77 азы размæ 22-æм июны, немыцаг тыхæйисджытæ, хæст нæ расидгæйæ, нæ раздæры Советон Цæдисмæ æрбакалдтой æвирхъау бирæ тыхтæ, бомбæтæ калын райдыдтой советон горæттæ æмæ хъæутыл. Немыцаг тыхæйисджытæ мардтой æмæ дæрæн кодтой, сæ фæндагыл кæуылдæриддæр æмæ цæуылдæриддæр æмбæлдысты, уыдон.

Советон Цæдисмæ мæнгардæй æрбабырсынæй иу къуыри раздæр Гитлер дзырдта, зæгъгæ, Советон Цæдис æмæ йæ адæм кæронмæ хъуамæ куынæг æрцæуой. Гитлерон тыхæйисджытæ сæхи рагæй цæттæ кодтой сæ фæндтæ сæххæст кæнынмæ. Фашисттæ хицауад сæ къухмæ куы райстой, уæд сæм фæзындис «Дрангнах Остен»- ы план. Немыцаг фашистон æфсæдтæ уыдысты капиталистон дунейы иууыл тыхджындæр. Нацисттæ хъомысджын æфсад куы сарæзтой, уæд сцагъар кодтой Чехословаки, Польшæ, Венгри, Румын, Франц æмæ Европæйы бæстæты адæмты. Стыр æххуыс сын кодта Итали. Афтæмæй фактон æгъдауæй сæ къухы уыдис æнæхъæн Европæйы экономикæ. Уый фæрцы сын бантыстис Советон Цæдисмæ æрбабырсыны агъоммæ хъомысджын гарзджын тыхтæ саразын, сæ нымæц сын схизын кодтой 8,5 милуан адæймаджы онг. 1939 азы дыккаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд фашистон Германмæ уыдис 103 дивизийы æмæ нæ бæстæмæ æрбабырсыны рæстæгмæ та сæ нымæц схызтис 214 дивизимæ. Уыдон ныддæрæн кæнын æмæ Европæйы адæмты фашизмы æфсондзæй ссæрибар кæныны мисси æрхаудта советон адæм æмæ йæ гарзджын тыхтæм. Советон хæстонтæ знæгты ныхмæ тохты æвдыстой хъайтардзинад æмæ райгуырæн бæстæйыл стыр æнувыддзинад.

Гитлерон фашистты ныхмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта,уæд райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы фæстæ нæ фæлæууыдысты Иры сахъ гуырдтæ дæр. Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны тыххæй Ирыстоны тохвæдис лæппутæ æфсæддон къамиссариатмæ цыдысты къордгæйттæй, цæмæй сæ фронтмæ арвыстаиккой. Æдæппæт Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Хуссар Ирыстонæй бархийæ ацыдис 893 ирон лæппуйы. Ирон хæстонтæ знæгты ныхмæ тохы æвдыстой хъайтардзинад æмæ райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад. Бирæ хæдзæрттæ раафтид сты нæлгоймæгтæй. Уыдонæй бирæтæ сæ хæдзæрттыл нал сæмбæлдысты, бирæтæ та æрыздæхтысты цæфтæ æмæ сахъатджынтæй. Бирæ уыдис Ирыстоны ахæм бинонтæ фондз-æхсæз-авд æфсымæрæй кæм афæндараст кодтой сæ хъæбулты æмæ сæ иу дæр йæ хæдзарыл чи нал сæмбæлд. Авд æфсымæрæй кæрæдзийы фæстæ фæцыдысты тугкалæн хæстмæ Гæздæнты хæдзарæй, æмæ авдæй дæр бабын сты.

Абон мах буц æмæ сæрыстыр стæм, ирон адæмы намысджын фырттæ немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ карз тохы стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыстой, уымæй. Ирыстоны фырттæй 35 адæймагæн лæвæрд æрцыдис Советон Цæдисы Хъайтары ном, мингай æмæ мингай адæймæгтæ хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй. Райгуырæн бæстæ æмæ адæмы раз сæхицæн стыр кад скодтой армийы инæлар, дыууæ хатты Советон Цæдисы хъайтар Плиты Иссæ, Советон Цæдисы хъайтартæ, армийы инæлар Хетæгкаты Георги æмæ инæлар-булкъон Мамсыраты Хаджи-Мурат æмæ бирæ æндæртæ. Æрмæст нæ чысыл Хуссар Ирыстон райгуырæн бæстæйæн радта 4 инæлары æмæ Советон Цæдисы хъайтартæ та — 7. Ирыстоны адæм сæххæст кодтой сæ историон хæс. Дзырд «ирон» кадимæ дзырдтой Фыдыбæстæйон хæсты æппæт фронтты дæр. Уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты нæлгоймæгты æмрæнхъ ирон сылгоймæгтæ дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты. Уыдон цы æхсар, цы хъару равдыстой, уый æнусты мысинаг хъуыддаг у. Райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвгæйæ, ирон сылгоймæгтæ нæлгоймæгтимæ иумæ карз тох кодтой знаджы ныхмæ алы фадгуыты. Уыдон уыдысты медицинон кусджытæ, дæлхæйтты командиртæ, снайпертæ, развæдсгарджытæ, хæстонтæ, партизантæ. Æмæ алы ран дæр æвдыстой æхсар æмæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ. Хæст цы бон райдыдта, уыцы бон Иры зæххæй фронтмæ ацыд 1000 сылгоймагæй фылдæр. Хæсты фыццаг бон капитан Сæлбиты Верæ сывæллæтты рæвдауæндонмæ радта йе ‘ртæ сабийы, йæхæдæг ацыд фронтмæ. Хæсты фыццаг бонты цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Тырысайы орденæй. Сланты Нинæ та уыд снайпер. Нинæ скуынæг кодта 60 немыцаг салдат æмæ афицеры. Дауыраты Илитæ ссис тæхæг-куынæггæнæг. Илитæ йе сгуыхтдзинæдтæй стыр кад скодта йæ адæм, йæ райгуырæн бæстæн.

Бирæ сты, тынг бирæ ирон адæмæн ном æмæ кад чи скодта, уыцы æхсарджын чызджытæ.

Хæсты азты цъус фыдæбон нæ фæкодтой, фæсчъылдым чи баззад, уыцы сылгоймæгтæ, ацæргæ адæймæгтæ æмæ æнахъомтæ дæр. Фронтæн ифтонг кæнын хъуыдис хæлц, дарæс, хотыхтæ. Æппæт уыдон цæттæ кодтой æмæ сæ фронтмæ æрвыстой фæсчъылдым сылгоймæгтæ. Уыдон фæрæзтæ æмбырд кодтой Сырх Æфсадæн уæлæмхас хæцæнгарз рауадзыны тыххæй. Æрмæст танкон колоннæ «Гуырдзыстоны колхозон» саразыны тыххæй нæ уæды областы колхозонтæ æрæмбырд кодтой 5 милуан æмæ 6 сæдæ мин сомы. Уымæй дарддæр ма областы колхозонтæ, кусджытæ æмæ службæгæнджытæ Сырх Æфсады хъæбатыр тæхджытæн хæстон хæдтæхджыты эскадрили «Советон Гуырдзыстон» саразыны тыххæй радтой 12 милуан æмæ 4 сæдæ мин сомы бæрц. Ирон адæмы æхсарджын фырттæ тох кодтой, цæмæй нын бахъахъхъæдтаиккой нæ цард, нæ сæрибардзинад. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта, фæлæ дзы бирæтæ сæ цард æрхастой Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрвæлтау. Æмæ махæн абоны æмæ фидæны фæлтæртæн дæр, сæ рухс ном цæрдзæнис нæ зæрдæты.

Дыгъуызты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.