Иу азы размæ нæ республикæйы фæзынд ног эко-логон æхсæнад «Чистый мир». Уыдон сæ сæйраг хæ-сыл нымайынц рæзгæ фæлтæры æрдз уарзын æмæ йæ бахъахъхъæнынмæ сразæнгард кæнын. Сæ сæйраг домæн та у брон æрæмбырд кæнын, уый фæстæ йæ хицæнтæ кæнын æмæ йæ афтæмæй сæрмагонд бронкалæнты калын. Цæмæй нæ адæмы ууыл фæ-цайдагъ кæной, ома, сæрмагонд домæнтæм гæсгæ брæтты æвзарой, уый тыххæй ауадзынц акцитæ, цыран хайад райсынц республикæйы фæсивæдон комитеты минæвæрттæ æмæ горæты скъолаты активондæр ахуыргæнинæгтæ.

Стыр хæс сæвæрдта йæхиуыл «Чистый мир», фæлæ йын æнтысгæ дæр кæны. Сæрмагонд акциты руаджы сыгъдæггонд æрцыд нæ горæты сæрмæ цы тырыса фæйлауы, уымæн йæ алфæмблай, горæты фæсвæд уынгтæй цалдæр, Тулдзы къох æмæ афтæ дарддæр.

Организаци «Чистый мир»-ы саразджытæ Тедеты Андрей æмæ Вадим зæгъынц: «Афæдзы мидæг ма-хæн бантыст пайдайаг æвзарæнтæй Уæрæсемæ арвитын 180 тоннæйы бæрц. Уымæй бронæй мах канд горæт нæ ныссыгъдæг кодтам, фæлæ ма дзы бизнес дæр сарæзтам. Сæрæй мах æмбырд кодтам профкартонтæ, пластикæй конд асыччытæ æмæ пакеттæ, ПЭТ тыхтонтæ, полиэтиленæй целофантæ. Уыдон сæрибарæй калд вæййынц алы хæлцадон магазины раз дæр. Кафетæ, ресторантæ, бæгъиаты суаруадзæн завод, сæнуадзæн компани «Ирон сæн»-ы къухдариуæггæнджытимæ та бадзырдтæ сарæзтам. Уый адыл уыдон брон ласынæй фервæзын кодтам, нæхицæн та пайда æрхастам. Махæн ис сæрмагонд ныггæнд, «Вибромашинæ»-йы территорийыл, уырдæм нæ кусджытæ машинæтыл баласынц брон, ам уыдон пресгæнæн ифтонгадыл æлхъывд æрцæуынц æмæ сæ уый фæстæ аласæм Цæгат Ирыстон-Аланимæ.

Мах ныртæккæ исæм макулатурæ дæр, бирæтæ сæ зæронд чингуытæ броны асыччыты ныккалынц æмæ схæццæ вæййынц æндæр цардуагон бронимæ. Зæронд газеттæ, гæххæттытæ æмæ пластикон рудзгуытæн радтæн ис «ног цард». 2021 азы макулатурæ æрæмбырд кодтам 100 тоннæйы бæрц. 2022 азы райдианæй та æмбырд кæнæм æфсæйнаджы згъæлæнтæ. Ацы аз нæ зæрды уыд авджы цъæлтыл дæр бакусын, фæлæ Цæгат Ирыстоны цы авджы завод ис, уый нæ æгæр бирæ аргъ æрдомдта». Тедеты лæппутæ зæгъынц, зæгъгæ, «газеттæ, чингуытæ æмæ кардонæй асыччытæн кæд ис прессгæнæн, уæддæр пластик æмæ æфсæйнаджы згъæлæнтæн та хъæуы сæрмагонд машинæ. Уымæ гæсгæ хъæбæр брæттимæ архайæм лæгдыхæй. Ис сæм кусджытæ, кæцытæн фыст цæуы куыстмызд. Гофкартонæй арæзт æрцæуы ног картон асыччытæ, гæххæттæй арæзт æрцæуы сыгъдæг, фыссынæн бæзгæ гæххæт – тетрæдтæ, альбомтæ. Пластикæй та ног ПЭТ æрмæджытæ, уыцы нымæцы, доны хæтæлтæ, рудзгуытæ, тротуарон плиткæ æмæ а.д».

Тедеты лæппутæ ма зæгъынц, зæгъгæ, сæ зæрды ис нæ горæты хæрзарæзтады комбинатимæ бадзырдтæ саразынц, цæмæй уыдон æфснайгæйæ бынаты сортировкæ кæной брон. Уыдон уæддæр пластикон мигæнæнтæ æмæ полиэтилен пакеттæ полигонмæ аласынц, куыд зонæм афтæмæй та уыдон зæххы бын не ‘мбийынц, æмæ уый æрдзæн хæссы зиан. Лæппутæ радзырдтой ноджыдæр ма сæм цы хъуыдытæ ис, уыдонæй сæ иуы тыххæй дæр. «Нæ зæрды ис алы скъолайы кæрты дæр сæрмагонд асыччытæ сæвæрын, цæмæй скъоладзаутæ уырдæм калой, цы гæххæттытæ сæ нæ хъæуы, уыдон».

Лæппутæ æрсидтысты не ‘мбæстæгтæм, цæмæй кæд искæмæ ис макулатурæ кæнæ æфсæйнаджы згъæлæнтæ, уæд нæм фæдзурой ахæм номыртæм: 8-929-805-93-76

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.