Физикон культурæ æмæ спорты архайын стыр ахъаз сты адæймаджы æнæниздзинад фидар кæнынæн, уый бæлвырд у, фæлæ алкæмæн уый фадат нæй, уæлдайдæр та хъæууон фæсивæдæн. Хорз хъуыддаг вæййы, се ‘хсæн куы разыны ахæм адæймаг, кæцы бацархайы ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл.

Цхинвалы районы Къостайыхъæуы ахæм адæймаг разынд Хуыбиаты Мурман. Цæвиттон, ацы хъæуы рагæй уæвынад кодта раздæры администрацийы бæстыхай, фæстæдæр йын тæссаг уыд ныккæлынæй дæр. Иурæстæджы дзы æвзæнгтæ сæхи ифхæрстой спорты хуызтæй, фæлæ сын æнæркаст бæстыхай сæ домæнтæ не ‘ххæст кодта. Уавæр уыдта Хуыбиайы фырт æмæ фæсивæды номæй куырдиат балæвæрдта уæды Президент Тыбылты Леонидмæ. Уый сын сæ куырдиат куы сæххæст кодта, уæд уый фæстæ та сæ фæндон загътой районы администрацийы сæргълæууæгæн. Уый дæр сразы сæ домæныл æмæ цыбыр рæстæджы фæстæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æрæвнæлдта йæ цалцæг кæнынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæры кæлæтдзаг агъуыст цалцæджы фæстæ рафидыдта, фæлæ Мурманы ныхæстæм гæсгæ уæддæр æмæ уæддæр хуыздæрхъуаг уыд йæ цалцæджы гъæд.

Иугæр бæстыхай куы сцæттæ, уæд ма йæ хъуыд спортинвентарь дæр самал кæнын æмæ сын уыцы хъуыддаджы дæр хорз баххуыс кодта Тыбылты Леонид, зал баххæст æрцыд тренажертæй. Уæдæй нырмæ ацы спортзалмæ хорз хъусдард здахы Хуыбиайы фырт æмæ кæддæриддæр стыр æхцондзинад æрхæссы, ардæм тренировкæ кæнынмæ чи æрбацæуы, уыдонæн. Уый кæстæрты разæнгард кæны, цæмæй цæуой ардæм æмæ сæхи фæлтæрой, уый та сын æнæдызæрдыгæй ахъаз уыдзæн сæ физикон рæзт æмæ æнæниздзинад фидар кæнынæн. Ам ис æртæ секци æмæ сæ алкæцыйæн дæр ис хицæн бынат. Уыдонæй сæ иу у хъæбысæйхæцæн хатæн, дыккаг та у тренажерон æмæ æртыккаг та хъуамæ уа, райдайгæ боксертæ сæхи кæм хъуамæ фæлтæрой, ахæм. Зæгъын хъæуы, нырма сæм кæй нæй боксы æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ, фæлæ уыдон дæр самал кæндзысты тагъд рæстæджы. Фыццаг хатæны иууыл тынгдæр тренировкæ фæкæнынц, цæнгтæ æмæ зæнгтæ тынгдæр змæлын кæнын кæй фæнды, ахæм адæймæгтæ. Ардæм арæхдæр цæуы 50-аздзыд Джиоты Инал. Ацы хатæны ма ноджыдæр сты цалдæр спортивон ифтонггарзы æмæ уыдонмæ та æмхицдæр сты кæстæртæ. Хъæбысæйхæцæн бынаты дæр вæййынц уыцы спорты хуызмæ æмхицдæр фæсивæд.

Кæй зæгъын æй хъæуы ам нырма алцы нывыл нæу, фæлæ иууыл тынгдæр тыхсынц, зымæгон рæстæджы дзы уазал кæй у, уымæй. Уымæ гæсгæ хæдзæрттæй æрбахæссынц хъармгæнæнтæ. Фæнды сæ, цæмæй хъæрмадæй дæр уа ифтонг.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.