Ацы ныхæсты автор у зындгонд поэт ӕмӕ фыссӕг, ӕхсӕнадон архайӕг Харебаты Леонид. 12 декабры ууыл сæххæст уыдаид 90 азы.

Цхинвалы районы администрацийы культурæйы хайады Централон библиотекæ æмæ Къостайыхъæуы библиотекæйы кусджытæ Харебаты Леониды райгуырдыл 90 азы сæххæсты цытæн бацæттæ кодтой мадзал. Мадзалмæ æрбацыдысты хъæуы цæрджытæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, æрхонгæ уазджытæ: профессор Плиты Гацыр, журнал «Фидиуæг»-ы редактор Годжыцаты Нелли, Харебаты Леониды фырт, нывгæнæг Харебаты Ацæмæз æмæ районы администрацийы минæвæрттæ.

Культурæйы хæдзары зал уыд бæрæгбонон фæлыст. Сценæйыл стыр дамгъæтæй фыст уыд «УАРЗ ДÆ ИРЫСТОН ÆМÆ ДÆ УЫЙ ДÆР УАРЗА» æмæ Харебаты Леониды портрет, залмæ бахизæны — поэты чингуытæ, къулыл та йæ цардвæндагыл дзурæг къамтæ.

Мадзаламонæг, Централон библиотекæйы директор Уалыты Нанули раарфæ кодта мадзалы архайджытæн. Зæрдыл æрлæууын кодта нырыккон политикон уавæры банысан кодта Ирыстоны хъайтар хъæбулты хайадист Украинæйы æфсæддон операцийы. Уый бахатыд залы бадæг адæммæ, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ.

Уый фæстæ Уалион мадзалмæ æрбацæуджыты цыбыртæй базонгæ кодта поэты биографиимæ. «Леонид уыд ӕцӕг адӕймаг, ӕцӕг патриот ӕмӕ поэт. Уый чысылӕй, стырӕй лӕггад кодта алкӕмӕн дæр ӕмӕ йын уыдон кад кодтой. Дунейы бирæ хорздзинæдтæй Леонид рахицæн кодта æртæ хорзы: æвзаг, уарзт æмæ кæй уыдзæн зæхх! — загъта Уалыты Нанули.

Харебаты Леониды сфæлдыстадыл дзырдта Централон библиотекæйы кусæг Хъазиты Маринæ. — «Харебаты Леониды адӕм фылдӕр бӕрцӕй зыдтой поэтӕй, фæлæ литературӕйы йӕ романтӕ „Уарзт æмæ денджыз“ ӕмӕ „Сыгъдысты зæрдæтæ“ ахсынц егъау бынат», — загъта Маринæ. Цыбыртæй радзырдта роман «Уарзт æмæ денджыз»-ы тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, роман афтæ ‘нтыстджын рауад, æмæ ма йæ æгæрыстæмæй, уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæм дæр ратæлмац кодтой.

«Мадæлон æвзагæн аккаг аргъ чи кодта, уыдонæй иу уыд Харебаты Леонид,» — загъта йæ раныхасы журнал «Фидиуæг»-ы редактор Годжыцаты Нелли.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Харебаты Леонид цымыдис кодта алцæмæдæр: уарзондзинад, паддзахады хъысмæт, адæмы ахастытæ, сывæллæтты цард, æмæ афтæ дарддæр. Кæстæр фæлтæрмæ уæлдай хъæрмуд зæрдæ кæй дардта, ууыл дзурæг сты, сабитæн кæй ныффыста уыцы цалдæр чиныджы. Уый фæндыд, цæмæй сæ рауайа фыдыбæстæйæн аккаг хъæбултæ, æмæ ууыл куыста йæ дзырды фарны тыххæй.

Леониды тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта профессор Плиты Гацыр: — Бирӕ хорз ныхæстæ загъд ӕрцыд Леониды тыххӕй. Чидæриддæр æй зыдта, уыдон ӕй бахъуыды кодтой хӕрзӕгъдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй. Цы сфӕлдыстадон бынтӕ ныууагъта, уыдон дзурынц поэты ӕгӕрон уарзондзинадыл йӕ райгуырӕн Ирыстонмӕ. Алчидæр æй уарзта æмæ йын аргъ кодта. Йæ ном та æнустæм цæргæйæ баззайдзæн, æнæзæрдæхудтæй цы ирон адæмæн фæлæггад кодта, уыдоны зæрдæты, — банысан кодта уый.

Поэты æмдзæвгæтæ: «Фыдыбæстæ», «Уарзын дæ», «Ирыстоны зæдтæ» æмæ æндæртæ аив бакастысты скъоладзаутæ: Хуыбиаты Аделинæ, Марат, Миланæ, Лохты Алина, Томайты Марик, Джиоты Кристинæ æмæ Арианнæ. Культурæйы хæдзары кафджыты хæдархайгæ къорд акафыд цалдæр кафты.

Юбиляры фырт Харебаты Ацæмæз, бузныг загъта мадзалмæ æрбацæуджытæн, йæ организатортæ æмæ хайадисджытæн æмæ библиотекæтæн балæвар кодта йæ фыды чингуытæ.

Дзебысаты Гуло