Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операци раргом кодта бирæ бæстæты æцæг ахаст Уæрæсемæ, комкоммæ зæгъгæйæ та – рæстдзинадмæ. Æмæ ам банысан кæнын хъæуы уый æмæ алкæцы бæстæйы къухдариуæгад фашистон кæй нæу, фæлæ сты хъомысджындæр паддзахадты дæлбар æмæ сын куыд зæгъынц, афтæ кæнынц. Бирæ бæстæтæн та сæргълæуджытæй æвæрд æрцыдысты марионеткæтæ, кæцытæ бынтондæр нæ хъуыды кæнынц сæ адæмыл æмæ сæ тæрынц сæрсæфæнмæ. Ахæм бæстæты хыгъдмæ бахæссæн ис Евроцæдисы  бæстæты фылдæр хайы, Японы, Молдавийы, Тайваны æмæ афтæ дарддæр.

Рагæй фæстæмæ Сомихстон уыд Уæрæсейы хæлар бæстæ, сомихы нацийæн ис æнгом ахастытæ Уæрæсейы цæрæг адæмтимæ, нымад цыд хуссар хайы фидар форпостыл. Фæлæ сын Пашинян куы æрлæууыдис сæргълæууæгæй, уæдæй фæстæмæ Сомихстон нал у хæларадон бæстæ Уæрæсейæн. Ссис, фашистон режимтæн чи æххуыс кæны, уыцы бæстæты æмцæдисон. Хъыгагæн, сомихæгтæ бахауд-той америкæйæгты ахæсты, æмæ дзы рæхджы не ссæрибар уыдзысты. Уавæр куы нæ фæива, уæд фидæны, æвæццæгæн, Сомихстон нал уæвынад кæндзæнис куыд паддзахад, афтæ. Ӕнæуый дæр Уæрæсейы фæрцы уыд хæдбар паддзахад æмæ йæ ныр Путин æргомæй равдыста, уæйгæнджытæн æххуыс кæнынмæ кæй нæ уал хъавы.

Сомихстон цæвиттон у, хæларадон бæстæйæ цыбыр рæстæгмæ хæрам бæстæ саразæн кæй ис, уымæн. Ӕрмæстдæр иу адæймаг æмæ иу политикон парти цалдæр азмæ фехæлдтой сæдæ азты дæргъы саразгæ æнгом бастдзинæдтæ, Сæрсæфæнмæ фæкæнынц сомихæгты æмæ ма æндыгъд уавæр сарæзтой фæскавказы регионы дæр. Ацы хъуыддæгтæ иууылдæр сты АИШ-ы арæзт. Хурыскæсæйнаг политтехнологты фæрцы æрмæст бæстæйы къухдариуæгад не ‘рцыдис ивд, фæлæ ма йын йæ цæрджыты хъуыдыкæнынад дæр зыгъуыммæ кæ-нынц, Уæрæсейæ æмæ сын уæрæсейæгтæй аразынц знæгтæ.

2018 азы Сомихстоны æхсæнады змæстытæ куы уыд æмæ ног хицауад æвзарынмæ куы æрхъавыдысты, уæд æй Уæрæсейы тынг хорз зыдтой, Никол Пашинянæн йæ куратортæ америкæйæгтæ кæй сты. Джордж Сорос рагæй фæстæмæ ауагъта йæ уидæгтæ Сомихстоны æмæ дзы бай-дзаг сты алыгъуызон паддзахады куынæггæнæн организацитæ æмæ сектæтæ, куыд фонд «Открытое общество «Армения»,  «Свидетели Иеговы», «Церковь «Слово Жизни», мармонтæ æмæ афтæ дарддæр. Сомихстоны æдæппæт 2,5 милуан цæрæг йеддæмæ нæй æмæ дзы æрмæст ацы сектæты ахæсты бахаудтой 200 мин адæймагæй фылдæр. Ӕмæ Никол Пашинян дæр у Соросы «курдиатджын хъомылгæнинаг». Абоны бон дæр ам уæвынад кæны 3,5 минæй фылдæр æнæкоммерцион организацийы, кæцыты æхцайы фæрæзтæй ифтонг кæнынц хурыскæсæйнаг бæстæты хицауадтæ. Уымæй уæлдай ма Ереваны АИШ-æн ис бирæнымæц дипломатон минæварад – 2 минæй фылдæр адæймаджы. Путины нæ фæндыд, цæмæй сомихæгты агитаци кодтаиккой уæрæсейаг политикæйы ʻрдæм. Куыд фæдзурынц, – «тыхмийæ ми нæй», æмæ сæ ныууагътой сæхи бар.

Чи у Никол Пашинян? 2020 азы 8 майы Никол Пашинян Facebook-ы йæ фыды фыды ныв сæвæрдта, ома, службæ хаста 554 полчы 138-æм æхсæг дивизийы æмæ хъайтарæй фæмард 1943 азы. Уымæй балхæнынмæ хъавыд уæрæсейæгты зæрдæтæ, фæлæ йын нæ рауад. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй тынг бирæ информаци ис интернетпортал «Мемориал»-ы, кæцы арæзт æрцыд 2007 азы. Куыд рабæрæг, афтæмæй Пашиняны фыды фыд службæ хаста немыцаг фашистты рæнхъыты æмæ, æцæгæйдæр, фæмард 1943 азы. Ахæм æнгæс бæрæггæнæнтæ разындис немыцæгты картотекæйы дæр. Уый фæстæ Пашинян айста уыцы ныв Facebook-æй, фæлæ йæм уæдæй фæстæмæ бирæ фарстатæ фæзындис. Куы ахъуыды кæнæм, уæд кæстæртæ сæ фыдæлты тыххæй дзуапп ма хъуамæ дæттой. Фæлæ куыд фæдзурынц, – «фæткъуы фæткъуыбæласæй дард нæ хауы». Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ немыцæгтæн кæй уыд сомихаг легион дæр – сæ нымæц 30 мин хæстонæй фылдæр, кæцытыл къухдариуæг кодта генерал Драстамат Канаян. Уыимæ иумæ нæ хъæуы рох кæнын уыцы 600 мин сомихаг хæстоны дæр, кæцыты ‘хсæн уыд 103 Советон Цæдисы хъайтары. Фæлæ уыцы хъаруджын фыдæлты ныры фæлтæртæ ферох кодтой, сæ зондамындмæ сын нæ байхъуыстой æмæ сæ цыфыддæр знæгты дзæмбыты сæхи фæндæй смидæг сты.

Пашинян йе ‘рлæудæй фæстæмæ нæ бацыд йæ кураторты зæрдæхудты – Сомихстонæн цыдæриддæр интеграцион структурæтæ уыд Уæрæсеимæ, уыдон куынæг кæнынмæ æвæстиатæй æрæвнæлдта. Цыбыр рæстæгмæ бæстæйы къухдариуæгадæй аиуварс кодта, Уæрæсейы ‘рдæм цы политиктæ æмæ æфсæддонтæ уыдысты, уыдоны. Стæй ма йын йæ къух чи нæ арæзта, уыцы информацион ресурсты дæр алыгъуызон æфсæнтты фæрцы æхгæнын райдыдта. Сомихстоны территорийыл нал кусынц уæрæсейаг теле – æмæ радиоканалтæ дæр, цæмæй адæмæн ма уа фадат хъæугæ информаци райсынæн æмæ сын цыфæнды гæды ныхæстæ дæр æнцонтæй бауырнын кæной.

Сомихæгтæй фылдæр, æвæццæгæн, фæсарæнты ничи цæры – бирæнымæц диаспоратæ сын ис Уæрæсейы, Францы, АИШ-ы æмæ æндæр бæстæты. Иууыл фылдæр сомихæгтæ цæры Уæрæсейы – 3 миллуанмæ æввахс æмæ ныры онг тынг æндæвтой Сомихстоны мидæггагон политикæйыл. Фæлæ Пашинян пропагандæйы фæрцы уæрæсейаг сомихæгтæй сарæзта дыккаг сорты адæм, ома уыдон махæй нал сты, суырыссæгтæ сты. Афтæмæй та æндæр бæстæты сомихаг диаспорæты минæ-вæрттæ активонæй архайынц Сомихстоны мидæггагон æмæ æддагон политикæйы. Бынæттон цæрджытæн афтæ æнæуынон скодтой Уæрæсейы, æмæ сæ уырнын райдыдта, ома, сæ æгуыдзæгдзинады æмæ мæгуырдзинады уырыссæгтæ сты аххосджын.

Куы æркæсæм политикон процесстæм, уæд фендзыстæм, сомихæгтæн кæй уыд цалдæр хатты фадат сæ рæдыд рараст кæнынæн. Райдианы йæ тынг хорз зыдтой, Пашинян кæй у АИШ-ы фæсдзæуин, фæлæ йæ уæддæр 2018 азы  равзæрстой сæргълæууæгæй. Уыцы аз декабры мæйы та Сомихстоны ацыдысты парламентон æвзæрстытæ æмæ та Пашиняны партийæн радтой хъæлæс 70%, кæд æмæ  антиуæрæсейаг политикæ уагъта, уæддæр. Уый фæстæ, 2020 азы, хæст райдыдта Хæххон Хъарабахы, фæмардысты дзæвгар сомихæгтæ, фесæфтой сæ территоритæ, фæлæ та Пашинян баззадис йæ къæлæтджыны. 2021 азы дзы уагъд æрцыдысты æмгъуыдæй раздæр парламентон æвзæрстытæ æмæ та дзы 54% райста Пашиняны парти. Æмæ ма уæдæ тæригъæд кæнын хъæуы Сомихстоны цæрæг адæмæн? Ацы цауты фæстиуæгæн Уæрæсейы къухдариуæгад æмæ не ‘хсæнады фылдæр хай уазал цæстæй райдыдтой кæсын Сомихстонмæ.

Сомихстон катайы æппары йæ сыхаг бæстæты, йæ территорийыл кæй ис АИШ-ы биолаборатори, уый тыххæй дæр. Уæрæсе æмæ Китай цалдæр хатты бахатыдысты, цæмæй бабæрæг кæной ацы объект, фæлæ сæ æввахс дæр нæ бауагътой. Афтæмæй та НАТО æмæ АИШ-ы спецслужбæты кусджытæ æппынæдзух уым вæййынц. Коронавирусон низ апарахаты рæстæджы ацы биолабораторимæ сæ зæрдæ хсайдта, ома, барæй низджын кæнынц ацы регионы цæрджыты. Æмæ ацы хъуыды, æвæц-цæгæн, аппаринаг нæу. Ахæм объект ма ис Хуссар Ирыстоны тæккæ цур дæр – Лугары лаборатори, кæцы ис Тбилисы горæтгæрон æмæ арæзт æрцыд 2011 азы. Ацы объекты дæр аххосджын кæнынц канд коронавирус апарахаты нæ, фæлæ ма æндæр алыгъуызон низты фæзындты, кæцыты фæстиуæгæн стыр зиæнттæ баййæфтой нæ адæм æмæ ма æгас Кавказы цæрджытæ дæр. Бирæ азты дæргъы ацы регионы рæстæгæй-рæстæгмæ цагъды кæнынц хæдзарон цæрæгойтæ.

Ӕрæджы 13 сентябры Азербайджан æмæ Сомихстоны арæнтыл æрцыдис тугкалд – фæмардысты 200 фылдæр арæнхъахъхъæнæджы. Ацы инциденты сомихæгтæ фæаххосджын кодтой азербайджайнæгты. Фæлæ лæмбынæг куы æркæсæм ситуацимæ, уæд Азербайджанæн бынтондæр пайда нæу æндыгъддзинад саразын. Ацы регионы конфликтон ситуаци пайда у æрмæстдæр АИШ-æн. Уыдон сусæг-æргомæй архайынц, цæмæй хæст сцырен уа æмæ дзы хайад райсой Турк æмæ Иран дæр. Комкоммæ зæгъгæйæ, АИШ-мæ сомихæгтæ нымады дæр не сты, – уыдоны фæнды Сомихстоны территорийæ плацдарм саразын Ираны ныхмæ схæцыны тыххæй æмæ ма уыимæ иумæ бафхæрынмæ хъавынц Турчы дæр. Уымæн æмæ Турчы президент Эрдоган сæ коммæ нæ кæсы, уадзы хæдбар политикæ йæ адæмы пайдайæн. Ныридæгæн дам-думтæ цæуы, ома, Турк сфæнд кодта НАТО-йæ рахизын æмæ ШОС-ы (Шанхайаг æмгуыстады организаци) скондмæ бацæуын. Эрдоган æй хорз æмбары, АИШ æрмæстдæр йæхи пайдайæн кæй архайы æмæ Европæйы бæстæтæ та банкроты къахыл кæй ныллæууыдысты, уый. Ахæм сæвзæргæ уавæрты Турк йе ‘ргом аздæхта Азимæ æмæ уый хурныгуылæйнаг бæстæты зæрдæмæ нæ цæуы.

Америкæйæгты фæнды Сомихстоны се ‘фсæддон базæ сæвæрын, фæлæ сомихæгтæ ОДКБ-йы (Коллективон æдасдзинады фæдыл бадзырды организаци) уæнг кæй сты, уый сын фадат нæ дæтты. Ӕрæджы сæм АИШ-ы сенаты спикер Ненси Пелоси кусæгон балцы ныццыд æмæ сæм, цыма, зæд ныттахт, афтæ йыл сæмбæлдысты. Уынгты кæмдæриддæр уæрæсейаг билбордтæ æмæ нывтæ уыдис, уыдон раппæрстой, аиуварс кодтой, æгæрыстæмæй, Владимир Путины ныв дæр ахæм фыстимæ «Навеки вместе». Пелосийы æрцыдимæ сомихаг «политикгæндтæ» райдыдтой Уæрæсейы æфхæрын, ома, уыдоны аххос у, Арцах кæй фесæфтой, уый, æмæ ма сын сæ экономикон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн дæр ницы æххуыс кæнынц.

АИШ-ы фæнды, цæмæй Сомихстон рахизой ОДКБ-йæ æмæ Уæрæсе айса йе ‘фсæддон базæ Гюмрийæ. Ацы хъуыддаг сын сæ авналæнтæ бæрæг фæуæрæхдæр кæндзæнис, фæлæ сомихæгтæн та æрхæсдзæнис æрмæстдæр мæгуырдзинад. Æфсæддон базæ айсынимæ Уæрæсе сомихæгтæн аслам аргъыл нал уæй кæндзæнис æрдзон газ æмæ нефть, электроэнерги сæм фæзынаргъ уыдзæнис, рахизын сæ кæндзысты ноджы Таможнæйы Цæдисæй дæр æмæ сæ уæййæгтæ кæм уæй кæной, уый фадат сын нал уыдзæнис. Фæлæ бынæттон цæрджытыл чи хъуыды кæны?

Иран æмæ Турк хорз æмбарынц АИШ-ы фæндтæ æмæ архайынц, цæмæй ма бауадзой америкæйæгты æфсæддон базæ сæвæрын Сомихстоны. Уый фидæны стыр зиан хæсдзæнис æнæхъæн регионы æдасдзинадæн. Ныридæгæн та АИШ æндыгъддзинад аразы Азербайджанимæ æмæ конфликтон уавæры рæстæджы Ираны æмæ Турчы бахъæудзæнис хæстон архайдтыты хайад райсын. Уымæй америкæйæгты фæнды дыккаг фронт æрбакæнын, цæмæй Уæрæсе йæ тыхты иу хай хардз кæна ацы регионыл æмæ йын фæзын уа. Иуæй Уæрæсейы лæмæгъ кæны, иннæмæй та – Ираны æмæ Турчы дæр бахъыгдардзæнис. Стæй ма ацы территоритыл цæуынц æрдзон газ æмæ нефты хæтæлтæ  Европæмæ æмæ уыдоны дæр æрæхгæндзысты, цæмæй Евроцæдисы бынтондæр йæ зоныгуылтыл æрлæууын кæна.

Ныры Сомихстоны хуызæн бæстæимæ Уæрæсейы знаг дæр нæ хъæуы. Ахæм хъуыдыйыл лæуд сты йæ иннæ сыхæгтæ дæр – Азербайджан, Иран æмæ Турк. Уымæ гæсгæ ацы регионы хæстон архайдтытæ куы райдайой, уæд йæ сыхаг бæстæтæ архайдзысты, цæмæй Сомихстон, куыд бæстæ, афтæ мауал уæвынад кæна дарддæр æмæ мауал хæсса тæссагдзинад. Уæрæсе, Иран æмæ Турк абоны бон сты æмцæдисонтæ, бафыстой бирæ перспективон бадзырдтæ экономикæйы æмæ æндæр фадгуыты, æмæ се ‘хсæн ахæм хæрамдзаст бæстæ, куыд Сомихстон, куы уа, уæд сын ницы пайда æрхæсдзæнис. Уымæ гæсгæ, ныридæгæн сомихæгты ахъуыды кæнын хъæуы сæ дарддæры цардыл, къахдзæфтыл, цæмæй бынтондæр ма скуынæг уой æмæ курдты нацийау æнæпаддзахадæй ма аззайой. Æнæуый дæр 1991 азæй фæстæмæ Сомихстонæй хуыздæр цардагур ацыдысты иу миллуан адæймагæй фылдæр æмæ ацы тенденци нырма дæр афтæ у.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.