Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы, стæй Райдиан Ахуыры педагогикæ æмæ методикæйы кафедрæйы историйыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн филологон зонæдты кандидат, профессор, Республикæ Хуссар Ирыстоны зонæдты къабазы сгуыхт кусæг, Кады нысаны орденхæссæг,  Хуыгаты Илья Арсены фырты иувæрсты. Нæ ахиздзæн уымæн æмæ Илья университеты (пединституты) кусы 60 азæй фылдæр. Уал азы кæсы лекци-тæ, уал азы кæны ахуыр-хъомылад, стæй уæд зонадон куыст дæр. Лæгæрды йе ‘нусон къæсæрмæ ныфсджын æмæ уæндонæй æмæ йæ тæккæ бæр-зæндæй цы ракæса, уый бæрц амонд æй уæд.

Сабибонтæ, æвзонгад

Хуыгаты Илья райгуырдис 1934 азы февралы мæйы, дард Къуыдаргомы хъæутæй иу, Къозы. Къоз дæр абон йæ нывыл нал у. Кæд рæсугъд, фидауджын бынат у, уæддæр дзы царды уавæртæ къуындæг уыдысты æмæ нæргæ Къозы адæм дæр фæлыгъдысты хуыздæр цардагур алы рæттæм, сæ фылдæр Цæгат Ирмæ. Уыцы скъæрæнты бахауд Ильяйы фыд Арсен дæр. Йæ буц хъæу баивта Октябры хъæуыл, йе ‘нусон бынат дæр уым разынд.

Илья йæ сабион бонтæ Къозы арвыста, ахуыр кодта, цы астазон скъола дзы уыд, уым. Скъола нырма уыд ирон, стæй йæ сгуырдзиаг кодтой. Æвзонг лæппу нæ фæтарст уымæй, ахуыр кодта гуырдзиагау дæр æмæ фæцис каст йе скъола кæронмæ.

Хуыгаты Илья нæргæ, хъуыстгонд хæдзарвæндаджы лæппу уыд æмæ у абон дæр. Нæргæ йæ уымæн хонын æмæ Арсенæн уыдис æртæ æфсымæры æмæ цыппар хойы. Цардысты иумæ. Бинонты нымæц хæццæ кодта 25 адæймагмæ.

Ирон адæммæ рагæй баззад æмбисонд: «Æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ – цард уарынц». Ацы æмбисонд раст цыма ацы хæдзары тыххæй фæзынд – бинонтæ хæларæй, уарзонæй, кæрæдзи уарзгæйæ фæцардысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианмæ. Уæд Арсен йæ цардæмбал Хъæцмæзонимæ рахицæн йе фсымæртæй. Сæ зæнæг уыдысты – фондз лæппу æмæ дыууæ чызджы.

Тугуарæн хæст йæ дæрзæг къух рауагъта Къозыл дæр, лæгдых хъæубæстæ хасты хуызæн фесты, Хъæцмæзон дæр йæ авд сывæллонимæ баззад, Арсен хæсты быдыры балæууыд йæ тæккæ райдианы.

Мад зæрдæдзурæнты бахауд, уыйæппæт сабиты хæрын, дарæс, ахуыр кæнын  хъуыд. Тухитæ кодта уæдæ цы, йæ тых, йæ уавæр æй цы самыдта, уымæй зæнæджы ракодта адæмы рæгъы.

Къозы скъолайы фæстæ Илья йæ ахуыр адарддæр кодта Къуыдаргомы Кировы хъæуы астæуккаг скъолайы. Службæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты. Сæрæн, æвзыгъд ирон лæппуйæ равдыста йæхи уым дæр, æрыздæхт лейтенанты цинимæ.

 

Фыццаг аспирант, ахуыргæнæг

1956 азы Илья ссис нæ университеты (пединституты) ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультеты студент, уæдæй абонмæ стæм зонгæ, кæддæры фиййæуттæ, хъуагдзинад æййафæг студенттæ. Тырныдтам размæ, цæмæй нæ бинонтæм уайдзæф ма æрхауа. Нæ институт, ирон факультет уæрæх дуæрттæ байгом кодта Ильяйæн, царды вазыгджын фарстытæм акæсынæн. Ам æм бахъардта мадæлон æвзаджы ад æмæ тых, ам фæцалх зонадон куыстыл. Абон дæр хорзæн мысы йæ хъомылгæнджыты, йæ зондамонджыты – Бекъойты Димитр, Мамиты Гига, Цхуырбаты Лизæ æмæ Медойты Боболкæйы. Уыдоны руаджы фæцалх лекцитæ кæсыныл, стæй уæд зонадон куыстыл дæр. Стыр æххуыс ын бакодта, кафедрæйы цы зонадон кружок куыста, уый дæр.

Йæ факультет каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтыл, цалдæр азы акуыста ахуыргæнæгæй, стæй 1962 азы ссис ирон кафедрæйы ног бакæнгæ аспирантурæйы студент. Ардыгæй зæгъæн ис, Хуыгаты Илья у ирон кафедрæйы фыццаг аспирант. Уый фæстæ нæм аспиранты кой нал уыд.

1967 азы Тбилисы паддзахадон университеты æнтыстджынæй бахъахъхъæдта йæ диссертацион куыст ахæм темæйыл; «Ирон æмбисæндты æвзаг». Райгондæй дзы баззад кафедрæ, стыр аргъ ын скодтой йæ оппоненттæ академик Г.С.Ахвледиани æмæ доцент Тедеты Верæ.

Уæдæй фæстæмæ Илья æвæллайгæ куыст кæны нæ университеты, кæсы лекцитæ ирон æвзагæй, канд ирон факультеты нæ, фæлæ ма иннæ факультетты дæр. У цæвиттойнаг лектор, æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг. Лекциты æмрæнхъ кæны æнувыд зонадон куыст дæр.

Дзæвгар у сæ нымæц, уал азы цы куыстытæ ныффыста, уыдонæн. Бæргæ се ‘ппæты рауадзынæн уыцы фадæттæ куы уаит, фæлæ дзы уæддæр рухс цы куыстытæ федтой, уыдонæй ракæнæм иу цалдæры кой. «Бекъойты Димитр – ирон æвзаджы зæрингуырд», «Вазыгджын дзырдты арæзт æмæ сæ амоныны методикæ», «Дзауаг «Ш»-гæнаг ныхасы здæхт», «Дзырдуатон куысты ахадындзинад æмæ сæ хийæдтæ», «Кавказаг æвзæгтæй æрбайсгæ дзырдтæ», «Мивдисæджы цæсгомон кæрæттæ æмæ сæ равзæрд», «Паралеллизмтæ Нарты эпосы», «Синонимон фæсæвæрдтæ æмæ сæ лексикон-грамматикон нысаниуæг», «Фæлхатт кæныны руаджы арæзт дзырдтæ æмæ сæ лексикон-грамматикон нысаниуджытæ», «Хæрынæн бæзгæ кæрдæджыты нæмттæ æмæ сæ нысаниуæг», «Фыццаг ирон профессор – Æлборты Барысби»-адон сты йæ зонадон уацтæ. Йæ чингуытæ «Ирон æвзаджы ахуыргæнæн чиныг», «Къозы хъæу» æмæ æндæртæ.

Уыдæттæ иу хъуыддаг, фæлæ ма зæгъын хъæуы уый дæр, Илья уал азы дæргъы дзæвгар азты уыд боны æмæ фæсаууонмæ хайадты декан, РАМП-ы факультеты кафедрæйы сæргълæууæг, абон дæр дзы кусы. Æхсæнадон куыстыл куы дзурæм, уæд уымæй дæр цух нæ уыд, уыд факультеты партбюройы разамонæг.

Илья йæ азтæм куы акæсы, уæд дзы иууыл сæйрагдæрыл нымайы, цы ахуыр-хъомыладон куыст фæкодта, уыдон. Уыдон цъус не сты, 60 азæй фылдæр сты. 60 азы 60 боны не сты, уал азы фыссæн фæйнæджы раз мелы къæрттимæ лæууай æмæ амонай не взаджы сконды хийæдтæ, уый чысыл хъуыддаг нæу.

Цахæм лæг у, зæгъгæ, куы бафæрсæм, уæд ацы фарстæн Ильяйы 90 азы дæттынц раст æмæ æнæхин дзуапп. У æцæг ирон лæг. Рахаста йæ хæдзарæй – сабыр, уæздан, хиуылхæцгæ, æмгаруарзон, нацийы хорз миниуджытыл хæст, йæ адæм æмæ Ирыстоны патриот, Иры сомбоныл рæстырдæм чи хъуыды кæны, ахæм адæймаг.

Ильяйыл азтæ кæд сæ уæз æруагътой, уæддæр йæ куыст æмæ йе змæлд сты сæ бынаты. Абоны бон дæр архайы ууыл, цæмæй не ‘взаг æмæ не гъдæуттæ æгуыдзæг ранмæ ма æрцæуой, Иры фæсивæд уой рæгъыдзыд, Ирон иронæй баззайа, интернационалон уарзондзинад къухæй ма ахауа. Илья у хорз хæдзардзин адæймаг. Йæ цардæмбал Нанионимæ, дзæнæты бадæд, хæлар æмæ уарзонæй схъомыл кодтой рæсугъд кæстæрты, дыууæ лæппу æмæ чызг.

Нæ юбиляр цы сарæзта, цы байтыдта, цы балæггад кодта йæ радтæг адæмæн, уыдон дардыл сты. Уыцы лæггæдты фæндæгтæн та æвдисæн сты Республикæйы разамынад ын йæ ном цæмæйты ссардта, уыдон. Æмæ сæ зæгъæм; йæ егъау æхсæнадон, ахуыр-хъомыладон æмæ сфæлдыстадон куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд Кады нысаны æмæ Хæлардзинады ордентæй, стæй уæд майдантæй. У уæлдæр ахуырады кадджын кусæг, зонады къабазы сгуыхт архайæг, куысты кадджын ветеран.

Илья уал азы дæллаг галы куыст фæкодта, ирон æвзаджы вазыгджын хæйттыл, бахардз кодта бирæ тых, РАПМ факультеты сæйраг тых здахы уымæ, цæмæй сывæллæттæ хæдзары, уагдæтты, райдиан кълæсты базоной сæ мадæлон æвзаджы ад, цæмæй ныййарджытæ сæ хæдзæртты, сæ сывæллæттимæ дзурой иронау. Уал азы Хуыгайы фырт схъомыл кодта цалдæр мин специалисты, уал азы не ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттæ бахъахъхъæныныл фæкуыста æмæ йын бузныг зæгъæм.

Мах ферох кæнæм фыдæлты æгъдау – хистæрæн кад кæнын хъæуы, дæ хистæры куыд уарзай, куыд ын лæггад кæнай, афтæ кад æмæ лæггад кæндзысты дæуæн дæр дæ кæстæртæ. Кад та æгады хос нæу.

                                                              ПЛИТЫ Гацыр, профессор, Ирон 

  литературæйы кафедрæйы разамонæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.