15 майы Ирыстоны дыууæ хайы дæр нысан кæнынц Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Ацы боны цытæн горæт Цхинвалы ирон литературæ æмæ  литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цырты раз уагъд æрцыдис цытджын митинг. Ардæм æрæмбырд сты Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ Гасситы Наталийы сæргълæудæй, скъолаты æмæ ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзал  байгом кодта 6-æм скъолайы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ. Уый æрдзырдта мадæлон æвзагæн цахæм нысаниуæг ис не ‘рвылбонон царды, куыд хъæздыг æмæ рæсугъд у, æмæ дзы æмбæлонæй куыд нæ пайда кæнæм.

Ирон æвзаг иртасæг, профессор Битарты Зоя куыд банысан кодта, афтæмæй алы ирон адæймаг дæр хæсджын у, цæмæй йæ кæстæртæм адæтта ирон æвзаг, ирон культурæ æмæ традицитæ æмæ цæсты гагуыйау хъахъхъæна йæ мадæлон æвзаг.

Профессор Плиты Гацыр йæ раныхасы бафиппайдта, зæгъгæ, ахæм мадзалмæ бирæ адæм кæй нæ æрæмбырд, уый мæгуырау  хъуыддаг у. Банысан ма кодта, зæгъгæ, ирон æвзагæн табугæнджытæ кæнынц къаддæр æмæ æвзаг афтæмæй мæгуырау уа-вæрмæ цæуы. «Нæ æрвылбонон царды мах фылдæр пайда кæнæм æрбайсгæ дзырдтæй, кæнæ та фæдзурæм æндæр æвзагыл. Æз мæхæдæг Къостайы æппындæр никуы ахуыр кодтон, фæлæ «Ирон фæндыр» зонын æнæкæсгæйæ. Мæ алыварс чи уыдис, уыдон æй зыдтой æмæ сæм æз дæр хъуыстон. Уый та ууыл дзурæг у æмæ абоны бон хæрзцъус кæй архайæм нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл», – загъта Плиты Гацыр.

Чи раныхас кодта, уыдон бузныджы ныхæстæ загътой мадзал сорганизацигæнджытæн æмæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл раафæ кодтой æрæмбырдуæвджытæн.

Кæронбæттæны скъоладзаутæ кастысты Къостайы, ирон æвзаджы тыххæй фыст æмдзæвгæтæ.

 ДЖИОТЫ Александр  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.