Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитетæн хæсгонд у, цæмæй Цъинагар-Громы фæндаджы арæзтад арæзт æрцæуа 2019 азы кæронмæ.

Ацы фæндаг административон æгъдауæй хауы Цхинвалы районмæ æмæ абоны бонмæ уый у цæуынæн зынвадат. Фæндаджы фарст иттæг актуалон у, Цъинагары зонæйы цы цæрджытæ ис, уыдонæн. Уымæн æмæ фæндагæн йæ дæргъ у 15 километры æмæ у æртæ хатты цыбырдæр, ныртæккæ цы фæндагыл цæуын хъæуы, уымæй.

Фæндаджы арæзтады фарст рагæй æвæрдтой республикæйы къухдариуæгады раз цæрджытæ, фæлæ фæрæзтæ кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ æргъæвд цыд. Абон кæд Цхинвалæй Цъинагармæ фæндагыл цæуын хъæуы 2 сахаты, уæд ацы фæндаджы эксплуатацимæ радтыны фæстæ уыцы рæстæг зынгæ фæкъаддæр уыдзæн.

Ныр дыккаг къуыри паддзахадон-унитарон куыстуат «Дорэкспострой» Громы хъæумæ хæстæг кæны фæндаджы арæзтадмæ  цæттæгæнæн куыстытæ. Ардæм æрбакодтой сæрмагонд техникæ. Арæзт цæуынц, кусджытæн æхсæвиуатгæнæн æмæ сихор кæм хъуамæ кæной, ахæм бынæттæ.

Проектмæ гæсгæ фæндагæн йæ фæтæн уыдзæн 4-5 метры бæрц, арæзт дзы æрцæудзæн хид дæр. Ис дзы бирæ проблемон бынæттæ. Хæхты фæрсты кæй цæуы, уый тыххæй тæссаг у цъыф-зæйтæ йыл куы цæуа æмæ фæндаджы уæлцъар куы хæра. Уымæ гæсгæ иуæй-иу рæтты проектон институты техникон амындмæ гæсгæ проблемон бынæтты æвæрд æрцæудзæн стыр диаметр кæмæн ис, ахæм бетонон хæтæлтæ, цæмæй цъыфы зæй сыгъдæг цæуа. Иуæй-иу рæтты та арæзт æрцæудзæн лæсæнуромæн бетонон къултæ.

Ацы фæндагыл кусдзысты дыууæ фарсæрдыгæй – Гром æмæ Цъинагары ‘рдыгæй. Йæ арæзтады хайад исдзысты, сæйраджыдæр, бынæттон адæм.

Фæндаг арæзт куы æрцæуа, уæд фæндагон змæлды æдас-дзинады нысанæн фæндаджы былтыл æвæрд æрцæудзæн æфсæн-бетонон конструкцитæ, афтæ ма фæндагон змæлды нысæнттæ дæр.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет ныфс æвæры «Дорэкспострой»-йы кусджытæй, уымæн æмæ æмæ сæм ис стыр фæлтæрддзинад фæндагон арæзтадон куыстыты. Уыдон цалдæр азы размæ ахæм фæндаг сарæзтой Синагуры хъæумæ. Сæ разылæууæг хæстæ профессионалонæй æмæ гъæдджынæй кæй сæххæст кæн-дзысты, уымæй сыл сæ зæрдæ дарынц.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.