9 декабры – Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзты бон

Цытджын депутаттæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзты боны цытæн!

1990 азы 9-æм декабрь ссис нæ паддзахады историйы ахсджиаг этап. Уыцы бон фыццаг æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ.

Растдæр Парламенты фыццаг æрсид-ты депутаттæ сæхимæ райстой сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады фæндагыл цы паддзахад слæууыд, уымæн йæ фидæны егъау бæрндзинад. Уыдон хъуыд паддзахаддзинады бындуртæ сфидар кæнын, æхсæнадæмон бартæм гæсгæ нормативонбарадон базæ саразын. Ацы фарстатæ хъуыд скъуыддзаг кæнын республикæйæн уæззау рæстæджыты.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æппæт зындзинæдтæ æмæ ныхдуртæм нæ кæсгæйæ, фыццаг æрсидты депутаттæ фæтых сты сæ разылæууæг хæстыл æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæд-фæдылон рæзтæн фадат радтой.

Мах абон канд  бæрæгбон нæ нысан кæнæм, мах абон фидар кæнæм парламентон системæйы ахсджиагдзинад, адæмон минæвæртты нысаниуæг æмæ алы æвзарæджы  ахсджиагдзинад Республикæ Хуссар Ирыстоны фидæны сæраппонд.

Ацы бон махæн нæ зæрдыл лæууын кæны диалоджы, кæрæдзиæмбарынад æмæ кæрæдзийæн кад кæныны ахсджиагдзинад, афтæ ма не ‘хсæнады рæзт æмæ Хуссар Ирыстоны алы цæрæгæн хорз уавæртæ саразынæн тыхтæ æрбаиу кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

Уадз, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уа нæ паддзахады æппæт æмбæстæгты интерестæн æргом уынаффæгæнæн, конструктивон диалог æмæ ахсджиаг уынаффæтæ райсыны бынат.

Цытджын адæмон æвзарджытæ!

Уырны мæ, сымах дарддæр дæр уæ традицитыл уыдзыстут æнувыд æмæ алыхаттдæр æвдисдзыстут адæмы интерестæ, ахъаз кæндзыстут паддзахады дидинæфтыд æмæ æхсæнады рæзтæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы сабырад, хорздзинад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

Цытджын æмбæстæгтæ! Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Аппараты цытджын депутаттæ æмæ кусджытæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзтыл 33 азы сæххæсты боны цытæн.

1990 азы 9-æм декабры уагъд æрцыдысты фыццаг æвзæрстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ. Ацы бонæй райдыдта Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон царды ног эрæ. Уый уыд уæззау рæстæг, пырх кæнын райдыдта ССРЦ. Национ иудзинад, цæмæй ма фæцуда, уый тыххæй нæ адæм нæ бавгъау кодтой сæ тыхтæ, фашистон Гуырдзыстонæй ссæрибар уæвыны æмæ хæдбардзинады сæраппонд. Ног арæзт паддзахад бахъахъхъæнынæн æнæмæнг хъуыд фидар барадон базæ саразын. Уыцы хæс æнтыстджынæй сæххæст кодтой фыццаг æрсидты депутаттæ. Ног уæззау уавæрты, хъæддыхдзинад, патриотизм æмæ бæрндзинад равдисгæйæ, уыдон райстой хæдбар паддзахад аразынæн æнæмæнгхъæуæг бындурæвæрæг документтæ. Уыцы документтæ æхсæнадæмон барты домæнтæн æххæстæй дзуапп лæвæрдтой.

Ныры депутатон корпус аккагæй дарддæр кæны йæ развæдгæнджыты традицитæ, эффективонæй кусы закъондæттæн базæ фæхуыздæр кæныныл æмæ скъуыддзаг кæны паддзахадон арæзтады хæстæ.

Фидарæй зæгъæн ис, абон Хуссар Ирыстон кæй сырæзт, куыд суверенон паддзахад æмæ динамиконæй цæуы паддзахаддзинад рæзын æмæ фидар кæныны фæндагыл.

Депутаттæн, Парламенты Аппараты кусджытæн мæ зæрдæ зæгъы, æнæниздзинад, фæрныгад, сабырад æмæ куысты æнтыстытæ нæ бæстæйы æмæ нæ адæмы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.