Гениалон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, нывгæнæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайыл ацы аз 15-æм октябры 163 азы кæй сæххæст, уый тыххæй æгас Ирыстоны, Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр уагъд æрцыдысты алыгъуызон цымыдисон мадзæлттæ.

14-æм октябры Къостайы райгуырæн бон цытимæ банысан кодтой Дзауы районы дæр. Сорганизаци йæ кодтой районы библиотекæйы кусджытæ æмæ сæ бацæттæгонд мадзал ауагтой Къостайы цырты раз. Ардæм цы бирæ адæм æрбамбырд сты, уыдон, фыццаджыдæр, венок æмæ дидинджытæ сæвæрдтой гениалон поэты цыртыл.  Ныхасы рацыд Дзауы районы библиотекæйы сæргълæууæг Харебаты Татьянæ. Уый æрдзырдта йе сфæлдыстад абон махæн афтæ зынаргъ æмæ ахсджиаг цæмæн у, ирон адæмы историйы цы фæд ныууагъта, æмæ йын кæддæриддæр стыр кад кæнын кæй хъæуы, уыдæттыл. «Ацы рæсугъд фæззыгон бон мах æрвылаз дæр банысан кæнæм Къостайы гуырæн бон. Уый нын нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйæн æрæвæрдта бындур. Ирон адæмæй фыццаг хатт цырты аккаг чи ссис, уыдонæй иу у нæ уарзон Къоста. Æнусон æмæ æнæмæлгæ сты йæ ном æмæ йе сфæлдыстад. Абон ме ргом здахын нæ ахуырдзау фæсивæдмæ, цæмæй уыдон хуыздæр ахуыр кæной «Ирон фæндыр», стæй канд Къостайы нæ, фæлæ кæсой æндæр фысджыты дæр, кæцытæн се сфæлдыстад ссарæн ис нæ библиотекæйы. Табуафси, æнхъæлмæ уæм кæсæм кæддæриддæр», – банысан кодта библиотекæйы директор.

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гассеты Анфисæйæн. Уый цыбыртæй æрдзырдта стыр поэты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Къоста кæм рай-гуырд, кæм ахуыр кодта, йæ царды бонтæ кæм æрвыста, æмæ цы хъизæмæрттæ баййæфта йæ радтæг адæмы сæрыл, æппæт уыдæттæ адæмы зæрдыл æрлæууын кодта. «Къоста йе сфæлдыстады сидтис ирон адæммæ хуыздæр сомбон саразыны сæраппонд. Йæ амынд фæндагыл æнгомдæр æмæ кæрæдзи уарзгæйæ кæй хъуамæ цæуæм, уый ныры рæстæджы дæр у ахсджиаг».

Мадзалы иннæ раныхасгæнджытæ дæр дзырдтой поэты цард æмæ сфæлдыстадыл, кастысты йын йе ‘мдзæвгæтæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.