Не Стыр Райгуырæн бæстæйы адæмтæ цавддурау фесты, сæ фыдыбæстæм немы-цаг фашисттæ мæнгардæй куы æрбабырстой, сабыруарзаг адæмы хидвæллойæ арæзтæдтæ гæныстон кæнынмæ куы æрхъавыдысты, уæд. Хъуыд фидар фæлæууын æмæ бæстæйы цард бахъахъхъæнын, немыцаг æфсæдтæн сæрсæттæн цæф ныккæнын æмæ та ногæй адæмтæн сабырад æмæ хæдбардзинад æрхæссын. Æндæр нациты минæвæртты фарсмæ фæндвидарæй æрлæууыдысты Ирыстоны кадджын хъæбултæ дæр æмæ хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ хъæбатырæй тох кодтой знаджы ныхмæ, алы фронтты дæр фыдгулæн кодтой сæрсæттæн цæф.

Канд хæсты цæхæры не ‘вдыстой хъайтардзинад нæ хæстонтæ. Фæсчъылдым цы æмбæстæгтæ баззад, уыдонæн дæр къаддæр нæ уыд се ‘нæрынцойдзинад. Кæд топпы хъæр нæ хъуыстой, знаджы ныхмæ размæбырстыты хайадисджытæ нæ уыдысты, уæддæр фæсчъылдымы адæмæн дæр æхсæв æмæ бон  нæ уыд. Уыдон хорз æмбæрстой æмæ æдзухдæр сæ зæрдыл дардтой, се ‘вæллайгæ фæллойы фæрцы ахъаз кæй сты нæ хæстонтæн тохы быдыры, кæй сын дæттой ныфс æмæ фидардзинад знагыл тагъддæр фæуæлахизы сæраппонд. Афтæ хъуыды кодтой æмæ ахæм ныфсимæ уыд сæ хъазуатон фæллой Къостайыхъæу-Цъунары фæсчъылдымы адæмæн дæр. Уыдон сæйраджыдæр уыдысты зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ къаннæг сабитæ. Адæймаг сыл куы ахъуыды кæны, уæд дис дæр фæкæнæм, куыд фæрæзтой æппæт уыцы фыдæбæттæн, цахæм стыр тых æмæ фæразондзинад уыд се уæнгты. Хæдзарон змæлдтытæ, колхозон быдыртæ æмæ фермæты куыстытæ æнæхъинцъæй æххæст кæнын сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм. Фæскуыст, хæдзæрттæм æрбаздæхгæйæ дæр сын нæ уыд æрулæфт. Суанг æхсæвæрафонтæм кодтой хæдзарон зылдтытæ, хъомыл кодтой æмæ кастысты сæ кæстæртæм, ноджы ма фæсæмбисæхсæвтæм нæ хæстонтæн цæттæ кодтой хъарм дзаумæттæ.

Уæды азты архивон æрмæджытæй куыд бæрæг у, афтæмæй колхозонтæ сæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ, архайдтой хæдзарады экономикæ сырæзын кæныныл æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Сæ хъазуатон куысты тыххæй 1941 азы 29 январь æмæ 3 февралы Сталиниры райæххæстком рахаста уынаффæ Къостайыхъæуы раззагон фæллойгæнджыты Æппæтцæдисон хъæууонхæдзарадон Равдыстмæ кандидаттæ сфидар кæныны тыххæй, уыцы нымæцы уыдысты колхоз «Зиууон»-ы сæрдар Джиоты Мелитон, хынцæг Тыбылты Лонги, фосдарды товарон фермæйы хистæр фыййау Хуыбиаты Зозыр, тракторист Джиоты Казимир æмæ æндæртæ. Хъæуы цæрджытæ сæ колхозы размæцыдыл æнувыдæй кæй куыстой, уый тыххæй хæдзарады бюджет, 1940 азимæ абаргæйæ, 1941 азы сырæзт 24000 сомы. Уыцы аз колхозæн сæкæры цæхæра байтауыны план уыд 21 гектары. 1943-44 хæдзарадон азты Ставрополы крайы зымæгон хизæнуæттæм аскъæрдта 3730 фысы. Колхоз ставд фосы план сæххæст кодта 106 процентæй, уыцы нымæцы хъуццытæй – 100 проценты, кусæг фосæй – 100 проценты æмæ афтæ дарддæр. 1944 азы Цъунары хæдзарад фæззыгæнд мæнæу хъуамæ байтыдтаид 301 гектары, уалдзыгæнд хъæбæрхор – 6 гектарæй фылдæр, нартхор – 194 гектары, сысджы -10 гектары, сæкæры цæхæра – 15 гектары æмæ картоф та 5 гектары. 1945 азы колхозæн бæхтæ дарынæй хорз фæстиуджытæ кæй уыд, уый тыххæй Гуырдзыстоны фосдарды министрадæй преми райста 1000 сомы. Знагыл тагъддæр фæуæлахизы хъуыддагмæ сæ хайбавæрд хастой хъæуы фæсчъылдымы адæм. Цæвиттон, колхозы сæрдар Джиоты Мелитон хæстон колоннæйы арæзтадмæ бахаста 5 000 сомы æмæ эскадрилы арæзтадмæ та колхоз радта 10 5000 сомы Хæсты рæстæджы активон хайад кæй истой æппæт куыстыты, стæй ма фронтæн кæй æххуыс кодтой, уый тыххæй майдантæм бавдыст æрцыдысты Мамиты Нуши, Бигъуылаты Къола, Гæбæраты Надуши, Тедеты Жадо æмæ Бæззаты Серги.

Уæдæ Стыр Уæлахизы бонмæ егъау уыд сæ хайбавæрд, Къостайыхъæуы фæсчъылдым чи баззад æмæ дзы хъазуатонæй чи фæллой кодта, уыдонæн дæр. Сæ æгæрон тох цы сабырады сæраппон уыд, уым та цæрынæй æмæ фæллой кæнынæй бафсæдæнт  сæ кæстæртæ.

                                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.