120 азы сæххæст зынгæ ирон советон драматургыл

Ирон театры репертуартæй абоны бон дæр нæ хизынц Дауыты фыст пьесæтæ «Пæсæйы фæндон», «Аргъау», «Мæрдтæйдзæуæг», «Сидзæргæс», «Слонаты Софья», «Хæрзойты Фатимæт» æмæ æндæртæ. 

Царды асинтыл уæлæмæ хизгæйæ, царды зындзинæдтæ иуварс кæнгæйæ, ссис инженер-электрик. Йæ дæсныйадыл бакуыста 12 азы, стæй йыл йæ къух систа æмæ ссис номхæссæны драматург.

Туаты Афæхъойы фырт Дауыт райгуырдис 1902 азы, октябры 15-æм бон, Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, иу къаннæг хъæу Сатъаты. Фидæны драматург йæ сабибонтæ дæр арвыста уым. Йæ размæйы фысджытау йæ сонты бонты рæвдыд æмæ хурæй ницы федта. Хохаг лæджы цард зæххæй уыд, æмæ уымæй та Дауыты ныййарджытæ цух уыдысты. Уымæн йæ фыд раджы амард æмæ сывæллæттæ баззадысты сæ мады æвджид.

Бинонтæ цы уæззау уавæры уыдысты, уый тыххæй Дауыт фæстæдæр йæ бонæджы афтæ фыста, зæгъгæ, иу райсом мæ мæ мад, хосгæрдæнты рæстæджы, августы фæстаг бонты нæ акодта Пусмæ (сæ хосгæрдæн бынат, кæцымæ ахизын хъуыд хохы сæрты). Авдаздзыд саби, иуæй хуыссæгæй фæхицæн кæнын нæ куымдта, аннæмæй та фæндагыл халасы йæ къæхтæ сыдысты.

Цæрын кæй нæ фæрæзтой, уымæ гæсгæ Дауыты йæ мады хо 1913 азы ракодта йæхимæ Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ радта цумайы лæппуйæ иу дуканигæсмæ. Стыр диссагæн мысыд уыцы бонты Дауыт. «Æмæ райдыдтон уæд адæммæ цæуын. Хастон базарæй дзæкъултæ, æхсадтон пъолтæ, хъахъхъæдтон дукани – æрбадт мын нæ уыд».

Хæххон лæппу уæд федта адæмы, горæттаг æхсæнад, дзыллæйы вазыгджын царды нывтæ, уæд рацыд «адæмы ʻхсæнмæ».

Дауыты царды фæндагыл чи ныллæууын кодта, йæ сомбоны бæллицтæн ын фæндаг  чи радта, уый уыд се ʻрвадæлты чызг Туаты Ксеня (уыдис дæндаджы дохтыр). Йæ лæджы нæ фæндыд, Дауыт семæ уыдаид, уый. Фæлæ йын куы загъта, æз дæр демæ разы нæ дæн цæрыныл, уæд уый дæр сразы. Дауыты рæвдыдта хи фыдау. Æмæ йæ ноджы дæр зæгъын, Дауыты чи нæ бауарзтаид йæ фæлмæн зæрдæ æмæ æнæзивæджы тыххæй. Фæстæдæр уырдыгæй Дауыты ракодта йæ хистæр хо Ксеня.

Дауыты акодтой тыххæй, кæугæйæ, мæнæн дæр ма сын зæгъын мæ бон цы уыд. Фæлæ сын фæндагæй ралыгъд æмæ та цард дарддæр мемæ. Кодта алыгъуызон куыстытæ, фæцалх нывтæ исыныл, кодта фысгæ дæр сусæгæй цыдæртæ, æцæг сæ нал ссардта. Дауыт мæнæй фæхицæн, иугæр Новочеркасскы институтмæ ахуырмæ куы ацыд, уæд».

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы ныхæстæй Ксеня мады лæггад кæй кодта фидæны драматургæн, йæ царды бонты йын ацы сылгоймагæй егъаудæр æххуыс кæй ничи бакодта. Дзырд дæр ыл нæй, адæмы рæгъмæ, адæмы ‘хсæнмæ йæ уый ракодта.

Иугæр Цæгат Ирыстон куы æрфидар Советон хицауад, уæд Дауыт бацыдис Дзæуджыхъæуы Хъæууон хæдзарадон  институты рабфакмæ 1921 азы, кæцыйы æнтыстджынæй каст фæцис 1923 азы.

Æвадат хæхбæстæй цы лæппу фæхицæн, уый ма фæстæмæ кæм хаста хохмæ йæ къах. Ног дуджы хæрзиуджытæм кæсгæйæ, революцийы æрхæсгæ хорздзинæдты уынгæйæ, ногæй райгуырдис Дауыт, уымæн сбаста æппæт йæ тых, йæ хъару ахуыримæ. Рæсугъд фидæнмæ тырнгæйæ дзы рох нæ уыд йæ мæгуырдзинад, нæ зивæг кодта йе ‘рчъиты мидæг цыфæнды горæты балæууынмæ дæр ахуыры сæраппонд, ахуыры сæрвæлтау.

1923 азы рабфак фæугæйæ, Дауыт балæууыдис Новочеркасскы политехникон институты къæсæрыл. Æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ электро-механикон факультетмæ. Фæразон студент кæд нæ уыдис, уæддæр йæ ахуыры хъуыддаг цудын никуы бауагъта æмæ 30 декабры 1929 азы æнтыстджынæй радта паддзахадон фæлварæнтæ æмæ райста инженер-механикы дæсныйад. Æрвыст æрцыдис Ростовмæ, цыран куыста инженер-электрикæй 1929-1934 азты. 1934 азы æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ кусынмæ бацыд Садоны æрзæткъахæнмæ, цыран йæ мæгуыр Уæлладжыргомы адæм революцийы агъоммæ  фæсарæйнаг капиталистты къухæй цыдысты æфхæрд.

1937 азы нысан æрцыд сæйраг инженер-электрикæй Садоны электрохызæджы комбинаты.

1939 азæй ссис сæйраг инженер Цæгат Ирыстоны  электрохызæджы.

Ныннæрыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæр.

Туаты Дауытæн нæ бантыст фронты раззаг хаххыл хайад райсын. Фæлæ знаджы фæсчъылдым уæвгæйæ, цы иузæрдион куыст фæкодта, уымæн æв-дисæн у уый дæр æмæ, ССР Цæдисы Сæйраг Советы уынаффæмæ гæсгæ 1944 азы, майы мæйы, Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй активон куыст кæй кодта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй» майданæй.

Дауыт цы профессийыл хæст уыд, уый зыдта иттæг хорз, бирæ ногдзинæдтæ йæм хаста, бирæ йæ фæндыд саразын йæ адæмæн, фæлæ ма йæ уый æдтийæ цух нæ уагъта иу егъау хъуыды. Уый уыд фыссæджы дæсныйад райсын, фыссæг суæвын. Гъе, фæлæ дыууадæс азы цы фадыджы фæкуыста, адæм æй дæсны инженерæй цы хъуыддаджы зыдтой, уый ныууадзын, ууыл æм къух сисын дæр зын каст.

10 ноябры 1935 азы байгом ис Цæгат Ирыстоны драмтеатр. Уый Иры талынг кæмттæм фехъуыст арвы цæлхъау. Уыцы бон Ирыстоны дзыллæ банымадтой егъау бæрæгбоныл. Куыннæ бацин код-таид Туайы фырт дæр уыцы егъау хъуыддагыл, уæлдайдæр æм Садонмæ куы байхъуыст, зæгъгæ, тагъд драмон театр йæ радон спектакль Садоны æвдисдзæн, уæд. Никуы ферох уыцы цины бон Дауытæй. Уый дæр бафæндыд йæ хъуыдытæ зæгъын адæмæн, театры сценæйыл! Актерты дзыхæй. Æмæ 1940 азы, сентябры мæйы мæ пъесæ «Сидзæргæс»-имæ фыццаг хатт ирон театры къæсæрæй бахызтис».

Туаты Дауыт 1941 азы бындуронæй æрæвнæлдта фыссæджы куыстмæ. Æппæт йæ хъару æмæ йæ тых снывонд кодта драматургийы фадыгæн æмæ йе сфæлдыстадæй егъау æххуыс фæцис, куыд ирон драматургийы рæзтæн, афтæ ирон театры рæзты фæндагæн дæр.

Нæ драматург бæрцæй дæр æмæ гъæдæй дæр бирæ уацмыстæ  бафæрæзта сфæлдисын. Пъесæйы ирон сидзæргæс сылгоймæгтимæ иумæ Дауыт, сæйраджыдæр сныв кодта йæ мад Бигъуылианы фæлгондз, йæ амæлæты фæстæ бавнæлдта ацы уацмыс фыссынмæ дæр. Æгæрыстæмæй, пьесæ «Сидзæргæс» 1959 азы Мæскуыйы уырыссаг æвзагыл мыхуыры куы рацыд, уæд автор чиныджы фарсыл ныффыста: «Памяти матери посвящается».

Дауыт егъау аргъ кодта ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Ел-быздыхъойы сфæлдыстадæн. Æмбæрста Елбыздыхъойы аивадон дæсныйад.

Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ «Сидзæргæс»-имæ иумæ Дауытæн фыст æрцыдысты 1940 азты йæ пьесæтæ «Æрра фыййау» æмæ «Хистхортæ». Хæсты азты ирон театр Дауытæн бахæс кодта хæсты темæйыл пьесæ ныффыссын. Æмæ æцæгдæр, хæсты уæззау бонты Цæгат Ирыстоны драмтеатры сценæйыл æвæрд æрцыд Дауыты пъесæ «Хæст».

Уыцы рæстæджы егъау куыст бакодта Дауыт. Уæд æрцыдысты фыст йæ уацмыстæн сæ фылдæр хай. Куыд, зæгъæм: «Нарты Сырдон», «Аргъау» æмæ æндæртæ. Ацы пьесæтæ фылдæр дзурæг сты, автор йæ адæмон сфæлдыстады сюжеттæй кæй иста хъæуæг æрмæг æмæ сыл кæй фæрæзта аивадæй хæрзгъæд уацмыстæ фыссын. Хæсты фæстæ фæзындысты йæ пьесæтæ «Слонаты София» æмæ «Хæрзойты Фатъимæт», цыран реалон нывты руаджы æвдыст æрцыд сылгоймаджы уавæр æмæ æбардзинад Ирыстоны Октябры революцийы агъоммæ. Гъе, фæлæ уæддæр Дауыты сæры магъзæй никуы ахицæн Фыдыбæстæйон хæсты темæ, æмæ йын 1947 азы  бантыст рæгъмæ рахæссын йæ пьесæ «Тæтæрхъаны бинонтæ», цыран автор егъау арæхстдзинад равдыста хæсты дугыл дзургæйæ. Иу пьесæйæ иннæ-мæ, иу темæйыл хъуыдыгæнгæйæ, фыста, æвдыста æмæ рæгъмæ хаста, Ирыстонæн куыд йæ ивгъуыд æнусты цардуаг, афтæ ног сæрибары царды фæндаг дæр.

1959 азты Ирыстон, нæ Цæдисы дзыллæтимæ иумæ, стыр бæрæгбоны оххыл банысан кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 100 азы бон. Уыцы стыр æмæ зæрдылдаринаг боныл Дауыт дæр афтид армæй нæ сæмбæлд. Уæд бахуын кодта йæ адæмæн, театры коллективæн, цыты бонмæ æрцæуæг уазджытæн йæ пьесæ «Къоста». Уый у æртыккаг пьесæ ирон драматургийы Къостайыл, цыран Туайы фырты хуызæн ирон драматургтæй иуæн дæр йæ бон нæ бацис Ирыстоны хъæбул, Къостайы фæлгондз сныв кæнын.

Ирыстоны колхозон арæзты рæзт, зæхкусæг фæлтæры æнувыд куыст хæрзарæхстджынæй æрцыд æвдыст Дауытæн йæ пьесæтæ «Замирæты чындзæхсæв» æмæ «Фæмæнг ис чындзæхсæв»-ы, цыран адæмы царды хорз миниуджытимæ иумæ, автор худы ирон æгъдæутты фæстæзад митæй иуæй-иутыл, æхсæнадон куыстæй ма йæхи чи тылиф кæны, ахæмтыл. Уымæй дарддæр ма, Дауыт уыдис Цæгат Ирыстоны музыкалон драмтеатры егъау хæлар æмæ æнувыд æххуысгæнæг. Æнæхъæн 24 азы театр æнæ Дауыт иунæг пьесæ дæр йе сценæйыл никуы сæвæрдта. Алы пьесæ дæр фыццаг хатт лæвæрдтой кæсынмæ Дауытмæ æмæ-иу сын цы фиппаинæгтæ загъта, уыдоныл кæддæриддæр пьесæты автортæ дæр æмæ театры коллектив дæр стыр райгондæй сразы сты.

Ирон литературæйы, уыимæ, драматургийы рæзты фæндагмæ Дауыт лæмбынæг дардта йæ хъус, йе ʻнтыстытæ æмæ йæ цухдзинæдтыл ныхас кодта кæддæриддæр периодикон мыхуыры. Ууыл дзурæг сты йе статьятæ: «Ответственные задачи», «О состоянии и задачах осетинской советской драматургии». «Краткие сведения о развитии осетинской советской драматургии и о пьесах, представленных к включению в сборник «Осетинские пьесы», «Осетинская драматургия», «15 лет с осетинским театром», «За новые успехи осетинской драматургии», «К новым успехам осетинской драматургии» æмæ æндæртæ.

Туаты Дауыт нæ националон культурæйы рæзты фæндагыл егъау куыст кæй бакодта, йæ адæмы раз йæ лæггæдтæ дзæвгар кæй уыдысты , уый хынцгæйæ, 1955 азы Цæгат Ирыстоны драмтеатры байгомыл 20 азы сæххæсты бон, уымæн Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советы уынаффæмæ гæсгæ 1955 азы 21 декабры лæвæрд æрцыд театралон аивады рæзты йе стыр лæггæдты тыххæй Цæгат Ирыстоны АССР аивæдты сгуыхт архайæджы ном.

Дардыл уыдысты йæ фæндтæ. Фæлæ æгъатыр низ 3-æм августы 1964 азы фæхицæн кодта Дауыты йæ адæмæй, йæ равзæрст фæндагæй, йæ бирæ кусинæгтæй. Баззадысты æрдæг фыстæй йæ пьесæтæ «Бæллæхы лæг», «Ирæд», «Туг», «Нæ хъæуккаг лæппутæ», «Цолайы ускуырд», «Сырдоны райгас», «Куырдтаты балц»,  «Галтæ агурæг», «Мысост æмæ Сæлимæт» æмæ æндæртæ.

Дауыты амæлæн бон Ирыстонæн уыдис фыдохы бон. Фæлæ Дауыты лæггæдтæ æмæ сфæлдыстадон бынтæ рох кæнын никуы бауадздзысты  йæ пьесæтæ.

 

ПЛИТЫ Гацыр, Профессор,

ирон литературæйы историйы

кафедрæйы сæргълæууæг 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.