Фыссæг М. Шагинян:

«Ирыстоны уыдтæн бирæ хæттыты, зæрдæрухсæй цыдтæн уыцы аргъæутты бæстæйы фæндæгтыл. Ирыстоны æрмæст иунæг хатт чи фæуа, уый дæр æй бауарздзæн. Мæ зæрдыл уæлдай арæхдæр æрбалæууынц æртынæм азтæ – Цæгат Кавказы аивады рæзты бæрнон æмæ рæсугъд рæстæг. Ирыстоны нывгæнджытæ уæд райдыдтой сфæлдыстадон фæндæгтыл фидар санчъехтæ кæнын. Уыцы фæндæгтæ сын рухс кæны æрттиваг стъалы – Хетæгкаты Къоста, курдиатджын нывгæнæг.

Хъуамæ алчи дæр зона, Хетæджы фырт æрмæст фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг кæй нæ уыди, фæлæ нывкæнынадмæ дæр стыр бавæрæн кæй бахаста, уый. Уырны мæ : Къостайы нывкæнынады Фарн кæддæриддæр разæнгард кæндзæн йæ фæдонты – ирон нывгæнджыты».

Мæскуыйы М. В. Ломоносовы номыл паддзахадон университеты ректор, академик  Г. Петровский:

«Ирон аивад у нæ бирæнацион культурæйы иу хай. Стыр æхсызгон мын у, уыцы культурæйы ахъаззаг бынат кæй ахсы, национ литературæйы бындуры фыццаг æрттиваг дуртæ мæ уарзон фыссæг Хетæгкаты Къоста кæй сæвæрдта, уый. Ацы бонты та ма ноджыдæр базыдтон уыцы бæрзонд бынаты лæууæг адæймаджы нывкæнынады курдиат дæр».

Фыссæг, ССР Цæдисы Советы депутат В. Лацис:

«Цæгат Ирыстоны аивады æмæ литературæйы декадæйы боны фæткы Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад иттæг стыр бынат кæй ахсы, уый у бынтон ахсджиаг хъуыддаг».

Литературæиртасæг, академик Д. Благой:

«Цæгат Ирыстоны театралон аивад схызт тынг бæрзонд къæпхæнмæ. Се сфæлдыстады Хетæгкаты Къостайы курдиатджын фыстытæ æмæ йæ сурæт аккаг бынат кæй ахсынц, уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у».

ССР Цæдисы адæмон артист, Сталинон премийы лауреат, кинорежиссер Г. Александров:

«Дыккаг хатт æмбæлын Тæбæхсæуты Вла-димиримæ, æмæ мын уый тынг æхсызгон у. Æз æй федтон, Отелло æмæ Лиры рольтæ хъазгæйæ. Мæнмæ гæсгæ, Тæбæхсæуы фырты курдиатæн абарæн ис Шекспиры курдиатимæ. Ноджы ма йын абарæн ис Остужевимæ, Михоэлсимæ æмæ нæ аивады æндæр къæдзæхтимæ. Уæдæ Хетæджы фыртæн та абарæн ис нæ Цæдисы æмæ æнæхъæн дунейы æппæты тыхджындæр фысджытимæ».

Япойнаг фыссæг æмæ критик Т. Иси-кива:

«Японы стыр аргъ ис Горькийы уацмыстæн. Бирæты дзы иттæг æхсызгонæй кæсæм нæхи æвзагмæ тæлмацгондæй. Махмæ интеллигенцийæ бирæтæ зонынц Ирыстоны фыссæг Хетæджы фырты дæр».

Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Э. Кио:

«Ирон аивад æмæ литературæ мæнæн æцæгæлон никуы уыдысты. Декадæйы иннæ хабæрттыл нæ дзурдзынæн, фæлæ зæгъдзынæн, ацы бæрæгбон Хетæгкаты Къостайы номимæ баст кæй у, уый мын тынг æхсызгон кæй у, уый тыххæй. Ахæм курдиаты хицæуттæ Хуыцау фылдæр куы раттид».

Советон Цæдисы æртæ хатты хъæбатыр А. Покрышкин:

«Сывæллоны бонты цирк бирæ бауарзтон. Бауарзтон литературæ дæр. Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад мын тынг адджын у».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.