У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!..
Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!

Ды незаманæй ацы боны онг
Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс.
Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд
Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.

Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ
Лæхурдта Скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.
«Тох!.. Тох!..» — сæрмæттаг сабийы дзыхæй
Ысхаудта дзырд — лæг у, æрцыд йæ рæстæг!

Гуыпп… Мыхъхъ… Тъæпп… Дæнг, —
Ныффæсус и дæ хъуыр.

Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг…
Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:
Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта,
Дæ сыгъзæрин æй ракалын нæ фæндыд…
Ныззарыд уæд Ирон лæппу — Къоста —
Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг, —
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг), —
Дæуимæ сæфы дунейы истори!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.