Ирыстонӕй дун-дунетӕм кӕсы.

                           Бӕрзонд хохау лӕууы Къоста нӕ разы,

                          Йӕ цӕсгомыл сӕууон хуры тын хъазы,

                       Сӕууон хурау ыл алчи дӕр тыхсы!..

                                                                                             Нафи

Къостайы сфӕлдыстад, йӕ дзырд хæзнатæ дзӕнхъа дуртау ӕрттивынц ирон дзырдаивады фурдӕй ӕмӕ сӕ йӕ фӕдонтӕ ӕвдадзы суадонау нуазынц.   Уыцы алӕмӕты поэзийы фурдӕй Нафи дӕр банызта, 4 азы йыл куы ацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Хъусгӕ та сӕ фӕкодта Акимӕй, уый ахуыр кодта 2-аг къласы ӕмӕ-иу каст, Къоста сывӕллӕттӕн цы ӕмдзӕвгӕтæ ныффыста, уыдон. «Ӕз ӕм хъуыстон ӕмӕ мӕ зӕрдӕйыл, мады узӕлдау, тыхстысты, рохгӕнӕн сын нал уыд…» (Аким уыд нӕ фыдыфсымӕры лӕппу, Фыдыбӕстӕйон хӕсты йӕ зынгзӕрдӕ ахуыссыд Украинæйы Винницæйы горæты сæрыл тохы, ныгæд дæр уым æрцыд).

Иу сӕрдыгон бон Нафи хъазыд хъӕуы сабитимӕ хъӕл ӕмӕ лӕдзӕгӕй. Рамбылдта ӕмӕ фырцинӕй ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсын райдыдта. Ахуыргӕнӕг хӕдзар-мӕ фӕцӕйцыд ӕмӕ фехъуыста: саби-тӕй чидӕр Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсы. Бахъуыды йӕ кодта ӕмӕ йӕ дыккаг бон скъоламӕ фӕхуыдта. Нафи зыдта бирӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ нымайын дӕр. Ахуыргӕнӕг фæхатыд сабийы зӕрдӕргъӕвддзинад ӕмӕ йын бар радта 1-аг къласы сабитимӕ бадынӕн.

Йӕ цинӕн кӕрон нал уыд ӕмӕ уыцы бонӕй райдыдта Нафийы гуыргъахъхъ æмӕ вазыгджын фӕндаг стыр дунемӕ. Кировы астӕуккаг скъола каст фӕци сыгъзӕрин майданимӕ. Цин кодтой рауагъдонтӕ, фӕлӕ сын бирӕ нӕ ахаста, райхъуыст радиойæ – райдыдта Фыдыбæстæйон стыр хæст. Иууылдӕр нырхӕндӕг сты, хъуыдыты ацыдысты, сыбыртт нал хъуыст. Уӕд сӕ къласы ӕппӕты рӕсугъддӕр чызг ныхъӕр кодта:

«Ӕз цагъайраг нæ дӕн,

Ӕз нæ хӕссын къæлæт!».

Ӕнӕхъӕн къласӕй (лӕппутӕ) сфӕнд кодтой хӕсты быдырмӕ ацӕуын. Иууылдӕр сӕ акодтой, фӕлӕ Нафийы раздӕхтой, йӕ кармӕ гӕсгӕ йын нæма уыд афон. Тынг смӕсты ӕмӕ сфӕнд кодта Цӕгат Ирыстонмӕ ацӕуын Уаггомӕ (нӕ фыды хистӕр ӕфсымӕр Уасикъомӕ, мах ӕй Уагго хуыдтам), кӕд ӕй уырды-гӕй акӕниккой ӕфсадмӕ, фӕлӕ ам дӕр уыцы закъон куыста. Уӕд та ахъуыды кодта, цӕй, ӕмӕ Уаггойӕн фӕлывд дзырд зӕгъон, стӕй йын ӕй раргом кӕндзынӕн  ӕмӕ дзы хатыр ракурдзынӕн. Науӕд ме ‘мкъласонтӕ сӕ туг калдзысты хӕсты цыфыддӕр знаджы ныхмӕ, аз та партӕйыл бадон институты? Нӕ, уый мӕ сӕрмӕ не ‘рхӕсдзынӕн, мӕ уарзон æмгæрттæ мын æй нæ ныббардзысты.  

Уагго та Ногиры уыд кадджын, дзырддзӕугӕ лæг. Бацыд Нафи Уаггойы размӕ ӕмӕ йын кӕуынхъӕлӕсӕй загъта, зӕгъгӕ мын сельсоветӕй ахӕм гӕххӕтт райс, куыд мыл 17 азы цӕуы, науӕд мӕ институтмӕ нӕ исынц. Уагго ахъуыды кодта ӕмӕ йӕ чысыл кӕстӕрӕн ныфс бавӕрдта, фӕлӕ йын бафӕдзӕхста, фӕндзтыл куынӕ ахуыр кӕна, уӕд ӕй кӕй расурын кӕндзӕн. Сарӕзта Нафийӕн йӕ хъуыддаг йӕ кадджын фыдыфсымӕр.

Рацыд цалдӕр боны ӕмӕ Уагго райста фыстӕг: «Зынаргъ Уагго! Хӕсты быдырӕй дӕм тагъд зындзынӕн солдат-уӕ-лахиздзауӕй». Дӕ чысыл ӕфсымӕр Нафи. 1941 аз. (Нафийы архивæй).

Хӕсты уӕвгӕйӕ дӕр Къостайы стыр сау цӕстытӕ ӕмӕ йӕ поэтикон суадоны зарӕг ӕдзухдӕр уыдысты йе ‘мдзугӕнӕг. Хӕдтӕхӕгыл-иу куы тахт, уӕлейӕ уырдыгмӕ-иу куы каст хӕхтӕм ӕмӕ ӕрдзы диссаджы нывтӕм, уӕд-иу ын Къостайы уӕлмонц ӕмӕ генион хъуыдытӕ йӕ тыхыл ӕфтыдтой тых, йӕ ныфсыл – ныфс. Уымӕн райгуырдысты Нафийы уарзӕгой зӕрдӕйы ацы рӕнхъытӕ:

«Ацы ӕмбисонд сабийæ дӕр хъуыстон,

Мӕ удрӕбын ӕй зӕды арм фыста:

Ӕнӕ Къоста нӕ уыдаид Ирыстон,

Ӕнӕ Ир та нӕ уыдаид Къоста».

Къостайы фӕлгонц сныв кӕнын, йӕ бӕркадджын бынтӕ раиртасыныл Нафи куыста йӕ царды фӕстаг уысммӕ ӕмӕ уымӕй равдыста йе ‘нӕкӕрон уарзондзинад ирон дзырдаивады генимӕ, «йӕ сӕрӕй лӕбыры сыгъзӕрины зӕй» кӕмӕй загъта Секъа, уымӕ.

Нафийы зӕрдӕйы ӕмӕ уӕлмонц ӕнкъарӕнты Къоста цард ӕмӕ йын уыд йе сфӕлдыстады фӕндагамонӕг стъалы. Уый раджы бамбӕрста Къостайы фӕндырдзагъды кӕй ис ӕмбӕхст ирон аив дзырды ӕнусондзинад ӕмӕ адӕмы фарн, фидӕн. Нафийы сфӕлдыстады ирдӕй зыны Къостайы бындурон хъуыды аивады равзӕрд, йӕ ӕрдз, йӕ нысан ӕмӕ ахадындзинад адӕмы историйы. Уымӕн ын у зынаргъ Къостайы алы дамгъӕ ӕмӕ мыр, йӕ сау цæстытæ, худ, цухъхъа, бæрцытæ æмæ рон.

«Мӕ цӕстытыл уайы Къостайы сурӕт. Хивӕнд сау бецыкк уӕлдзарм худы бын нӕ цӕуы, бырсы ӕддӕмӕ, уалдзыгон цилау, къӕбӕлдзыгӕй. Ӕгӕрон цардбӕллон фӕливӕнтӕ кӕны къуыбыр рихиты бын, стъӕлфӕнтӕ хауы къӕлӕтыйас цӕстыты арфӕй. Къоста – бӕгъатыр ӕмӕ поэт, куырыхон лӕг ӕмӕ пахуымпар. Баиу сты ацы бӕллиццаг миниуджытӕ иу лӕджы зӕрдӕйы. Уымӕн сси ацы фӕлгонц, ирон адӕм рагӕй кӕмӕ бӕллыдысты сӕ мидзӕрдӕйы, ахӕм, ӕнӕмӕлгӕ таурӕгъаг ӕнустӕм», – фыссы Джусойы фырт.

Къоста ӕппӕт йӕ уды ӕмӕ курдиаты хъӕздыгдзинад рахаста йӕ раттӕг адӕ-мы удварны уидӕгтӕй. Уымӕн ӕвдисӕн «Нарты эпос» ӕмӕ нӕ рагон фыдӕлты истори. Уыцы монон культурӕйы сӕйраг миниуджытӕ та уыдысты: хъӕбатырдзинад, лӕгдзинад, уарзондзинад, рӕстдзинад, кад ӕмӕ намыс. Къостайы курдиаты ацы алӕмӕттаг миниуджытӕ ӕрбынат кодтой, арф уидӕгтӕ ауагътой ӕмӕ тӕрккъӕвдайау уарыдысты Иры зӕдбадӕн бӕстӕ ӕмӕ адӕмыл.

«Сау цӕстытӕ, сау цӕстытӕ, сау!

Ӕхсæвау – сау, бӕрзонд арвау – ӕнӕбын.

Кæд искуы уыд зæххон лæгæй Хуыцау,

Уæд арвмæ уый зæрин фæндаг фæрæдыд,

Æмæ æрцард нæ сау хæхтæн сæ рæбын!

………………………………………………

Ыскодта уый йæ зæрдæйæ фæндыр,

Æрыхъуыстой цымыдисæй йæ цагъдмæ,

Æгас дуне – лæджы зæрдæйæ арвмæ!

Йæ зæрдæ – арт, цæхæр цæстытæ – сау,

Йæ зарджытæ – нæ бæллицтæ, нæ цинтæ,

Нæ ивгъуыд бон, нæ ныры цард, нæ фидæн!

Гъе, ахæм уыд нæртон поэт – Хуыцау, –

…………………………………………………………

Лæгæй хуыздæр нæ уыд Хуыцæуттæй иу дæр.

Нафи уыди иунæг æмæ бæллиццаг хъуыддагыл хæст, уый уыд йæ зонд, тых æмæ уды хæзнаты къæбиц: «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо бакодта театры дуæрттæ».

Ныр сæдæ æхсай азы ирон адæм Къостайы номæн табу кæнынц, кувынц ын бæрзонд уæларвон тыхау, сæ æнувыддзинад æмæ уарзондзинад генион поэтмæ уымæй æвдисынц. Ацы бæрзонд идеал æмæ мидисджын хъуыды уыд цæхæрцæст поэтæн дæр йæ царды нысан, йæ парахат зæрдæйы фæндиаг: «Чи мæ фехъуса, уый мæ куыд бамбарид, чи мæ бамбара, уый мæ кæд нæ ферох кæнид».

Нафи бамбæрста, банкъардта æмæ æппæт йæ царды бонтæ æрвыста Къостайы урс нымæт æмæ ирон худы тыхтæй. Никуы фæхицæн йæ хъуыды Къостайы æнусон фæндыры зæлтæй. Къостайы сурæт Нафи куыд ныв кæны, уый дæр баст у нæ адæмы цардуагимæ, нæ адæмон сфæлдыстадимæ: «… Къостайы фæлгонцы сты Ацæмæзы æрдаг уадындзы æвæджиау мыртæ æмæ Сырдоны фæндыры трагикон хъæлæс… Ирон аивадон историйы ис дыууæ бæрзонд хохы: Нарты эпос æмæ «Ирон фæн-дыр». Ацы цардæгас традици не скъуыйы, цалынмæ нæ баиу кæны нæртон кадæджы хъæлæс ирон фæндыры цагъдимæ».

Ирон дзырды æрвон къалиуæн снывонд кодта Нафи йæ цард, æппæт йе сфæлдыстадон тых æмæ арф зонындзинæдтæ. Уымæн фыста хæдбындур поэт-романтик Джыккайты Шамил: «Нафи се стыр куыстæй не скодта фæл-лæйттæ, фæлæ скодта Кад йæ адæмæн æмæ йæхицæн».

Нæ рухстауæг поэты хæдбындур сфæлдыстад, йæ куырыхон хъуыды æмæ удыхъæд уыдысты æмæ уыдзысты Аразæг, Иугæнæг æмæ Æнæфæцудгæ Мæсыг ирон адæмæн.

Поэты ацы æнусон хъуыды тынг ирдæй зыны Хуссар Ирыстоны делегацийы раныхасы Къостайы ныгæнæн бон: «Къоста йæ «Ирон фæндыр»-имæ схызт Кавказы хæхты сæрмæ æмæ уырдыгæй сидæн цагъд ныккодта. Ирон дзыллæ, уæды онг къордтæ-дихтæ чи уыд, уый цæуын райдыдта уæлæмæ, фæндыры цагъдмæ æмæ Къоста-фæндырдзæгъ-дæджы алыварс куы стымбыл сты, уæд-мæ кæрæдзи чи нæ зыдта æмæ чи никуы федта, уыцы адæм, уæд сын Къоста бацамыдта, æфсымæртæ кæй сты, уый æмæ сын кæрæдзимæ радтын кодта сæ къухтæ».

Нафи Къостайы фæлгондз, йæ цард æмæ сфæлдыстад афтæ алывæрсыгæй раиртæста æмæ адæймаг семæ куы зонгæ кæна, уæд æм афтæ кæсы, цыма æмдугонтæ сты æмæ сын фæхицæнгæ-нæн нæй.

Къостайы сфæлдыстад Нафийы царды цы бынат ахсы, уый тыххæй Плиты Гацыр фыссы: «Табу Хуыцауæн, Къостайы фарн æмæ лæгдзинадыл Иры фæлтæрæй Нафийы хуызæн ничима ныззарыд… Нафи бирæ тых, бирæ бонтæ æмæ æхсæвтæ, мæйтæ æмæ афæдзтæ схардз кодта Къостайы царды фæндæгтæ æмæ сфæлдыстадон бынтæ адæмы размæ рахæссыныл».

Разы дæн Плийы фырты хъуыдыимæ. Æцæгæйдæр, Нафи Къостайы сфæл-дыстадыл ныффыста бирæ куыстытæ. Æрæмбырд сæ кодтон æз – 5 томы, се ‘хсæн – 3 монографийы: «Тема Кавказа в русской литературе и в творчестве Коста Хетагурова». – Сталинир, 1955 г; «Коста Хетагуров». – Цхинвал, 1958 г; «Хетæгкаты Къоста – ирон литературæйы бындурæвæрæг». – Цхинвал, 2016 аз; «Иры хур скасти Нарæй». – Владикавказ, 2009 аз (уацхъуыдты æмбырдгонд); «Ирыстоны сагъæстæ. Кадæг Хетæгкаты Къостайыл». – Сталинир, 1959 аз; «Моё одинокое горе» (къухфыст æмæ уацхъуыдтæ), кæцытæ мыхуыргонд уыдысты централон журналтæ æмæ газетты: «Дружба народов», «Вопросы литературы», «Литературная газета», «Литературная Россия», «Отчизна», «Советская книга» æмæ æндæр фæсарæйнаг национ прессæты. Нафи ирон æвзагмæ ратæлмац кодта, Къоста уырыссагау цы æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ ныффыста, уыдон дæр. Фæлæ ма Нафийы архивы ис план (цы ма ис раиртасинаг Къостайы сфæлдыстады) æмæ фыссы: «Къостайы сфæлдыстад у æнæбын, нырма дзы бирæ фарстатæ ис раиртасинаг æмæ ранымадта 7 темæйы. Сæ быны сын бафыста: «Кæд мæхицæн ницыуал бантыса, уæд сæ раиртасдзысты ирон æвзыгъд литератортæ».

Къостайы æвидигæ сфæлдыстад Нафийæн æмæ Ирыстонæн у сæ удварны уидаг, сæ сæрыл тохгæнæг хъæбул, сæ рухстауæг æмæ никуы ферох уыдзæн йæ ныййарæг адæмæй, цæр-дзæн æмæ æмдзу кæндзæн семæ.

ДЖУСОЙТЫ Клавæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.