Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты командæкæнынад мобилизацион цæттæдзинады фарстыты тыххæй кусæгон фембæлд ауагъта дæлхæйтты хистæр афицертæ, запасы уæвæг адæймæгтимæ, – хъусын кæны республикæйы Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Куысты рæстæджы бæрæг æрцыдысты æфсæддон уавæрты штатты фæдыл дæлхæйттæм æмбæстæгты бафтауын, горæты æмæ районты администрацитимæ æмæ паддзахадон хицауиуæгады æндæр органтимæ дарддæры архайды фæдыздæхтытæ, уæ-вæг штатты æххæстæй æмæ объективонæй скомплект кæныны нысæнттæн.

Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим ма ноджы иу хатт зæрдыл æрлæууын кодта сæйраг мадзæлтты тыххæй, кæцытæ план цæуынц сæрдыгон ахуырты рæстæджы, уыцы нымæцы РХИ-йы Гарзджын Тыхты уæлæмхас сконды сборты æмæ контролон басгæрст равдисыны фæдыл.

Хъахъхъæнынады министр ма  æрæвæрдта регулярон æфсады æппæт структурон дæлхæйтты активон æмархайды тыххæй хæстæ, кæцытæ дзуапп дæттынц мобилизацион цæттæдзинады тыххæй.

Куысты рæстæджы скъуыддзаг æрцыдысты проблемон фарстытæ, афтæ ма æвæрд æрцыдысты хæслæвæрдтæ уыдонæй иуæй-иуты кусæгон фæтк аскъуыддзаг  кæныны тыххæй. Гарзджын тыхты командæкæнынад стыр хъусдард здахы мобилизаци æмæ мобилизацион цæттæдзинады фарстытæм, уæлдайдæр та национ æфсады реформæйы фæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.