Азтæ кæрæдзийы фæстæ ивгъуыд дугмæ куыд цæуынц, афтæ нæ дардæй-дарддæр кæны адæймагады историйы иууыл æгъатырдæр хæст — Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фæлæ уый махæй рох нæ кæны, уый нæ, фæлæ азæй-азмæ нæ кæстæртæ тынгдæр цымыдис кæнынц æмæ зонгæ кæнынц, уыцы стыр дудгæбойнаджы азтимæ æмæ уыимæ та мингай адæймæгты хъысмæттимæ.

Мингай, дæсгай, сæдæгай минтæй цыдысты Советон Цæдисы алы къуымтæй цы фыддæр знаджы ныхмæ тохы быдырмæ.

Ирыстон дæр йæ равзаргæ хъæбулты фервыста уыцы уæззау фæндагыл. Сæ хъысмæт уыдонæн, кæй зæгъын æй хъæуы, иугъуызон нæ рауад. Бирæтæ, тынг бирæтæ фæцыдысты ацу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл. Бирæтæ цæфтæ, цæнкуылтæй æрыздæхтысты, бирæтæ та, кæд хæсты судзгæ цæхæрыл рацыдысты, уæддæр æвыдæй сæмбæлдысты сæ хæдзæрттыл. Алкæмæн йæхи амонд уыдис уыцы стыр фыдæвзарæны. Хæстмæ цыдысты æппæт хæстхъом адæм иууылдæр, уыдоны ’хсæн уыдысты сфæлдыстадон кусджытæ, дохтыртæ, музыканттæ. Хæст хæст у, æмæ кæд йемæ хаста мæлæт, уæддæр сфæлдыстадон кусджытæн уымæй се уонг нæ мард, фæлæ фæлдыстой хæсты темæйыл радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, алыгъуызон зарджытæ. Æмæ зарыдысты хæстонтæ, кафыдысты, уыцы фадат иу сын тохы быдыры куы фæзынд, уæд.

Ацы хъуыддаг бахынцыдта нæ горæты 6-æм скъолайы музыкæйы ахуыргæнæг Козаты Маринæ æмæ Стыр Уæлахизыл 71 азы сæххæсты бонмæ скъолайы зарæггæнджыты къордимæ бацæттæ кодтой бæрæгбонон концерт.

Концертмæ æрбацыдысты скъолайы ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Национ политикæ, культурæ, ахурад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, Парламенты Сæрдары æххуысгæнæг Вячеслав Алиев, РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали, йæ хæдивæг Гаглойты Елиса.

Бæрæгбонон концерт цымыдисон уымæй уыд, æмæ ам фехъусæн уыд сæрибары сæрыл тохмæ сидæг зарджытæн, цæмæй бахъахъхъæной æмæ фервæзын кæной знагæй сæ райгуырæн бæстæ.

Мадзалмæ æрбацæуджытæн ма цымыдисон уыд уый дæр, æмæ ахуыргæнинæгтæ дзырдтой бирæ хæстон зарджыты равзæрды историйы тыххæй. Уыцы зарджытæ абон дæр сты актуалон æмæ адæмæн уарзон. Легендарон балхон Александр Суворов дæр ахсджиаг нысаниуæг лæвæрдта зарæгæн, уæлдайдæр та хæстон зарæгæн. Уый загъта, зæгъгæ, зарæг хъуамæ уа иууыл зæлланггæнагдæр æмæ адæймаджы зæрдæмæ лæууа æввахс. Уый хъуамæ хæстонты разæнгард кæна тохмæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд.

Зарæг разæнгард кодта Сырх Æфсады хæстонты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дæр немыцаг тыххæйисджыты ныхмæ тохмæ. Хæстæн йæ райдианы зынгæ советон поэт Лебедев Кумач ныффыста æмдзæвгæ «Священная война». Æмдзæвгæйы Сырх Æфсады зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы къухдариуæггæнæг Александров куы бакаст, уæд ыл уайтагъд ныффыста зарæг, кæцы сидт æрмæст Сырх Æфсадмæ нæ, фæлæ æппæт советон адæммæ, цæмæй растой цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ. Ацы зарæг агайдта алы советон адæймаджы зæрдæйы дæр æмæ æнæуынондзинад æвзæрын кодта знагмæ. Ацы зарæг хæстмæ фæндараст кодта сырхæфсæддонты æмæ сæ разæнгард кодта тохмæ.

Ацы зарæг айзæлыд мадзалы дæр. Уыцы иурæстæджы экранмæ бакæсæн уыдис хæстон кадртæм. Зæлыдысты ахæм зарджытæ: ма уыдысты «Эх, дороги», «Смуглянка», «Землянка», «В лесу прифронтовом», «Темная ночь», Шестаковичы «6-æм симфони» æмæ бирæ æндæртæ.

Мадзалы кад кодтой, тохы быдыры чи хæцыдысты, канд уыцы æхсарджын хæстонтæн нæ, фæлæ уыдоны чи схъомыл кодтой, уыцы ныййарджытæн, хæстоны мадæн, кæцы бавзæрста хæсты æппæт зындзинæдтæ.

Мадзалы сæрмагондæй дзырдтой, хæст ирон адæмы зæрдæтæм дæр йæ дæрзæг армæй кæй бавнæлдта, бинонты ’хсæн кæм цал хæстхъом адæймаджы уыдис, уалæй кæй цыдысты, æмæ-иу 5-7 дæр кæй баисты.

Уыдонæй-иу бирæтæй иу дæр сæ хæдзарыл нал сæмбæлдис. Æрымысыдысты Гæздæнты авд æфсымæры. Уыцы авд æфсымæры хъысмæт ссис, æмбал кæмæн нæй, ахæм хæстон сгуыхтдзинады символ. Уыдон сæ хъæбатырдзинадæй сæ нæмттæ сæхæдæг сæнусон кодтой. Сæ нæмттæ сын сæнусон кодтой ирон фысджытæ дæр. Цæвиттон, Плиты Грис сыл ныффыста йæ зындгонд поэмæ «Авд цухъхъайы» æмæ Гаглойты Владимир та — трагеди «Ныййарæджы кадæг», бирæ азты дæргъы æвæрд цæуы, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны драмон театрты сценæтыл.

Хæсты темæ мадзалы архайджытæ арф сæ зæрдæмæ кæй айстой, уый ирдæй зынд, сæ алы ралæуд дæр зæрдæмæхъаргæ кæй уыдис, уымæй. Бæрæг уыд се ’нкъарæнтæ сын арф кæй агайдта. Уыцы уавæр æнæрахизгæ нæ фæцис мадзалмæ чи æрцыдысты, уыдонмæ дæр. Æмæ ирдæй зынд, уыцы уæззау трагикон азты сæхиуыл чи бавзæрстой, уыдоны рыст зæрдæйæ кæй æнкъардтой. Уый та бирæбæрцæй дзурæг у мадзал организацигæнæг Козаты Маринæйы арæхстдзинадыл. Бæрæг уыд, йæ ахуыргæнинæгтимæ иузæрдион куыст кæй бакодта, уый. Уый тыххæй ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинæгтæн дæр арфæйы ныхæстæ загътой Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли æмæ Ахуырады министр Гасситы Натали. Ахуыргæнинæгтæн сæ цæст бауарзта, цæмæй хæст макуы феной, æмæ сæ цард аразой сыгъдæг арвы бын. Æмæ сæм æрсидтысты, цæмæй кад æмæ аргъ кæной, уыцы тугкалæн хæсты нæ хæдбар æмæ сæрибардзинады тыххæй чи тох кодтой, уыцы хистæр фæлтæры æнусон сгуыхтдзинадæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.