Æдасдзинады дывæр æмбæстагдзинад райсыны фæдыл, социалон-экономикон райрæзты æмæ æмткæй Уæрæсейы Федерациимæ æмгуысткæнынады фарстыты фæдыл 15 ноябры «Спутник-Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры брифингы рæстæджы дзырдта нæ республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар. Фыццаджы дæр уый æрдзырдта æрæджы Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ йæ фембæлды тыххæй.  Куыд загъта, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд дыууæ  паддзахады  ‘хсæн æмгуыстады фарстатыл.

«Махæн ис хорз бадзырдон базæ, кæцы пъланон æгъдаумæ  гæсгæ рæзы, æххæст цæуы реалон æгъдауæй. Нæ фембæлды дзырд цыд бирæ ахсджиаг фарстатыл, æрмæст регионалон æдасдзинады тыххæй нæ, фæлæ ма боны фæткы дунеон фарстатыл. Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд женевæйаг дискусситы куыстмæ.

Куыд зонут, афтæмæй Гуырдзыстонимæ махæн нæ ахастытæ бæстон не сты, æмткæй дунейы уавæрмæ гæсгæ нæ тыхсын кæны Хуссар фарсы арæнты æдасдзинады проблемæтæ. Сергей Лавров банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци куыд бæрнон партнер æмæ нæ хæларадон паддзахад,  афтæ æххæст кæны æмæ кæндзæн йæхимæ райсгæ хæстæ,  кæцытæ фидар æрцыдысты дыууæвæрсон сразыдзинæдты фæлгæтты куыд социалон-экономикон фадыджы, афтæ æдасдзинады фадыджы дæр», – банысан кодта республи-кæйы æддагон политикон ведомствойы сæргълæууæг.

Женевæйаг дискусситæ абоны онг нымад цæуынц иунæг фæзуатыл,  цыран фæрстæ сæ кæрæдзийæн зæгъынц сæ хъуыдытæ. Уыцы нымæцы мах æмæ  æфсымæрон Абхазы республикæйы æдасдзинад æмæ  гуманитарон  фарстатыл дæр. «Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарст махæн у тынг ахсджиаг, ууыл дæр дзырдтам уæрæсейаг коллегæимæ. Фæс-таг рæстæджы женевæйаг дискусситы куыст цъус фæвазыгджындæр ис. Уый та баст у европæйаг бæстæты минæвæртты ахастимæ. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, мах дарддæр дæр хайад исдзыстæм ацы дискусситы», – радзырдта Джиоты Æхсар.

Социалон-экономикон фадыгмæ цы фарстатæ хауы, уыдон скъуыддзаг цæудзысты æмæ куыст æххæст цæудзæн, фæстаг рæстæджы дыууæ паддзахадты ‘хсæн ацы фадыджы æмгуысткæнынады тыххæй цы бадзырдтæ фыст æрцыдис, уыдоны фæлгæтты.  Уыдонæй иууыл егъау дæр у 2022-2025 азты социалон-экономикон паддзахадон программæйы рæзты фæдыл бадзырд.  Ацы программæйы  реализацийы фæдыл егъау куыст кæны æхсæнхицауадон къамис. Регулярон æгъдауæй къамисы уæнгтæ æрымбырд вæййынц æмæ сæ разы æрæвæргæ хæстæ иумæйагæй аскъуыддзаг кæнынц. Æввахс рæстæджы къамисы уæнгтæн хъуамæ уыдаит радон фембæлд, фæлæ бæрæг ахоссæгтæм гæсгæ хаст æрцыд фæстæдæр рæстæгмæ.

Джиоты Æхсар фехъусын кодта йæ  кусæгон балцы рæстæ-джы уымæн кæй уыд фембæлд йæ абхазаг коллегæимæ. Банысан кодта, зæгъгæ, фембæлды рæстæджы æрдзырдтой республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæйы ‘хсæн дыууæвæрсон ахастыты тыххæй. Министр ма йæ аб-хазаг коллегæимæ фембæлды рæстæджы æрдзырдта Сири,  Абхаз æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн политикон кон-сультациты  механизмы куысты тыххæй.

«Цалынмæ мæ уæрæсейаг коллегæимæ нæ фембæлдтæн, уæдмæ ацы механиз уыд æртæварсон. Фæлæ фембæлды рæстæджы уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй ацы механизмы куыстмæ хаст æрцæуа нæ республикæ дæр. Æмæ ныртæккæ æртæварсон нал у, фæлæ цыппарварсон – Уæрæсейы Федераци, Сири, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон.

Механизмы фæлгæтты ацы фембæлд нырма у фыццаг. Брифингы рæстæджы информацион фæрæзты минæвæртты бацымыдис кодта, дывæр æмбæстагдзинады фарст скъуыддзаг куыд цæуы, ууыл. Джиоты Æхсар загъта, зæгъгæ, Сергей Лавровимæ æмæ йæ абхазаг коллегæимæ фембæлды рæстæджы ацы фарст дæр æнæ хъусдард нæ баззад. Ацы сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыдысты аивгъуыйгæ азы сентябры мæйы. Æппæт æнæмæнгхъæуæг процедурæтæ рацыдысты. Йæ тыхы бацæуынмæ æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кæсæм.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ