Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 75 азы боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд турнир шашкæтæй.  Ацы ерыстæ уагъд цæуынц 2010 азæй фæстæмæ Ирыстонæн нысаниуæгджын бонты цытæн. Турниры хайад райстой 16 спортсмены – 8 лæппу æмæ 8 чызджы. Майдантыл тох кодтой республикæйы районты æмæ горæтты минæвæрттæ. Ерыстæ сорганизаци кодтой Уæлдæр спортивон дæсныйады скъола æмæ шашкæты федераци.

«Азæй-азмæ цымыдисондæр кæны турнир. Йæ хайадисджыты æмвæзад кæны бæрзонддæр. Кæд раздæр се’хсæн уыд лидертæ, уæд ныр иннæтæ дæр хъазын райдыдтой бирæ хуыздæр. Уый та хуыздæрæрдæм æндавы турнирыл. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын районты администрациты спорты хайадты сæргълæуджытæн бынаты хуыздæр хъазджыты кæй сбæрæг кодтой, уый тыххæй», – банысан кодта йæ раныхасы рæстæджы РХИ-йы шашкæты федерацийы президент Лолоты Барис.

Йæ рады Уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы директор Тыбылты Гамлет куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæнд кодтой уæрæсейаг спортсменты дæр фæрхонын. «Турнир хъуамæ уыдаид æхсæнадæмон. Фæнд кодтам Хуссар æмæ Цæгат Федералон зылдты хуыздæр шашистты фæхонын. Фæлæ нын коронавирусы пандемийы аххосæй  нæ бантыст нæ фæнд сæххæст кæнын», – загъта уый.

Хъæзтыты фæстиуджытæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста Цхинвалы районы минæвар  Тедеты Николай. Дыккаг дæр ссис ацы районы спортсмен Джиоты Павел, æртыккаг бынатыл та ацыд Знауыры районы спортивон кад хъахъхъæнæг Плиты Хазби.

Чызджыты ‘хсæн иууыл цæттæдæр разынд Ленингоры районы минæвар Хубылты Оксанæ, дыккаг бынат фæцис Цхинвалы районы спортсмен Дудайты Каринæйы æмæ æртыккаг бынат та бацахста Знауыры районы командæйы уæнг Джиоты Алисæ. 

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.