Цытджын Алан Сергейы фырт! Цытджын депутаттæ!

Арфæ уын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзты боны цытæн!

1990 азы 9 декабрь ссис Хуссар Ирыстоны æхсæнадон-политикон царды  ахсджиаг бон – æппæтадæмон хъæлæскæнынады фæрцы сырæзт Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет.

Уæлдæр закъондæттæн органы æндидзынад арæзт цыд бæстæйы зын рæстæджы. Уæлдай банысан кæнын мæ фæнды I-аг æрсидты депутатты куыст. Фыццаг парламентариты раз уыд серьезон хæс нормативон-барадон базæ саразын, кæцы здæхт уыд политикон æмæ социалон-экономикон хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ. Сæ хъæддыхдзинад æмæ патриотикон хъуыдыкæнынады фæрцы ист æрцыд хъысмæтхæссæг документтæ Хуссар Ирыстон æндидзын кæнынæн.

Аивгъуыйгæ азты конд æрцыд егъау куыст закъондæттæн базæ хуыздæр кæнынæн, фидар бындур æвæрд æрцыд æмбæстæгты интерестæ хъахъхъæнын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæд-фæдылон рæзтæн.

Хуссар Ирыстоны депутаттæ, фыццаг æрсидты парламентариты фæлтæрддзинад æмæ политикон куырыхондзинадыл бындуриуæггæнгæйæ, абон дæр хъуамæ сæрмагонд интерестæй уæлдæр æвæрой Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн куыст, Закъоны уæлдæрдзинад нымайгæйæ, æмæ сæ архайдтыты къухдариуæг кæной, фыццаджыдæр, Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы уагæвæрдтæй.

Ахсджиаг у зæрдыл дарын, мах иууылдæр кæй стæм адæмæн лæггадгæнджытæ æмæ æрмæстдæр хицауады закъондæттæн æмæ æххæсткæнынады къабæзты конструктивон æмархайдæй махæн нæ бон суыдзæн рæзты уавæртæ саразын.

Цытджын депутаттæ!

Ныфс мæ ис, уæ эффективон архайд фадат кæй ратдзæн дарддæр дæр закъонсфæлдыстадон фæлтæрддзинад уæрæх кæнынæн, кæцы здæхт у республикæйы хъомысад сфидар æмæ нæ адæмы уавæр фæхуыздæр кæнынмæ.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад, æнтыстытæ Республикæйы хæрзиуæгæн! Уадз, æмæ бæрндзинад æнкъарын уа уæ сæйраг рахæцæн уæ равзарджыты раз!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

***

Цытджын Алан Сергейы фырт! Республикæйы Парламенты архайгæ æмæ раздæры æрсидты цытджын депутаттæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Хуссар Ирыстоны Закъондæттæн æмбырды сырæзтыл 31 азы сæххæсты боны цытæн!

Нæ республикæйы паддзахадон хицауады уæлдæр закъондæттæн органы сырæзт æрхауд уæззау рæстæджытæм. I-аг æрсидты депутаттæ 1990 зын азы райдыдтой сæ куыст ногæй. Закъондæттæн базæ аразын, республикæйы æхсæнадон-политикон рæзты хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ раст ахасты фæрцы æвæрд æрцыд фидар бындур Хуссар Ирыстоны дарддæры паддзахаддзинад  æндидзынæн.

Закъондæттæн æмбырды фыццаг æмæ уый фæстæ æрсидтыты кусынц æцæг патриоттæ, кæцытæ æнувыд сты сæ райгуырæн зæххыл.

Æххæсткæнынады хицауады органтæ, æхсæнадæмон организацитæ, æмбæстагон æхсæнады институттимæ æмархайд, кæрæдзиимæ дискусситæ сты раст æмæ конструктивон закъондæттæн политикæйы бындур, кæцы здæхт у Республикæ Хуссар Ирыстоны хъомысад сфидар кæнынмæ, йе ‘мбæстæгты уавæр фæхуыздæр кæнынмæ.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт æрсидтыты депутаттæн абоны бон æмæ фидæны хайбавæрды тыххæй.

Ныфс мæ ис, Хицауады æмæ Закъондæттæн æмбырды иумæйаг куыст здæхт уыдзæн сæйраг хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ: не ‘мбæстæгты аккаг цардæй сифтонг кæнын Хуссар Ирыстоны экономикæйы æмæ социалон фадыджы фæд-фæдылон æмæ динамикон рæзты фæрцы.

Мæ цæст уын уарзы, зынаргъ хæлæрттæ, ног æнтыстытæ, позитивон хъуыддæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

 Сæрдар БЕКЪОЙТЫ Геннади

 

***

Парламенты Аппараты зынаргъ депутаттæ æмæ кусджытæ! Цытджын æмбæстæгтæ!

Хуссар Ирыстоны ног историйы 1990 азы 9 декабрь ахсы ахсджиаг бынат. Уыцы бон уагъд æрцыд Республикæйы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутатты æвзæрст, кæцытæ бындур æрæвæрдтой республикæйы парламентаризмы ног этапæн æмæ хицауады закъондæттæн къабазы бынудртæн. Абон зæгъæн ис, фыццаг æрсидты депутаттæ цы нормативон документтæ æмæ закъæттæ райстой, уыдон юридикон цæстæнгасæй нæ хæлдтой æхсæнадæмон барадон нормæтæ æмæ аккаг уыдысты уæды рæстæджы. Уый фæстæ æрсидтыты депутаттæ адарддæр кодтой, фыццаг æрсидты депутаттæ цы тради-цитæ æрæвæрдтой, уыдон,  æвдæм æрсидты депутатты нымайгæйæ. Депутатты раз лæууынц зын хæстæ, хатт закъæтты исынад цæуы карз дискуссийы уавæрты. Фæлæ, уынаффæгонд фарстыты быцæудзинæдтæм нæ кæсгæйæ, Парламент дарддæр кæны йе ‘нтыстджын куыст æхсæнадон царды æппæт фадгуыты барадон базæ фæхуыздæр кæнынмæ.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Парламенты Аппараты кусджытæн, кæцытæ бирæ азты дæргъы ифтонг кæнынц Парламенты æппæт структурæты закъондæттæн, материалон-техникон, финансон архайд.

Мæ цæст уарзы æппæт æрсидтыты депутаттæн, Парламенты Аппаратæн, афтæ ма республикæйы æмбæстæгтæн фæрныгад, сабырад, хорздзинад æмæ стабилондзинад, æвдæм æрсидты депутаттæн та – дарддæры æнтыстытæ закъонсфæлдыстадон архайды.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.