Ахæм масштабон гоймаджы 100-азон юбилей дæр аивгъуыдта, информацион, культурон тыгъдады нæ разынгæйæ – нæдæр сфæлдыстадон изæртæ, нæдæр ахъаззаг æмæ æмбæлон мадзæлттæ… Цæмæн афтæ æвæлмас у не сфæлдыстадон элитæ, Ирыстоны кад чи сбæрзонд кодта йе ‘нæмæлгæ уацмыстæй, уымæ? Цæмæн æвдисы ахæм ахаст намысджын нæмттæм – уый хицæн ныхасы аккаг у æмæ мæ нæ фæнды зынгæ æмæ райдзастзæрдæ адæймаджы тыххæй фыст æрмæджы уыдæтты тыххæй дзурын. Уадз æмæ рохуаты баззайæг юбилей махæй алкæмæн дæр уайдзæф суа – фысджыты цæдисæн, æхсæнадæн, национ хæзна чи нæ нымайы, уыдонæй алкæмæн дæр… 

Хацырты Сергейы стъалы ирон литературæйы æрвгæрæны сæрттывта ивгъуыд æнусы 40-æм азты.  Зынгæ ирон поэт, прозаик, драматург, публицист, литературон критик, йæ ныхæстыл фыст зарджытæ æцæг адæмон зарджытæ сис-ты. Уый райгуырди сурæтхуыз Чысангомы 1 мартъийы дард 1918 азы. «Дада сидзæрæй сырæзт, дыууæ азы йыл цыди, йæ мад куы амард, уæд, – радзырдта нын йæ фæдон Цоциты Аннæ. – Йæ нанайы æвджид баззад æмæ йæ царды фæндаг йæхæдæг арæзта – кæрдзыны мур мыздыл фыййауæй куыста, суг саста, хæдзары уæззау куыстытæ кодта, фæлæ уæддæр уыдис стыр оптимист, цардыл цин кæнын зыдта æмæ уыимæ иумæ бындурæвæрæг хæзнатæй сæйрагдæртæ равзарын дæр базыдта». Ӕрыгонæй ацыди Дзæуджыхъæумæ цæрынмæ, уым фæцис каст педагогон техникум, фæстæдæр райста уæлдæр ахуырад æмæ аспирант дæр уым уыди. Цæгат Ирыстоны педагогон институты Калоты Хазби, Цæгæраты Максим æмæ ма æндæр зынгæ поэттæ æмæ фысджытимæ ахуыр кодта иу курсы. Куыста газет «Рæстдзинады» редакцийы, æмдзæвгæтæ фыста, литературæйæн йæ зæрдæ лæвæрдта. 40-æм азты райдианы сфæлдыстадон адæмы æхсæн Хацырты Сергей зындгонд уыдис. Йæ ныхæстыл фыст зарджытæ æххæст кæнын райдыдтой хуыздæр зарæггæнджытæ. Йе сфæлдыстады ног ахорæнтæ фæзынд, Хуссар Ирыстонмæ куы æрыздæхт, уæд.  Æрцыди ардæм 1955-æм азы æмæ кæронмæ ам баззадис. Рауагъдад «Ирыстон»-ы редактор, радиокомитеты литературон-музыкалон хайады редактор, журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы редактор – Хацырты Сергейæн бантыст Хуссар Ирыстоны хуыздæр сфæлдыстадон коллективтæй алкæцыйы дæр ирд, индивидуалон фæд ныууадзын.

«Йе ‘мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд Хуссар Ирыстоны рацыдис 1988 азы, – фыста йæ мысинæгты Харебаты Леонид Хацыры фырты 95-азон юбилейы хæдразмæ, – Прозæ æмæ драматургийы чингуытæ йын куыннæ уыдис, фæлæ йæ поэтикон æмбырдгондыл уæлдай цин кодта. Æниу, нæ литературæйы иу ахæм жанр нæй, йæ тыхта кæм нæ бавзæрста æмæ диссаг у, æвæдза, фæлæ зын зæгъæн у, кæцыйы сæ тыхджындæр уыдис. Мадæлон æвзагыл дæсгай пьесæтæ ныффыста – се ‘ппæт мыхуыргонд не сты, – фæлæ æрдзæй хæдæфсарм уыдис æмæ  нæ домдта, цæмæй йын сæ ныммыхуыр кæной. Махæй ничи рацыдаид йæ ныхмæ, уымæн æмæ, фыццаджыдæр, йæ алы уацмыс дæр мыхуыры аккаг у, дыккаджы та, уæлдай зæрдиаг ахаст гуырын кодта йæхæдæг. Сфæлдыстатон зылдты коллегæтæ ахæм ахастæн иттæг стæм хатт фенæн ис».

Хацырты Сергейы сфæлдыстады хицæн бынат ахсы роман  «Хæхты фæдисон». 1905-1907 азты реалон царды цаутыл, реалон прототипты фæлгондзтимæ фыст роман авторы хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ уыдаид иу чиныгæй. Рауадис та дзы трилоги.  «Ӕхсæвыгон дуар чидæр бахоста, – мысы Цоциты Аннæ, – уый уыди нæ сыхаг, Тъотъоты Валодя. Растдæр къæсæрæй мæстыгæрæй дадайы фæджих кодта: «Ӕз дæ  хорз адæймаг куы æнхъæлдтон, мæ ды та…?». Йæ цæссыг тыххæй урæдта. Дада ныууыргъ ис. Фæлæ сыхаг не ‘нцад: «Цæмæн амардтай Васойы?»… Цыбыр ныхасæй, сыхаг лæг дадайы чиныг «Хæхты фæдисон» бакаст æмæ тынг хъынцъым кодта, романы кæроны сæйраг хъайтар мæлæтдзаг цæф кæй фæцис, ууыл.. Тъотъоты Валодяйы  бон нæ уыд ахæм кæронимæ сразы уæвын. «Хæхты фæдисон» адард кæныны хъуыды дадамæ райдианы нæ уыдис. Цасдæр рæстæг баулæфыны фæнд кодта.  Фæлæ Валодяйы ныхæстæй йæ зæрдæ суынгæг. Æмæ уæд йæ роман дада адард кодта. Иннæ сæргондты рабæрæг, Хуыбиаты Васо уæззау цæф фæцис, фæлæ нæ амард. Кæй зæгъын æй хъæуы, сыхагыл фырцинæй хур ракаст!».

Хацырты Сергейы сфæлдыстад бирæвæрсон у. Ивгъуыды заманы цаутæ, æмдугонты, æмæ ма цæрæгойты фæлгондзтæ дæр, ссарæн ис аивадон дзырды дæсныйы сфæлдыстады. «Йæ уацмыс «Мила»-йы ахæм тыхджын тæлмæнгæнæг куыдзы фæлгондз сарæзта æмæ чиныгкæсæг хъуамæ фæджих уа æмæ зæгъа – уый гæнæн нæй æмæ куыдз уыйбæрц хъуыдыгæнæг æмæ æмбаргæ разына, зæгъгæ», – фыста  Харебаты Леонид.

Фыссæджы бирæвæрсон сфæлдыстады хицæн бынат ахсы йæ лирикæ. Советон дуджы тынг популярон уыдысты йæ ныхæстыл фыст зарджытæ «Горæты фембæлдтæн чызгыл», «Удæнцой» («Арф кæмтты Леуахи зилы»), «Зæрдæ, зæрдæ» æмæ æндæртæ. Йе ‘мдзæвгæтыл зарджытæ фыстой зындгонд ирон композитортæ Плиты Христофор, Хæбæлаты Зинаидæ, Кокойты Тæтæрхъан, Хаханты Дудар, Харебаты Тимур æмæ æнд. Уыцы зарджытæ зарыдысты Билаонты Долорес, Мамсыраты Тасолтан, Харебаты Тимур, Харебаты Вадим, Цоциты Аннæ, ансамблтæ «Бонвæрнон», «Цин» æмæ æндæр зындгонд зарæггæнджытæ æмæ коллективтæ. «Сергей Иваны фырты æз нымайын аргъауы хорззæрдæ кæлæнгæнæгыл, – дзуры музыкант, зар-джыты автор æмæ æххæстгæнæг, Дзабион Лаура. – Йæ лирикæ ком-позиторты йæхæдæг хуыдта музыкæ фыссынмæ. Йæ зарджытæ дæсгай азты дæргъы хъуыстысты Ирыстоны цæгатаг æмæ хуссайраг сценæтæй, радиойы, телеуынынады. Мæхæдæг дæр йе ‘мдзæвгæтыл «Фæсмон», «Фæндаджы фарн» æмæ «Цæуын, цæуын» музыкæ ныффыстон…Хацырты Сергей уыдис æгæрон рухс æмæ уарзондзинад хæссæг адæймаг. Йæ уыцы миниуджытæ нын йæ ацыды фæстæ дæр нæ зæрдæтæ хъарм кæнынц».

Хацырты Сергейы сфæлдыстад литературон тæлмацтæн дæр у – егъау тыгъдад – ахæм у РХИ-йы сгуыхт журналист Турманты Фатимæйы хъуыды. «Диссаджы рæсугъд æмæ хъæздыг ирон æвзагæй, фæлгондзджын æвзагæй фыст у йæ поэзи. Фыццаг бакастæй хуымæтæг рæнхъытæ –  æцæгдзинадæй та хуымæтæг не сты, – зæгъы Фатимæ. Тæлмац кæнын сæ куы райдайы адæймаг, уæд уайтагъд æмдзæвгæты уыцы миниуæг рабæрæг вæййы. Цас хæрзгъæддæр у поэзи, уыйбæрц зындæр тæлмацгæнæн у. Хацырты Сергей у æцæг адæмон поэт æмæ диссаг дæр нæу, йæ тексттæ фольклорон тексттимæ арæх кæй хæццæ кæнынц, Хацырты Сергейы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæм хъусгæйæ. Сергей уыди ивгъуыд фæлтæртæ «уæздан» кæй хуыдтой, уыцы адæймæгтæй сæ иу. Æнахуыр хæрззæрдæ, хæрзуаг адæймаг. Абон дзы загътаиккой этнопсихологтæ, зæгъгæ, ирон адæймаджы хуыздæр миниуджытæ баиу сты дуджы раззагдæр идейæтимæ – кавказаг удыскондæй дард чи у, ахæмтимæ – æмæ «бафидыдтой».

Йемæ зонгæ уæвыны амонд мæм æрхаудта. Йæ тæмæссаг хъармдзинады тынтæй рæвдыдта, йæ хæдзармæ-иу чи фæуазæг, уыдонæй алкæй дæр. Уыцы хæдзары дуæрттæ æдзухдæр уыдысты гом æмæ ирон культурæйы ахъаззаг номхæссæг уазджытæй йедзаг. Аивады дуне у ерысы дуне. Сергей уыди стæм хатт æмбæлæг адæймаг ам дæр. Сыгъдæгзæрдæйæ цин кодта йе ‘взонг коллегæты æнтыстытыл æмæ сын хъуыддагæй, уынаффæйæ æххуыс кодта. Æвæццæгæн, англисаг аристократтæ йæ сæхионыл банымадтаиккой – æцæг джентльмен Сергейæн æрдзон аристократизм йæ туджы уыдис. Фæлæ ирон уыди. Æмæ уый та зыны йæ алы рæнхъы, йæ зæрдæйæ фыст æмдзæвгæты энергетикæйы. Уымæн æмæ иннæ курдиатджын адæймæгтæй хъауджыдæр Сергей цæргæ куыд кодта, фысгæ дæр афтæ кодта».

Джыккайты Хсар, РХИ-йы Адæмон артист, легендарон «Бонвæрнон»-ы бындурæвæрджытæй сæ иу, Хацырты Сергеимæ бахæлар ис ивгъуыд æнусы 80-æм азты. «Сабибонты ирон литературæ æмæ поэзийæн мæ зæрдæ нæ дæттон. Скъола æмæ хицауад мын иунæг æфсон дæр нæ радтой мадæлон æвзаг ахсджиаг æмæ престижоныл нымайынæн. Ӕниу, абон дæр уавæр нæ фæивта…Ирон æвзаг нымайын райдыдтон «Бонвæрнон» æмæ ирон рок-музыкæйы райдайынимæ, – мысы Хсар. – Фæлæ Хацырты Сергеимæ (ме ‘рдхордыл æй нымайын)  базонгæйæ 10 азы раздæр мæ хъустыл æрцыд цыдæр фыссæджы кой, кæцы ирæттыл ныффыста цыдæр роман æмæ йын хорзæх радтой æви йæ бафхæрдтой, бæстон æй ничи зыдта… Дзæвгар рæстæджы фæстæ базыдтон, уыцы романы сæргонд кæй уыди «Хæхты фæдисон». Хъуамæ йæ æмбарæм æмæ зонæм, уыцы рæс-тæджы Гуырдзыйы æгъатыр цензурæйы амæттаг-иу кæй уыди 1920 азы ирæтты геноциды тыххæй цыфæнды историон кæнæ литературон иртасæн куыст…

Мах базонгæ стæм æмæ æрдхæрдтæ систæм 80-æм азты – ирон рок æмæ «Пиковая дама»-йы бæрзæндтæй мæ ирон хицауад зæхмæ куы «æрыппæрстой»” æмæ «Адæмон ныхас»-ы уæнг куы сдæн, уæд. Гъеуæд базыдтон, Хацырты Сергейы аудындзинад хъуыддагæй кæй банкъардтой национ фысджыты æнæхъæн плеядæ: Исидор, Таймураз, Скифирон… Ирон литературон жанрты активисттæн ме ‘рдхорд уыдис сæ зондамонæг, сфæлдыстадон адæмы монон терапевт. Ӕххæст «интернационализмы» рæстæджы ирон нацийы сæрыл дзурын Гуырдзыстоны чи нæ тарст, уыцы чысылнымæц адæймæгтæй сæ иу! Абон чидæртæ, æвæццæгæн, фæрсдзысты, зæгъгæ, ахæм ныхæстæ дзурынæн диссаджы хъæбатырдзинад цæмæн хъуыдис? Уыцы темæйыл хъуыды кæнын дæр нæ уæндыдысты адæмæн сæ фылдæр! Чифæнды дæр лæмбынæг куы æркæса уæды рæстæджы периодикæмæ, уæд лупæйы æххуысæй дæр дзы нацийы бартыл, нацийы иудзинадыл дзурæг иу ныхас  не ссардзæн… Алыварсон интеллигентон æхсæнады «нымыгъд» ныхас та стæм нæ уыдис… Уыцы «сфæлдыстадон» зылдты знæт царды азтæ арвитгæйæ,  æххæстæй сæ зыдта – хорзæй-æвзæрæй. Фæлæ никуы, иу хатт  никæй тыххæй  сдзырдта иу зылынгæнæг ныхас дæр…

Чысыл раздæр интернеты цымыдис кодтон, зæгъын, цы фыссынц, цавæр справкæтæ балæвæрдтой  ирæттæ Википедимæ нæ национ фыссæджы æмæ поэты историйы фæдыл. Ирæттæ – ницы! Æндæр адæм, æндæр рауагъдадтæ – О! Уыдон балæвæрдтой йæ романтæ «Чысангом» «Хæхты фæдисон»-ы фæдыл справкæтæ…

Хацырты Сергей нæ уыди цытуарзаг æмæ йæхи нæ хъарыди йæ адæмæн. Сыгъдæгзæрдæйæ нымадта афтæ, зæгъгæ, адæм сæхæдæг хъуамæ саргъ кæной сæ культурон æнтыстытæн. Цыма кæронмæ йын нæ бантыст йæ хъуыдытæ райхалын, афтæ мæм фæкæсы хатгай. Зыдта, царды фæстæ Ирыстоны царды цыд цавæр уыдзæн. Бирæ рæстæг нæ рацыд йæ ацыды фæстæ. Фæлæ уыцы азтæ фаг уыдысты нæ культурон æмæ литературон æхсæнадæн иу хатт уæддæр исты хуызы Литераторы ном ссарынæн. Исты, зæронд газеттæй сисгæ фыстæджытæй хъауджыдæр… Хацырты Сергей уыди æцæг ирон – ацы ныхасæн йе ‘ххæст тæлæны (смысл). Ирыстоны æмбæстаг уыдис. Æмæ у» …

Зынгæ литераторы 100 азы бонмæ йæ чызг Азау бацæттæ кодта æртæ хайæ музыкалон æмбырдгонд. Бацыдысты йæм Хацырты Сергейы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ – 1940 азæй абоны онг уыдон зæлынц Ирыстоны.

ЗÆГЪОЙТЫ Радæ,

Газет «Республикæ», 2019 аз

Дамбегти Иринæйы тæлмац

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.