӕуа ацы азы кӕронмӕ. Ныртӕккӕ йыл калынц хуырдур. Цӕмӕй ӕмбӕлон ӕмгъуыдмӕ фӕуа арæзт, уый тыххӕй аразджытӕ фæкусынц суанг изӕрмилтӕм. Уыдон сты экскаваторыл кусӕг Уалыты Уасил, грейдерист Козаты Алан, хуырдурӕвгӕнӕг Зӕгъойты Алик, шофыртӕ Абайты Михаил, Плиты Вадим ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.