Советон Цæдисы æфсæддон каскæ саразыныл куыстой активонæй. Советон конструктортæ цы каскæ сарæзтой, уый ссис шлемуæлахиздзауы «фыд». Æндонæй арæзт каскæ арæзт цыд 1939 азæй 1942 азмæ йæ бæзн 1,9 мм кæмæн уыд, ахæм æндонæй. Каскæйы уæз уыд 1250 граммы. Ацы шлем армийы æмæ уый фæстæ та Æмбæстагон хъахъхъæнынады  ахуырадон уагдæтты уæвынад кодта 20-æм æнусы 60-æм азты онг. Советон салдат-сæрибаргæнæджы кæцыфæнды монументæн дæр æнæфæхицæнгæнгæ хай чи ссис, уыцы каскæ лысьвенскаг цæмæн хуыйны, уый алчи кæцæй зоны. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Советон Цæдисы æфсадæн каскæты кондадыл архайдтой æрмæстдæр æртæ заводы – Ленинград, Сталинград æмæ Лысьвейы заводтæ. Фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд дыууæ заводы нал уагътой каскæтæ, уымæн æмæ Ленинград уыд блокадæйы æмæ Сталинграды завод та пырх æрцыд. Афтæмæй ма каскæтæ уагъта Лысьвейы завод, кæцы уыд легендарон. Зенитон æмæ авиасармадзантæн, зынгæфтауæн бомбæтæ, «Катюша»-тæм снарядтæ фронтмæ цыдысты сæрмагондæй Лысьвейæ. Фæлæ фронтонтæй бузныджы ныхæстæ райстой сæрмагондæй СШ-40 тыххæй. Арæх хæстонтæ каскæты хуыдтой «æндон фронтон æмбал». Зæгъын хъæуы СШ-40 тыххæй. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Советон æфсады чи службæ кодта, уыцы ветерантæ хъуыды кæнынц «сæхи» каскæты. Уый кæд тынг æнгæс у 40-азты каскæимæ, уæддæр у æндæргъуызон йæ формæмæ гæсгæ. Æцæгæйдæр, зынгæ каскæ цалдæр хатты модернизаци æрцыд, уæлдай тынгдæр  – 1968 азы. Каскæйы фидардзинад фæтыхджындæр кодтой, йæ фæрстæ йын фæцыбырдæр кодтой. Йæ уæз та фæфылдæр  æмæ ссис 1,5 килограммы. Абон Уæрæсейы Федерацийы иугонд æфсады хæстон шлем у 6Б47, кæцы фылдæр зындгонд у, куыд «Рат-ник»-ы шлем, афтæ. Арæзт цæуы 2011 азæй фæстæмæ. Шлем æрдæгкилограмм рогдæр у СШ-68. Йæ уæз у æдæппæтæй 1000 граммы.

1967 азы 8-æм майы Кремлы къулты бын байгом кодтой мемориал: «Æбæрæг салдаты ингæн» æмæ бæстæйы сæйраг цыртæн скульптор равзæрста хъахъхъæныны символ – каскæйы. Райгуырæн бæстæйы æбæрæгæй сæфт хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинады тыххæй хъуыды кæнгæйæ, адæймаджы цæстыты раз слæууы Æбæрæгæй сæфт ингæн æмæ гранитон плитæ салдаты каскæимæ, кæцы ис Кремлы къулты цур. Уым алыхатт дæр судзы арт, радгæсад дзы хæссы хъарагъул. Каскæ йæхæдæг æнæхъæн фæлтæртæн у монументы хай. Хæсты азты ацы æндонæй арæзт шлемтæ бахъахъхъæдтой милуангай салдатты цард. Уым стыр нысаниуæг ис Лысьвенскы металлургион заводæн. Конструкторты раз лæууыд зын хæслæвæрд, саразын хъуыд æрмæст фидар нæ, фæлæ хъахъхъæнæн рог каскæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты рæтæджы Лысьвенскы металлургион завод уыд иунæг куыстуат, кæцы уагъта салдаты каскæтæ. Æдæпптæй 1941-1945 азты Лысьвейы рауагъдæуыд дæс милуан салдаты каскæйæ фылдæр. Хæсты рæстæджы йæ хорз куысты тыххæй завод хорзæхджын æрцыд Ленины æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй. 1941 азы размæ Советон хицауад Лысьвейы заводы кусджыты раз сæвæрдта æууæнкаг каскæ саразыны хæс. Каскæтæн бакуыст æрцыд æндоны хицæн маркæ, кæцы уыд пластикон æмæ уыцы иурæстæджы уыд фидар, нæмыг кæм нæ хызт, ахæм. Йæ саразыны технологи йын бакуыста лысьвенскаг специалист Евгений Ширинкин.  Йæ бæзн иу миллиметр кæмæн уыд, ахæм æндонæй арæзт каскæ нæмыгæн разынд фидар. Конструктортæ, технологтæ æмæ химиктæн лæмбынæг куысты фæстæ сæ къухты бафтыд хъæуæг фæстиуæг. Продукцимæ уыд ахæм домæнтæ: хъуамæ йын уыдаит æноцнвадат формæ, хъуамæ бафæрæзтаид винтовкæ-трех-линейкæ, автоматы æхстытæн, егъау нæмыджы схъистæн.

Продукцийы фидардзинад бæрæг кодтой сæрмагонд тиры. Каскæты æхстой 25 метры дæрддзæгæй. Фронтмæ æппæт нæлгой-мæгтæ куы ацыдысты, уæд та каскæты арæзтой сылгоймæтæ æмæ сывæллæттæ.

Советон шлем СШ-40, кæцыйы Сырх æф-сад рацыд æнæхъæн хæсты, райста Семен Буденный йæхæдæг. Шлем бакусджытæй иу М.Корюковы зæрдыл-иу æрлæууыд ахæм цау. «Буденный лæмбынæг æркаст лабораторийы кусджыты саразгæ шлеммæ æмæ февнæлдта æхсаргардмæ. Йæ равзæрст хæцæнгарз мæм диссаг фæкаст æмæ  ба-худтæн. Уый бафиппайгæйæ, Семен Михаилы фырт бамбарын кодта, зæгъгæ, хорз кавалерист æхсаргардæй знаджы ахауын кæны йæ уæхскæй астæуы онг, – нæмыгæн ахæм тых нæй… Æмæ æхсаргардæй тынг фæцæф кодта шлемы, фæлæ уый æрмæстдæр адзыгъал-мыгъул кодта. Буденный дисгæнгæйæ æркаст цæфы бынатмæ. Уæд та систа наган æмæ йæ фехста нырма 25 метры дæрддзæгæй æмæ уый фæстæ та – дæс метры дæрддзæгæй, фæлæ йын ницы ракодта. Алы æхсты фæстæ дæр-иу шлем æрмæстдæр фесхъиуæгау кодта хæрдмæ, нæмгуытæ фæстæмæ хаудтой, æмæ тарстæн, Буденныйыл куы сæмбæлдаиккой, уымæй. Шлемы хъысмæты тыххæй сабыр уыд-тæн, нæ дызæрдыг кодтон йæ фидардзинады тыххæй. Бæдæйнæгтæ! – загъта æппынфæстагмæ маршал, – хорз бакуыстат».

Ацы каскæ æнæхъæн хæст рацыд фистæг æфсад, сапертæ, развæдсгарджытæ, артииллеристтæ æмæ партизантимæ иумæ. Æгæрыстæмæй-иу, инæлартæ æмæ маршалтæ дæр фронты раззаг рæнхъыты уæвгæйæ, сæ сæртыл æркодтой салдаты ацы хъахъхъæнæджы. Салдаты каскæ у Уæлахизы парады хайадисæг, кæцы мæлæтæй ирвæзын кодта советон салдатты æмæ афицерты санитартæ æмæ медикты æмрæнхъ. Абон ацы каскæ ис кæцыфæнды æфсæддон-историон музейы дæр.

Европæйаг æфсæдтæ уæлдай тынгдæр нæ хъуыды кодтой хæстон шлемтæ сæ салдаттæн саразыны тыххæй суанг Фыццаг дунеон хæсты райдианы онг. Æрмæстдæр позицион кæнæ та йæ уыцы рæстæджы куыд хуыдтой – акъопты хæст, командирты ахъуыды кæнын кодта сæрмагондæй салдаты сæртæ бахъахъхъæныны тыххæй. Уымæн æмæ Фыццаг дунеон хæсты фыццаг азты салдаттæн сæ фылдæр мардысты сæ сæртæ-иу кæй фæцæф сты, уый фæстиуæгæн. Нырыккон æфсæддон каскæты «фыдыл» нымад цæуы французаг инæлар Огюста Луи Адриан, кæцы 1915 азы бакуыста æндонæй шлем. Æфсады Адрианы каскæтæй сифтонг кæныны фæстæ сæр фæцæфты нымæц фæкъаддæр 30 проценты, æмæ ахæм цæфтæй фæмардуæвджыты нымæц та – 12-13 проценты.

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр Уæлахизы парады адæм федтой автоматтæ, винтовкæтæ, пулеметтæ, танкæтæ, «Катюша»-тæ, сармадзантæ. Æппæт уыцы хæцæнгæрзты, кæцытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæрæн кодтой знæгты æппæт фронтты. Адæм парады æнæмæнгæйдæр фенынц хуымæтæджы салдаты каскæ, кæцы бахъахъхъæдта милуангай адæймæгты цард.

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.