Цхинвалы 3-аг астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнинæгтæ сæ ныййарджытимæ иумæ сарæзтой цъиудæттæ æмæ сæ Хуыбылты Валерийы номыл парчы бæлæстыл сæвæрдтой.

Ацы скъолайы ахуыргæнæг Анжела Давитян куыд загъта, афтæмæй ацы экологон акци сывæллæтты разæнгард кæны алфæмблай цаутæм, уыдонмæ лæмбынæг хъусдардмæ.

Хъарм бæстæтæм чи нæ тæхы, уыцы мæргътæ цъус не сты. Зымæджы цыфæнды хорз уавæртæ куы уа, уæддæр мæргътæн æнцон нæ вæййы хæринаг арын. Сæрды сæ хæринаг вæййынц бирæ бындзытæ æмæ къогъотæ. Сырддонцъиу дард тæхын нæ фæразы. Йæ ахстон вæййы адæймаджы цæрæнуæттæм æввахс. Кæд йæхæдæг зоны хæлц амал кæнын, уæддæр адæймаг дæр ма хъуамæ зивæг кæна æмæ йын æхсызгонæй хæринаг дæтта. Дзæгъындзæгтæ дæр раздæр хъарм бæстæтæм тахтысты, ныр уыдон дæр зымæджы æрцæрынц фосдардæн фермæтæм æввахс æмæ уым æнцонтæй рахæссынц сæхи уалдзæгмæ.

Ахуыргæнæг ма радзырдта Ирыстоны цы мæргъты мыггæгтæ цæры, уыдоны тыххæй. Тынг цымыдисимæ йæм хъуыстой æмæ фарстатæ лæвæрдтой куыд фæраздæронæй. Чидæртæ дзы мæргъты тыххæй таурæгътæ дæр радзырдта.

Ахуыргæнджытæ ма сывæллæттæн радзырдтой раздæр Ирыстоны сауцъиутæ бирæ кæй уыд. Фæлæ фæстаг азты уыдон хъарм бæстæм тæхын райдыдтой. Нæ æрдзы бирæ ис хъæдхойтæ дæр. Уыдон сты æртæ хуызы – бур, сау æмæ хъулæттæ. Хъæдхой зулчъытæ кæй хæры, уый тыххæй йæ хонынц хъæды «дохтыр». Уыцы-иу рæстæг рауадзы 5-7 лæппыны æмæ сæ хъомыл дæр скæны бæлæсты зулчъытæй. Зымæджы ма хъарм бæстæм чи нæ атæхы нæ æрдзæй, уыдон сты цæргæстæ, халæттæ, сынтытæ, хæдмæлхортæ, хиуатæ, уаритæ. Уыдон миты бын дæр æнцонтæй арынц хæринаг.

Фæлæ ахæм мæргътæ, куыд зæрватыччытæ, дзывылдартæ, æхсыргуртæ, атæхынц хъарм бæстæм, куы фæхъарм вæййы, уæд нæм иууыл раздæр дзывылдар æртæхы. Мартъийы мæйы кæд нырма зæххыл мит вæййы, уæддæр кæм атайы, уым уидзы лыстæг бындзытæ. Уалынмæ зæрватыччытæ дæр æртæхынц æмæ сæ хъæлдзæг зарджытæй райхъал кæнынц æрдз.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.