Хуссар Ирыстоны делегаци Хицауады Сæрдар Джуссойты Константины сæргълæудæй фембæлд УФ-йы экономикон рæзты министры хæдивæг Дмитрий Вольвачимæ.

Фембæлды хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы федералон таможнæйон службæйы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Владимир Ивин, Уæрæсейы экономикон рæзты министрады сæрмагонд программæты æмæ проектты департаменты директор Виталий Гудин, йæ хæдивæг Антон Мельник æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой УФ æмæ РХИ-йы таможнæйон къабазы закъондæттынады гармонизацийы фарстытыл, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийы тыххæй дæр.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыдысты РХИ-йы Хицауады сæрдары хæдивæг – экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард.

 

***

Джуссойты Константин ма фембæлд Уæрæсейы Федерацийы экономикон рæзты министр Максим Решетниковимæ, кæцыимæ æруынаффæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты боны фæткыл.

Уыдон бафидар кодтой, дарддæр дæр æппæтварсонæй кæй фидардæр кæндзысты стратегион партнердзинад æмæ æмцæдисон хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастытæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.